Ацы азы 8 июлы Люксембургы уагъд æрцыд æрвылазон ЕÆÆО-йы Парламентон ассамблейы 28-æм сессийы кæронбæттæн рабадт. Афæдзон декларацийы фæлгæттæм бахаудтой цалдæр уагæвæрды Уæрæсейы ныхмæ. Уыдоны ‘хсæн ис, гуырдзиаг парламентари София Кацарава цы резолюци бацæттæ кодта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны республикæты тыххæй, уый.  Резолюцийы æфхæрд цæуы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæты Уæрæсейы Федерацийы архайд æмæ æрсидт Уæрæсейы Федерацимæ,  цæмæй ацы дыууæ республикæты хæдбардзинад банымайыны хъуыддаг ивд æрцæуа. ЕÆÆО-йы Парламентон ассамблейы рабадты рæстæджы цы деклараци райстой, кæцыйы тыххæй схъæлæс кодтой фылдæр Парламентон ас-самблеяйы ЕÆÆО-йы уæнгтæ, уыцы деклараци Уæрæсейы Федерацийы делегаци нæ банымадта, уый нæ, фæлæ йæ нæ нымайынц бæрнджын документыл. Уæрæсейы Федерацийы делегацийы минæвæрттæ ба-нысан кодтой, зæгъгæ, Уæ-рæсейы ныхмæ резолюци ЕÆÆО-йы Парламентон ассамблейы уæнгтæ райстой æнæ кворумæй.

Ацы ахсджиаг политикон цаумæ сæ хъус дардтой нæ республикæйы политикон архайджытæ. Уыдонæй алчи дæр стыр цымыдисимæ æнхъæлмæ каст  ЕÆÆО-йы Парламентон ассамблейы рабадты фæстиуджытæм. Фæлæ та рабадты фæстиуджытæ куыд фенын кодтой, афтæмæй Гуырдзыстон æмæ Европæйы иуæй-иу бæстæты делегацийы минæвæрттæ æппæт дæр сарæзтой, цæмæй рабадтмæ рахæсгæ резолюци уа дунеон æмæхсæнады радон фæливæн ми æмæ йын регионы сабырад, стабилондзинад æмæ æдасдзинад бахъахъхъæнынмæ мацы ахаст уа.

ЕÆÆО-йы Парламентон ассамблейы куысты фæстиуджыты тыххæй йæ хъуыдытæ загъта постконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын минæвар ДЖИОТЫ Мурат.

– ЕÆÆО-йы Парламентон ассамблейы радон рабадты рæстæджы Гуырдзыстоны делегаци цы резолюци бацæттæ кодта, уый бæрæг у, кæй у политизацигонд. Фыццаджыдæр, дзурæг у дывæр стандарттыл, кæцытæй, хъыгагæн, ацы организацийы арæх пайда цæуыц. Ацы резолюци фыццаг нæу, кæцыйы ЕÆÆО-йы Парламентон ассамблейы уæнгтæ райсынц гуырдзиаг фарсы руаджы. Уымæ гæсгæ уый вæййы политизацигонд æмæ дзы хъахъхъæд фæцæуынц æрмæстдæр Гуырдзыстоны интерестæ. Гуырдзыстоны фарс цы резолюци бавдыста, уыцы пунктты иууылдæр æвдыст æмæ хъахъ-хъæд цæуынц сæхи интерестæ. Уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны къухдариуæгад та ахæм дунеон фæзуаттæй фæпайда кæны æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстонæн саразой æвзæр ном, кæцы æцæг реалитæн нæ дзуапп кæны. Уымæ гæсгæ уыдон бахатыдысты Уæрæсейы Федерацимæ, цæмæй сæ райсгæ резолюцийæ нæ республикæ æмæ Абхазы республикæйы хæдбардзинад банымайыны хъуыддаг баивой. Гуырдзыстоны къухдариуæгады хъуыдымæ гæсгæ, Европæйы бæстæтæ хъуамæ информаци исой æрмæстдæр уыдонæй, ома, Гуырдзыстонæй.

Куыд æй зонæм, афтæмæй Гуырдзыстон райста æнæраст закъон «оккупацигонд территориты», тыххæй. Уыцы æнæраст закъонмæ гæсгæ æппæтдунеон æмæхсæнады минæвæрттæн нæй бар æмæ æрцæуой Хуссар Ирыстонмæ æмæ сæхи цæстæй фенойнæ республикæйы æцæг рæзт æмæ размæцыд. Уымæ гæсгæ фæстаг Женевæйаг дискусситы рæстæджы нæ делегацийы минæвæрттæ радон хатт бафæлвæрдтой Гуырдзыстоны æнæраст информаци аиуварс кæнын, æмæ æрсидтыстæм дунеон æмæхсæнады минæвæрттæм, цæмæй æдасæй цæуой нæ республикæмæ. Мах стæм тынг уазæ-гуарзæг адæм, æмæ нын нæ паддзахады хæдбардзинад чи нымайы, уыимæ мах дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, хæларадон ахастытæ сараздзыстæм.

Танделаты Вилена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.