Республикæйы районты цæрджытимæ æрвылазон фембæлдтыты программæйы фæлгæтты Бибылты Анатоли фембæлд Ленингоры районы цæрджытимæ дæр. Фыццаграды фæуазæг Цъинагар æмæ уыцы зылды хъæутæм. Йæ кусæгон балцы рæстæджы йемæ уыдысты Ленингоры районы сæргълæууæг Гулиты Владимир, Республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан æмæ Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан.

Бибылты Анатоли адæмимæ фембæлды рæстæджы банысан кодта:

– Традицимæ гæсгæ та æз сымахимæ фембæлынæн рæстæг равзæрстон афæдзы фæуды, цæмæй мæхи цæстæй фенон, банысангонд плæнттæй реализацигонд цы æрцыд, æмæ ма дзы æнæарæзтæй цы баззад, æппæт уыдæттæ.

Куыд рабæрæг, афтæмæй хъæубæсты цæрджытæм разынд фаг зæгъинæгтæ, афæдзы дæргъы чи нымбырд, уыцы проблемæты фæдыл. Уыцы проблемæтæн сæ фыццæгтæй иу у æлхъывд газы баллонтæ бынатмæ фæхæццæ кæныны фарст, уымæн æмæ бынаты, нæ дæр Цъинагары, нæ дæр уымæ æввахс хъæуты ис æлхъывд газ самал кæныны фадат. Президент бахæс кодта æмбæлон службæтæн, цæмæй æрбалæугæ азы тæккæ райдианы самал кæной æлхъывд газæй йедзаггæнæн станцæ æмæ кæронмæ аскъуыддзаг уа ацы проблемæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, хъæууон лæджы, уæлдайдæр та быдырбæсты цæрæгæн сæйраг у хъæууонхæдзарадон техникæ. Ацы фарсты фæдыл дæр цæрджытæм разынд домæнтæ. Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан куыд загъта, афтæмæй хъæубæстæн лæвæрд æрцыд техникæйы цалдæр иуæджы.

– Цъинагары зонæйæн хъæууонхæдзарадон кусинæгты тыххæй лæвæрд æрцыд мæнæуæфснайæн комбайн, æртæ тауæны, иу дизелон гутон, æртæ сæрмагонд адæджы, æмæ иу уæззау мæрфæлдахæны. Фæлæ уæддæр ам ис хуымгæнæн техникæйы хъуагдзинады проблемæ æмæ ахæм техникæ дæр æлхæд æрцæудзæн æрбалæугæ азы, – загъта Мæргъиты Алан.

Куыд æндæр дæрддаг цæрæнбынæтты, афтæ та цъинагайрæгтæ дæр рахъаст код-той бынæттон телеуынынад исыны къуылымпыдзинад. Президент сæрмагонд хæслæвæрд бакодта Бастдзинады комитеты къухдариуæггæнæг Джиголаты Хасанæн, цæмæй аиуварс кæна уыцы цухдзинад.

Кæд Хуссар Ирыстоны дæрддагдæр цæрæнбынæттимæ абаргæйæ  Цъинагары зылды демографийы фарст хуыздæр уавæры ис, уæддæр ацы районы цæрджытæн дæр æвзонг бинонты фарсмæ реалонæй балæууын, паддзахадон хъусдард сæм аздахын у тынг актуалон. Ууыл разы у Президент йæхæдæг дæр.

– Хуссар Ирыстоны æрыгон бинонтæн æххуыс кæнын, уæлдайдæр районты – у иууыл актуалондæр фарст нæ республикæйы адæм æмæ къухдариуæгадæн. Мæн тынг фæнды, цæмæй æвзонг адæм цæргæйæ баззайой сæ фыдæлты уæзгуытыл, скæной бинонтæ, хъомыл кæной хъæбултæ. Нæ хæс у уыдонæн аккаг цæрæнуатон уавæртæ аразын. Уымæ гæсгæ æз сымахимæ нæ айразмæйы фембæлдтыты рæстæджы дзырдтон, цæттæ кæй дæн æвзонг бинонтæн цæрæнуатæй æххуыс кæнынмæ, – загъта Бибылты Анатоли.

Хъæуы цæрджытæ фембæлды рæстæджы рæгъмæ рахастой се мхъæуккаг Мæргъиты Станиславы фарст, кæцы æрæджы скодта бинонтæ, фæлæ æд сывæллон цæрынц кæйдæр хæдзары æмæ сæ фæнды, цæмæй сæхицæн балæууæндон уа Цъинагары хъæуы. Паддзахады сæргълæууæг хæслæвæрд радта, цæмæй сын балхæной, кæм цæрынц, уыцы хæдзар æмæ сын æй сцалцæг кæной. Бибылты Анатоли ныфс бавæрдта, ахæм фарстатæ дарддæр дæр скъуыддзаг кæй цæудзысты фæдфæдылонæй.

Хъæуы цæрджытæ республикæйы сæргълæууæгæн рахъаст кодтой, Цъинагарæй сын Ленингоры поселокмæ зын бафтæн кæй у, сæрмагонд транспорт сын кæй нæй, уый фæстиуæгæн.

Ацы проблемон фарст дæр фæстæдæрмæ нæ аргъæвта паддзахады сæргълæууæг, фæлæ бынаты хæслæвæрд радта районы хистæр Гулиты Владимирæн, цæмæй  ног къуырийæ фидаргонд æрцæуа ног транспортон маршрут Ленингорæй Цъинагары ‘хсæн.

Хъæубæсты проблемон у цардуагон лæггæдты аргъ фидыны фарст дæр. районы сæргълæууæг Гулиты Владимир ныфс бавæрдта, фарст кæй аскъуыддзаг уыдзæн ацы азы фæуды.

