Фæстаг рæстæджы Гуырдзыстоны Уæрæсейы Федераци æмæ йæ  къухдариуæгады ныхмæ, уæлдайдæр та Президент Владимир Путины ныхмæ цы истери райтынг, уый у гуырдзиаг хицауиуæгады æнæсæрфат ми. Уыдон æй не ‘мабарынц, цы суадонæй нуазынц, уый змæнтын кæй нæ хъæуы. Уый нæ, фæлæ ма Уæрæсейы дæлдзиныг кæнынмæ хъавынц дунеон æмæхсæнады раз дæр, хонынц æй оккупант, агрессор. Афтæмæй та æппæт уыдæттæ аразæг Гуырдзыстон йæхæдæг у.

Гуырдзыстонæн Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины ныхæстæ зондамонæн бæргæ сты, фæлæ гуырдзиæгты лидертæ уыцы ныхæстæй пайда кæнын нæ базыдтой раджы дæр æмæ ныр дæр. 

Ныр дæр та Уæрæсейы Федерацийы куырыхон сæргълæууæг Владимир Путин бæргæ амоны Гуырдзыстоны «зондджын» къухдариуæгад æмæ политиктæн, цæмæй сæ сыхæгты историмæ лæмбынæгдæр æркæсой, сахуыр æй кæной æмæ æрвылхатт сæ æнæраст æмæ æнæхъола ныхæстæй ма пайда кæной дунеон дзыллæйады раз. Гуырдзиаг политиктæн Владимир Путины амынд дæр уый у. Уый, Гуырдзыстоны мидполитикон уавæр чи змæнты æмæ Уæрæсейы Федерациимæ ахастытæ фæкарздæр кæныныл чи архайы, сæ уыцы, афтæ хуыйнæг, политиктæм æрсидт, цæмæй сæ зæрдыл æрлæууын кæной истори æмæ ахъуыды кæной,  Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ Гуырдзыстоны ахастытæ куыд æрнывыл кæной, ууыл.

 «Гуырдзыстоны Уæрæсейы ныхмæ ахастытæ карз кæнынц уыцы адæймæгтæ, кæцытæ æппындæр ницы зонынц, кæнæ та кæд зонынц, уæддæр сæхи ницызонæг скæ-нынц. Уыцы адæймæгтæ зиан кæнынц Гуырдзыстонæн йæхицæн дæр  æмæ сæ адæмæн дæр».

Уый æрхаста историон цаутæ дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстон æнæхъæнæй, куыд хæдбар паддзахад, афтæ Уæрæсейы империмæ бацыд XVIII æнусы фыццаг æмбисы, Абхаз дæр Уæрæсейы империмæ бацыд, куыд княжество, афтæ.

«Уый фæстæ иууон паддзахады фæлгæтты æрцыдысты ахæм цаутæ: Ирыстоны хуссар хай, куыд паддзахад, афтæ баиу кодтой Тифлисы губернимæ. Уæд Гуырдзыстонæн йæ кой дæр нæ уыд, Абхаз та – Уæрæсейы импери куы фехæлд, уæд. 1918 азы Фыццаг дунеон хæсты фæстæ йæ Гуырдзыстон Германы æфсады фарсхæцынады руаджы аныхъуырынмæ куы бахъавыд, уæд Абхазы соккупаци кодта, уымæй дæр оккупанттæ сæхи дардтой тынг карз. Бынтон карздæрæй та гуырдзиаг хæстонтæ архайдтой Ирыстоны хуссар хайы ирæтты ныхмæ 1919-1920 азты», – журналистты зæрдыл æрлæу-уынæн банысан кодта Владимир Путин. Уæрæсейаг лидер фехъусын кодта, оккупант æмæ агрессор чи уыд, уый.

Уæрæсейы Президент куыд банысан кодта, афтæмæй «уый у, абон геноцид цы хонынц, уый».

«Æппæт уыдæттæ хъуамæ зониккой Гуырдзыстоны абоны хицауиуæгад æмæ йæ ма рох кæниккой, Хуссар Ирыстон æмæ сæ Абхазимæ сæ ахастытæ æрнывыл кæнын куы фæндид, уæд». 

Æниу, Гуырдзыстонæн йæ мысынад цыбыр у, пайда йын цы у, уый йедтæмæ йæ ферох вæййы æппæт дæр.

Советон Цæдисы рæстæджы Абхазы социалистон республикæйы скондмæ бадзырды бындурыл абоны Гуырдзыстон кæй бацыд, уый дæр, æвæццæгæн, нæ хъуыды кæны гуырдзиаг хицауиуæгад, фæлæ та уый тыххæй дæр Владимир Путин, гуырдзиæгты зæрдыл æрлæууын кæнынæн, радзырдта журналисттæн.

Диссаг уый у, æмæ Путин куыд банысан кодта, афтæмæй, Сталины рæстæджы Гуырдзыстон Абхазимæ цы бадзырды бындурыл баиу, уый зыгъуыммæ ивд æрцыд, документты афтæ æрзылдтой, цыма Абхаз бацыд Гуырдзыстоны социалистон республикæйы скондмæ.

«Диссаг уый у, æмæ нæ барадхъахъхъæнджытæ сæ хъус никуы æрдарынц, Сталины барамындæй НКВД Берияимæ цы карз мадзæлт-тæй архайдтой абхазæгты ныхмæ, сæ территори æмæ сын сæ адæмы аныхъуырыны ныса-нæн», – загъта Владимир Путин.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, «уыцы фактты хынцгæ нæ, фæлæ сæ мурмæ дæр не ‘рдардта нырыккон  Гуырдзыстоны фыццаг президенттæй сæ иу, Ачъара æмæ Абхазы автономитæ куы аивта, уæд». «Æппæт уыцы факттæ æркодтой æфсымæрон хæстмæ æмæ тугкалдмæ».

Уæрæсейы Президент журналистты хъусдард аздæхта 2008 азы августы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы цаутæм дæр. Банысан кодта, дыууæ республикæйы хæдбардзинæдтæ цы нысанæн нымад æрцыдысты, уый дæр.

«Йæ рæстæджы æз дзырдтон Гуырдзыстоны уæды президент Михаил Саакашвилийæн: Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ мацы хуызы спайда кæнут хæстон архайдтытæй, афтæ дзырдтон Америкæйы иугонд штаттæн дæр, фæлæ – нæй, нæ мын байхъуыстой мæ ныхæс-тæм æмæ сæм бабырстой. Уыцы хæсты фæстиуæг бæрæг у. Цæмæй ацы республикæты адæмы бахъахъхъæдтаид, уый тыххæй Уæрæсе-йæн æндæр гæнæн нал уыд, æмæ банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадты хæдбардзинад», – загъта Владимир Путин.

Осиаты Индира

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.