Æрвылаз дæр 5-æм октябры 100 бæстæйæ фылдæры банысан кæнынц ахуыргæнæджы бон. Уый 1994 азы фидар æрцыд куыд Æппæтдунеон ахуыргæнæджы бон, афтæ. Ацы нысаниуæгджын боны ИНО фæфæдзæхсы ныййарджыты æмæ æппæт æмбæстæгты, цæмæй-иу иу уысмы бæрц уæддæр æрхъуыды кæной сæ уыцы ахуыргæнджыты, кæцытæ сын сæ цард фæивтой хуыздæрырдæм сæ фидæны раст фæндагыл сæ бафтаугæйæ.

Æмæ æнæ ИНО-йы фæдзæхстæй дæр куыд 1-æм сентябры, афтæ 5-æм октябры дæр адæймаджы цæстытыл ауайынц йе скъолайон æвæлмаст азтæ æмæ йæ ахуыргæнджытæ. Ахуыргæнæг у хæрзæгъдаудзинад хæссæг, кæцы феххæст кæны хæрзаудæн, æмбæстагон мисси – æвзонг фæлтæры хъомыл кæнын. Вазыгджын, бæрнон æмæ хъæуæг у ахуыргæнæджы професси. Вазыгджын æмæ бæрнон уымæн у æмæ йæ бахъæуы уæхск-уæзæй кусын, ахуыргæнинæгтæй алкæйы зæрдæмæ дæр фæндаг ссарын æмæ йæ царды раст фæндагыл бафтауын. Хъæуæг та уымæн у æмæ фидæны кæцыфæнды профессийы иттæг хорз специалисттæн дæр кæсын-фыссын фыццаг хатт ахуыргæнæг бацамоны, зонындзинæдты дунемæ сын фæндаг уый бакæны. Адæймагæн йæ фидæны царды дæр цæвиттойнаг йæ  ахуыргæнджытæ свæййынц. Скъоладзау кæцы ахуыргæнæджы бахъуыды кæны, уый йын цæрæнбонтæм вæййы кады аккаг, никуы йæ ферох кæны.

Никуы ферох кæндзысты йæ ахуыргæнинæгтæ нæ горæты 3-æм астæуккаг скъолайы ахуыры хайы сæргълæууæг, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Пухаты Аллæ Пъетрейы чызджы дæр, кæцытæн уый сын йæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй амоны ныр 40 азæй фылдæр. Уый уарзон æмæ кады ахуыргæнæг сси сæдæгай ахуыргæнинæгтæн. Уыдон æй скъола каст фæуыны фæстæ дæр нæ рох кæнынц арæхæй абæрæг кæнынц æмæ адджын ныхас фæкæнынц йемæ. Карл Маркс фыста: «Зонады, ахуырады нæй уæрæх лæгъз, æнæ ныхдуртæй фæндаг, æмæ æрмæстдæр ахæм адæймагæн суыдзæн йæ бон, зонындзинæдты, царды бæрзæндтæм схизын, кæцы зындзинæдтæй нæ тæрсгæйæ фæцæ-уы, уыцы фæндаджы дурджын къахвæндæгтыл». Марксы ацы ныхæстæ хауынц мæ абоны уацы хъайтармæ дæр, уымæн æмæ уый дæр никуы фæтарст зындзинæдтæй æмæ афтæмæй схызт царды бæрзæндтæм йæ хæрзаудæн архайды руаджы.

