Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæйы.

Паддзахады сæргълæууæг Иринæйæн раарфæ кодта юбилейы цытæн, йæ цæст ын бауарзта æнæниздзинад æмæ дарддæры æнтыстытæ.

«Хуссар Ирыстонæн иууыл уæззаудæр азты информацион фадыджы кусгæйæ, ды, аргъ кæмæн нæй, ахæм хайбавæрд бахастай нæ республикæ æндидзыны хъуыддагмæ», – загъта уый.

Журналистикæйы фадыджы æмæ активон æхсæнадон-политикон архайды стыр сгуыхтдзинæдты тыххæй Бибылты Анатоли Гаглойты Иринæйы схорзæхджын кодта Хæлардзинады орденæй.

«Бузныг дын,  цы куыст кодтай, уый тыххæй», – загъта Президент.

Йæ рады, Гаглойты Иринæ бузныджы ныхæстæ загъта паддзахады сæргълæууæгæн йæ арфæты тыххæй æмæ ныфс бавæрдта, дарддæр дæр Республикæ Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн кæй кусдзæн.

РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.