Цъинагары хъæуы кæдæй-уæдæй спортивон зал кæй сырæзт, уый æхсызгон куыднæ у хъæуы цæрджытæн, уæлдайдæр та – фæсивæдæн, фæлæ ма ам дæр ис аиуварскæнинаг цухдзинад, ифтонг нæма у хъæрмадæй. Гулиты Владимир куыд загъта, афтæмæй  ацы проблемæ аиуварс кæныны тыххæй республикæйы хицауад рахицæн кодта æхцайы фæрæзтæ сæрмагонд трансформатор балхæнынæн æмæ фарст ист цæуы боны фæткæй.

Президент Бибылты Анатоли йе ‘нæразыдзинад равдыста, ныр дыккаг аз ног хъæууон амбулатори эксплуатацимæ лæвæрд кæй нæ цæуы, уый фæдыл.

– Ацы хæс хъуамæ сæххæст кодтаиккой районы къухдариуæгад æмæ Æнæниздзинад хъахъ-хъæныны министрад. Кæд абоны онг амбулатори нæ кусы, уæд у уыдоны аххос дыууæрдыгæй дæр. Хъæуы ма дзы чысыл аразинæгтæ кæронмæ бакæнын, фæлæ сымахæн уе ‘хсæн нæй кæрæдзиæмбарынад æмæ медперсоналæн сæ бон нæу æмбæлон уагæй кусын. Йæ фæстиуæг, тыхсынц бынæттон цæрджытæ.

Бибылты Анатоли загъта, цæмæй Цъинагармæ æвæстиатæй æрцæуой Æнæниздзинад хъахъ-хъæныны министрад æмæ районы Администарицийы минæвæрттæ, кæцытæ хъуамæ баззайой бынаты, цалынмæ банысангонд проблемæтæ аскъуыддзаг кæной, уæдмæ.

Фембæлды рæстæджы Президентмæ цæрджытæ бахатыдысты сæ хисæрмагонд проблемæты тыххæй дæр. Цъинагайрæг-тæ куыд банысан кодтой, афтæмæй сын сæ уавæртæ бæрæг кæй фæрогдæр сты, республикæимæ сын сæ бастдзинад чи феввахсдæр кодта, уыцы фæндаг саразыны фæрцы. Кæд сæ раздæр Цхинвалмæ 6 сахаты цæуын хъуыдис, уæд ныр та автобусыл цæугæйæ дæр 2 сахатмæ вæййынц столицæйы. Бибылты Анатоли цъинагайрæгтæн куыд загъта, афтæмæй уынаффæ цæуы ацы ахсджиаг нысаниуæджы фæндаг асфальт дæр скæныны тыххæй.

Цъинагары хъæуы цæрджытимæ фембæлды фæстæ Президент æмæ йе ‘мбæлццæттæ сæ фæндаг акодтой Ленингоры поселокмæ. Ам дæр райцентры цæрджытимæ фембæлд ацыд æрвылазон традицион фæлгæтты. Фембæлды райдианы Бибылты Анатоли æрæмбырдуæвджытæн арфæ ракодта æрбалæугæ ног 2022 азы сæраппонд æмæ сын йæ цæст бауарзта æнæниздзинад, царды хæрзиуджытæ. Уый фæстæ æрсидт фембæлды хайадисджытæм, цæмæй рæстæгæй хуыздæр спайда кæныны тыххæй сæ куыст адарддæр кæной фарст-дзуаппы форматы, æмæ фыццаг фарстмæ нæ банхъæлмæ кæсгæйæ, йæхæдæг райдыдта Гуырдзыстонимæ арæныл хизыны фарсты тыххæй дзурын. Уый æрæмбырдуæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæныл фæхуымæтæгдæргонд фæткмæ гæсгæ ахизæн пункттæ æхгæд кæй æрцыдысты Знауыры районы Цънелисы хъæуы гуырдзиаг æнæзакъонон пост сæвæрыны фæстæ.

– Хъыгагæн, ацы проблемæ æнцон аскъуыддзаг кæнгæ æмæ æрмæст мæнæй кæнгæ нæу, куыд Хуссар Ирыстоны Президентæй, афтæ. Ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй æнæмæнг-хъæуæг у Гуырдзыстоны къухдариуæгадæн бауырнын кæнын, цæмæй сæ политикæ фæивой Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæм ахасты æмæ кæрон скæной провокацион архайдтытæн. Гуырдзыстоны территорийыл уын цы хæстæджытæ цæры, уыдоны тыххæй та мах æхсызгонæй сразы уыдзыстæм, цæмæй æрбацæуой ардæм æмæ цæрой сæхиуæттимæ иумæ. Махмæ царды æмвæзад бæрзонддæр у Гуырдзыстонæй æмæ æгуыст нæ уыдзысты, – загъта Президент.

Районы цæрджытæ бузныджы ныхæстæ дзырдтой Президентæн, куы йæм бахатынц, уæд сæ фарсмæ кæй балæууы æмæ сын, гæнæн уæвгæйæ, сæ домæнтæ кæй сæххæст кæны, уый тыххæй. Ныр та йæм бахатыдысты, цæмæй сæм арæзт æрцæуа улæфæн парк æмæ дзы сабитæн уа сæхи ирхæфсыны фадат. Райцентр æмæ уымæ æввахс хъæуты цæрджытимæ фембæлды фæстæ Президент азылд районы ахсджиагдæр цардуагон объекттыл. Бацыд рынчындонмæ. Уый медицинон уагдонæн балæвар кодта ног тагъд æххуысы машинæ уæрæхдæргонд фадæттимæ. Фембæлд медперсоналимæ æмæ лæмбынæгдæр базонгæ рынчынтæн хос кæныны уавæртимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.