Пухаты Аллæ Пъетрейы чызг райгуырд горæт Цхинвалы интеллигентон бинонты ‘хсæн.  Йæ фыд  Пъетре куыста Хуссар Ирыстоны радиокомитеты æмæ уый фæстæ та дæргъвæтин рæстæг – газет «Советон Ирыстон»-ы фыстæджыты хайады сæргълæууæгæй. Фæстæдæр суанг пенсийы ацæуыны онг та куыста Хуссар Ирыстоны автономон областы Культурæйы хайады цыртдзæвæнтæ хъахъ-хъæныны хайады сæргълæууæгæй. Йæ мад Медойты Дуся та куыста Цхинвалы горæхæст-комы. Ныййарджытæн зæнæгæй рацыд цыппар тæхудиаджы хъæбулы, сæ архайдимæ зонгæ сты не ‘мбæстæгтæ. Уыдон сæ цыппар хъæбулы дæр хæрзæвзонгтæй бафтыдтой зонындзинæдты фæндагыл. Аллæ хæрз-чысылæй сахуыр кодта Къостайы æмдзæвгæтæ æмæ-иу æй йæ фыд йе ‘мгæртты раз алæу-уын кодта, цæмæй сын сæ радзырдтаид.

Пухаты Аллæ каст фæци нæ горæты 2-æм астæуккаг скъола. Уый фæстæ йæ фæнд уыд Мæскуыйы Максим Горькийы номыл литературон институтмæ бацæуын, фæлæ йæ финансон уавæртæ кæй нæ амыдтой, уымæ гæсгæ уал кусын райдыдта нæ горæты 10-æм астæуккаг скъолайы пионерты раздзогæй æмæ уыцы иурæстæджы амыдта историйы уроктæ дæр. Чызгæн йæ фæнд нæ сæххæст дыккаг аз дæр Мæскуымæ ацæуыны тыххæй æмæ уæд ахуыр кæнынмæ бацыд ХИПИ-йы филологон факультетмæ изæры хайадмæ. Ахуыры æмрæнхъ кусын райдыдта туризм æмæ экскурситы фæдыл областон советы (экскурсион бюро). Уырдæм æй кусынмæ фæхуыдта Уанеты Сардион Къибойы фырт, уымæн æмæ йæ зыдта Аллæ Хуссар Ирыстоны территорийыл алы къуым дæр кæй зыдта, уымæн æмæ йæ фыд Пъетре  культурæйы цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады куы куыста, уæд æй иууылдæр кодта йемæ æмæ йын æххуыс кодта цыртдзæвæнтæ æнди-дзын кæнынæн. Æвзонг чызг сарæзта æртæ маршруты, афæлгæст горæтыл, историон Цхинвал æмæ культурон Цхинвал. Ацы бынаты бакуыста 9 азы. Ноджы лæмбынæгдæр сахуыр кодта Хуссар Ирыстоны алы къуым дæр æмæ 2010 азы рауагъта чиныг «Путеводитель по Южной Осетии», зæгъгæ. Чиныгæй ссардта йæ фыды рухс ном.

1974 азы институт каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта, Тулдзы къохы цы лагерь уыд, уым пионерты раздзогæй, стæй та йæ хистæрæй. 1975 азы та бацыд нæ горæты 3-æм астæуккаг скъолайы пионерты раздзогæй. Ацы бынаты кусгæйæ бирæ мадзæлттæ уагъта ахуырдзаутæн, бирæ цымыдисон экскурситæм сæ акодта. Йæ зæрдыл бадарта ахæм цау. 1976 азы йæ арвыстой Мæскуымæ пионерты раздзогты æмбырдмæ (слет), цыран сарæзта цымыдисон доклад ахæм темæйыл: «Ирон астæуккаг скъолайы патриотон æмæ интернационалон хъомылад». Доклад афтæ тынг фæцыд сæ зæрдæмæ мадзалы организатортæн æмæ æмбырды фæстæ Тбилисмæ æрæрвыстой хонæн гæххæттытæ цыппар адæймагæн Артекы цур семинары хайад райсыны тыххæй æмæ уыцы цыппарæй иу уыд Аллæ. Семинары фæстæ йæ хайадисджытæн ауагътой конкурс Советон Цæдисы пионерты раздзогты ‘хсæн. Аллæ ацы конкурсы  сарæзта къулын газет Ирыстоны тыххæй, ныв кæнын-мæ дæр кæй рæхст, уымæ гæсгæ йæ рæсугъд сфæлындзыдта. Бацахста 1-аг бынат æмæ Ирыстонмæ æрыздæхт 1-аг къæпхæны дипломимæ. Уæды рæстæджы уый стыр æнтыст уыд.

