Республикæ Хуссар Ирыстоны районты цæрджытимæ æрвылазон фембæлдтыты фæлгæтты Президент Бибылты Анатоли фембæлд горæт Къуайсайы цæрджытимæ, кæцыйы рæстæджы æруынаффæ кодтой горæт æмæ уымæ æввахс хъæуты рæзты фарстытыл.

Фембæлды хайад райстой Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей, горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Геннади, æхсæнады минæвæрттæ. Фембæлд уагъд æрцыд Культурæйы хæдзары, цыран  Бибылты Анатоли къуайсайæгтæн раарфæ кодта æрбалæугæ Ног азы цытæн. «Айсут мæ иууыл зæрдæбындæр арфæтæ æрбалæугæ Ног 2022 азы цытæн! Ацæугæ аз уыд вазыгджын, фæлæ уæддæр ссис продуктивон æмæ динамикон куысты аз. Разæй нæм æнхъæлмæ кæсынц ног хæстæ, кæцытæн сæ сæйрагдæртæ сты хъæууон хæдзарады рæзт, æмбæстæгты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæнын, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады модернизаци. Мæ зæрдæ уын зæгъы Ног азы снысангонд плæнттæ сæххæст кæнын, уадз, Ног азы уæ алы бон дæр йемыдзаг уæд хорз цаутæй. Фидар æнæниздзинад, сабырдзинад, амонд, бинонты уарзондзинад æмæ кæрæдзиæмбарынад», – загъта уый.

Бибылты Анатоли радзырдта горæт Къуайсайы раз сæвæргæ хæстæ сæххæст кæныны æмвæзады тыххæй, кæцытæ сæ фылдæр скъуыддзаг æрцыдысты, æмæ иннæтæ та сты реализацийы процессы. «Махæн нæ бон ссис иууыл ахсджиагдæр фарстытæ аскъуыддзаг кæнын. Уыдон сты Гуфта-Къуайсайы   фæндаджы цалцæг, бирæфатерон хæдзæрттæн сæ фылдæрæн сæ уæлхæдзæрттæ ивд æрцыдысты, практикон æгъдауæй скъуыддзаг æрцыд донифтонгады проблемæ, горæты уынгты арæзтад, электрохæххыты раивыны фарст. Иннæ азы план цæуы горæт Къуайсайы Культурæйы хæдзары цалцæггæнæн куыстытæ сæххæст кæнын», – загъта Бибылты Анатоли.

Районы аскъуыддзаггонд фарстыты ‘хсæн сты: Киров-Къоз, Къуайса-Бубы æмæ Соскинеты хъæуы фæндаджы цалцæг, Гулиантæ æмæ Бестаутыхъæуы донуадзæн хæххыты цалцæг, Фæзыхъæуы хъæууон администрацийæн вагæтты монтаж æмæ равæрд.

Цæрджытæ фарстытæ лæвæрдтой горæты цæрæн фонды ногæй адих кæныны тыххæй. Къуайсайæгты ныхæстæм гæсгæ, бирæ фатертæ фыст сты ахæм æмбæстæгтыл, кæцытæ горæтмæ æрцæуынц æрмæстдæр сæрды, æмæ иннæ рæстæджыты та сты афтид. Уыцы иурæстæджы горæты æппынæдзух чи цæры, уыцы бинонтæн та нæй сæхи фатертæ. Къуайсайы цæрджытæ ма Президентæн рахъаст кодтой техникон кусджытæн чысыл куыстмыздтæ кæй ис, уый тыххæй. Бибылты Анатоли бамбарын кодта, зæгъгæ, техникон кусджытæн сæ куыстмызд фæфылдæр фæцæрыны минимумы онг, æмæ сын уæлхыгъд сараздзысты сентябры мæйæ.

Йæ рады паддзахады сæргълæууæг равдыста йæ катайдзинад, къухдариуæггæнджытæ бынаты сæ дæлбар кусджытæн кæй нæ бамбарын кæнынц паддзахадон службæгæнджытæ, бюджетон æмæ техникон кусджытæн куыстмызд фæфылдæр кæныны æппæт аспектты тыххæй, нæ сын раттынц информаци, цы бафыстытæ сæм æмбæлы, уыдоны тыххæй.

