Мæскуыйы уагъд æрцыд æмхæццæ æмбуар хæстæй дунеон турнир «Hardcore Fighting Championship». Йæ тохы æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз клуб «Скиф»-ы минæвар Цхуырбаты Георги. Ирон спортсмен дыккаг раунды нокауты арвыста Бекхан Мальсаговы, кæцы уый размæ никуы фембылды. Цхуырбайы фыртæн йæ профессионалон карьерæйы ацы уæлахиз ссис цыппæрæм.

ХОККЕЙ

Хоккейон клуб «Аланские барсы» фыццаг бынат бацахста 2008 азы гуырд спортсменты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылд æмæ Хуссар Федералон Зылды чемпионаты II этапы. Командæ цы цыппар хъазты акодта, уыдонæй рамбылдта æртæйы. Дарддæр та Ирыстоны æвзонг хоккеисттæ хъаздзысты чемпионаты финалон III этапы.

БОКС

Боксы прогрессы центр йæ тренировкæтæуадзæн базæ хъавы Дзæуджыхъæуы «Водный станц»-ы районы саразын. Уый тыххæй хъусын кæны РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Коцты Сергей.

«Нысанон у Дзæуджыхъæуы боксы прогрессы центр саразын. Ныртæккæ цалдæр бынаты ‘хсæн æвзарæм кæм хуыздæр уаит йæ саразын, ахæм бынат. Æвæццæгæн, равзардзыстæм «Водный станц»-ы район. Дарддæр кусдзыстæм ацы фарстайыл. Фылдæр уыцы хъуыддаг баст у инвесторыл», – банысан кодта министр.

Центры арæзтады тыххæй фехъусын кодтой ацы аз уалдзæджы. Уым сæхи цæттæ кæндзысты бæстæйы командæтæ. Арæзтады тыххæй дзырд цыд РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Уæрæсейы боксы федерацийы генералон нымæрдар Кирилл Щекутьевы фембæлды рæстæджы.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.