Æртæ азы пионерты раздзогæй бакусыны фæстæ йæ ракодтой скъолайы организаторæй, цыран бакуыста 5 азы. уæд ацы скъолайы историйы ахуыргæнæгæй куыста Белова Клавдия Никъалайы чызг. Аллæйы ныхæстæм гæсгæ, уый уыд диссаджы адæймаг, ирон сывæллæттæн тынг бирæ сарæзта. Скъолайы уагъта зонадон-сфæлдыстадон конференцитæ алы æмæ алы темæтыл. Клавдия алыгъуызон хæстæ кодта Аллæйæн æмæ йын сæ уый дæр æхсызгонæй æххæст кодта. 1985 азы хистæркъласонты акодта балцы Эльбрусы хохы цурмæ (Приэльбрусье).

Къахæй ахызтысты Зикъарайы æфцæгыл æмæ схæццæ сты иууыл бæрзонддæр хæххон музеймæ, цыран сты хæстон кады бынæттæ. Уым уыдысты туристтæ фæсарæнтæй дæр. Уырдыгæй æрхызтысты Сванетмæ Донгуз-Оруны æфцæгыл (ис Кæсæг-Балхъары). Ацы балцы тыххæй  газет «Пионерская правда»-йы уацхæссæг Ованова ныммыхуыр кодта уац дæр æппæтцæдисон акци «По местам боевой славы»-йы фæлгæтты. Аллæ у студентон клуб «Аполлон»-ы уæнг дæр. Саулохты Тамара йæ сразæнгард кодта хæхтæм цæуынмæ æмæ уый дæр бирæ хæттыты акодта йæ ахуыргæнинæгты Ирыстоны хæхтæм æмæ фенддаг бынæттæм.

1985 азы Пухаты Аллæ нысан æрцыд 3-æм астæуккаг скъолайы ахуыры хайы сæргълæууæгæй æмæ  уæдæй абонмæ æвæллайгæ куыст кæны ацы бынаты. Уал азы дæргъы бирæ ахуырдзауты бафтыдта царды раст фæндагыл, уал азы дæргъы бирæ æвзонг фæлтæрты зæрдæтæм ссардта фæндаг. Чи сæ фæнымайдзæн, йæ къухæй ныр 40 азы дæргъы цал ахуыргæнинаджы рацыд, уыдон. Аллæйæн скъола ссис йæ дыккаг хæдзары хуызæн, йæ куысты бынаты баззайы суанг изæрыгæттæм дæр. 2009 азы æппæтцæдисон конкурс «Шаг в науку»-йы фæлгæтты йæ ахуыргæнинæгты куыстытæй 5 арвыста Дзæуджыхъæумæ. Куыстытæ уыдысты ахæм: «Цхинвалы горæты фидар», «Тугъанты Махарбег нывгæнæг-ахуыргæнæг», «Хурзæринæй Хурзæринмæ», «Галаты Барис-композитор» æмæ «Дзиццойты мыггаджы равзæрд». Куыстытæй фыццаг æртæйæн жюрийы уæнгтæ саккаг кодтой 1-аг къæпхæны дипломтæ, 4-æм куыстæн – 2-аг къæпхæны диплом æмæ 5-æм куыстæн та – 3-аг къæпхæны диплом. Дзиццойты мыггаджы равзæрд ирон æвзагыл ныффыста 7-æм къласы ахуырдзау æмæ Дзиццойты мыггаджы дисы бафтыдта.  Конкурсы уæнгтæй сæ иу ростоваг сылгоймаг куыстытæн саргъ кæнгæйæ загъта: «Вы представляете, какой народ они (грузины)  хотели истребить? Это дети войны, но какие они талантливые». Хуссарирыстойнаг сывæллæтты куыстытæ афтæ цымыдисон рауадысты æмæ конкурсы жюрийы уæнгтæ æмæ залы бадджытæ иууылдæр сыстадысты æмæ тыхджын къухæмдзæгъд кодтой. Ахæм стыр æнтыст ахуыргæнинæгтæн сæ къухты бафтыд Аллæйы стыр куысты руаджы.