«Куыд уынын, афтæмæй, къухдариуæггæнджытæ сæ дæлбар кусджытæн не ‘мбарын кæнынц, уыдон цахæм куыстмызд хъуамæ райсой, уый тыххæй. Сымахæн уæ бон кæд нæу техникон кусджытæн уæлхыгъд саразыны фæдыл фарстæн сдзуапп кæнын, уæд сымах нæ кæсут Хицауады уынаффæтæ, нæ цымыдис кæнут уæхæдæг дæр æмæ цæрджытæн дæр уæ бон нæу бамбарын кæнын», – загъта Президент горæт Къуайса æмæ Дзауы районы администрациты сæргълæуджытæн.

Уый бахæс кодта Президенты Администрацийæн, цæмæй æмбæлон куыст бакæной æмæ районты сæргълæуджыты базонгæ кæной Хицауады уынаффæтимæ, кæцытæ хауынц куыстмызд фæфылдæр кæныны фарстмæ. Президент ма æрдзырдта республикæйы тыхон структурæты кусджыты куыстмызды фарстыл æмæ банысан кодта, зæгъгæ, 2022 азы январæй фæфылдæр уыдзæн ацы структурæты куыстмызд.

Бибылты Анатоли хъусдард аздæхта вакцинацийы темптæ фæтыхджындæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ. Уый æмбæстæгты зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, вакцинаци хъæуы æрмæст хи бахъахъхъæныны тыххæй нæ, фæлæ сæ алыварс адæмы бахъахъхъæныны тыххæй дæр. «Дзырд цæуы уæ царды, уæ æдасдзинады, уе ‘нæниздзинады  æмæ боныфæстагмæ уæ бинонты, уæ хиуæтты тыххæй. Республикæйы вакцинацийы ныллæг æмвæзад æркæны тæссаг фæстиуджытæм. Абон КОВИД-19-æй Республикæ Хуссар Ирыстоны мæлындзинады статистикæ у 188 адæймаджы», – загъта уый.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг вакцинæйыл æууæнкдзинадыл дызæрдыггæнæн нæй. «Æз рацыдтæн вакцинаци. Æрæджы тест радтон антителаты тыххæй, титр бæрзонд у, фæлæ план кæнын æмбæлон рæстæджы ревакцинаци рацæуын. Махæн ис æрмæстдæр дыууæ амалы ацы рæстæджы: фæрынчын уæвын кæнæ та вакцинаци рацæуын, фæлæ хуыздæр у вакцинæ саразын. Цæмæн хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм низмæ æмæ йæ уæззау фæстиуджытæм», – бафиппайдта уый.

Президент Къуайсайы цæрджытæн фехъусын кодта горæты рынчындонæн ног реанимобиль кæй самал кодтой, уый тыххæй. «Мах самал кодтам цыппар ног ифтонггонд автомобилы. Уыдонæй дыууæ сты Дзауы районæн. Иу – Дзауы райцентрæн, иннæ та – Къуайсайæн. Иууыл æввахсдæр рæстæджы уыдон уыдзысты республикæйы», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Цæрджытимæ фембæлды рæстæджы ма Бибылты Анатоли дзуаппытæ радта къорд сæрмагонд фарстытæн, кæцытæ хауынц арæзтадмæ, финансон æххуыс бакæнынмæ, хоскæ-нынмæ арвитынмæ.

Президент план кæны, азы кæронмæ традицион чи ссис, уыцы фембæлдтытæ республикæйы иннæ районты дæр ауадзын.

***

Президент Бибылты Анатоли хайад райста горæт Къуайса æмæ Кировы хъæуы ногазон назбæлæстæ бакæныны цытджын церемонийы. Бæрæгбонон мадзæлтты ма хайад райстой Дзауы районы æмæ горæт Къуайсайы администрациты сæргълæуджытæ Джиоты Андрей æмæ Бæззаты Геннади. Къуайса æмæ Кировы хъæуы скъолаты кæстæр кълæсты ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой бæрæгбонон программæ, цыран равдыстой вокалон æмæ кафты номыртæ. Горæт Къуайсайы мадзалмæ æрбацæуджытæн ма равдыстой ногазон аргъау хæлардзинад фыдæхдзинады ныхмæ тох кæныны темæйыл. Бибылты Анатоли æппæт æрæмбырдуæвджытæн Ног азы цытæн раарфæ кæнгæйæ, æрсидт скъоладзаутæм, цæмæй уой коммæгæс æмæ се ‘нтыстытæй рухс кæной сæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты зæрдæтæ.

«Мæ зæрдæ уын зæгъы сабырдзинад æмæ амондджын мидбылхудт. Ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæн та – стыр æнтыстытæ ног азы», – загъта уый.

Ногазон программæйы кæрон Кировы æмæ Къуайсайы скъолаты хъомылгæнинæгтæ Президенты номæй райстой ногазон лæвæрттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.