«Зонадон-сфæлдыстадон конференцитæн стыр нысаниуæг ис рæзгæ фæлтæры национ хъомылады. Ацы хъуыддаджы тынг бирæ аразы Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны директор Джиоты Арянæ. Абон нæ фæнды сæндидзын кæнын 3-æм скъолайы  историон-бæстæзонæн музей, кæцы хæссы йæ бындурæвæрæг, историк-археолог, «Кады нысаны» ордены кавалер Клавдия Беловайы ном. Ацы диссаджы сылгоймаджы  фæдзæхст уыд «Изучай прошлое, оно учитель будущего!». Ацы скъолайон историон-бæстæзонæн музей – иунæг скъолайон музей Советон Гуырдзыстоны, уыд паддзахадон музейы фи-лиал. Æвзонг историктæн абон дæр æнгом бастдзинæдтæ ис Дзадтиаты Руслан, Сланты А., Гаглойты Робертимæ, кæцытимæ-иу сывæллæттæ ацыдысты къахæггæгтæ къахынмæ. Не скъолайы ма уæвынад кæны ахуыргæнинæгты комитет дæр, ис нæм экскурсион бюро «Кругозор». Экскурсанттæ-хистæркъласонтæ экскурситæ уадзынц кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæн, ауадзынц сын викторинæтæ дæр. Куыд, зæгъæм, 8-æм июны уынг кæнæ Богири афтæ цæмæн хуыйнынц. Хъуамæ нæ сывæллæттæ зоной сæ истори, науæд сæ искæцы æрцæуæггаг уазджытæ куы афæрсой Анахарсис чи уыди, зæгъгæ, æмæ куынæ сдзуапп кæной, уæд худинаг нæу? Ныртæккæ кусæм ахæм темæтыл «О чем говорят памятные доски в нашем городе» æмæ «Их именами названы цхинвальские улицы», зæгъгæ. Ныридæгæн æрæмбырд кодтам æрмæджытæ Тæболты Сергей, Мамсыраты Хадзы-Мурат, Хъоцыты Къоста, Цоциты Вася, Тугъанты  Махарбег, Галаты Барисы биографиты æмæ архайды фæдыл. Æрмæджытæ æмбырд кæнæм фидауынгæнджыты тыххæй. Фæнды нæ æрæмбырд кæнын горæты цытджын æмбæстæгты биографитæ, уыцы цытджын æмбæстæгтæй иу у Востриков. Ныридæгæн нæм æрмæджытæ ис Нæузæххонты уынг афтæ цæмæн схуыдтой, стæй Сталины тыххæй дæр. Кусæм сфæлдыстадон куыстытæ, сывæллæтты ахуыр кæнæм иртасæн куыстыл дæр», – радзырдта ахуыры хайы сæргълæууæг.

Пухаты Аллæ кæд хæрзæвзонгæй нæ аскъуыддзаг кодта ахуыргæнæг суæвын, уæддæр хъысмæтмæ гæсгæ йæ цард сбаста ацы арфæйаг дæсныйадимæ æмæ ныр 40 азы дæргъы лæггад кæны æнæхин уарзтæй кæй бауарзы, уыцы ахуырдзаутæн. Зæгъæн ис афтæ æмæ йæ цард иууылдæр баст у ацы скъолайы цардимæ. Кæд æй æндæр паддзахадон бынæттæм, афтæ ма йæ æндæр скъолатæм директортæй дæр хуыдтой, уæддæр æй йæ уарзон скъолайæ йæ къах никуыдæмуал  ахаста. Тынг бирæ куыста йæхиуыл, уымæн æмæ йæм ахуыргæнинаг фарста куы радта, уæд ын уайтагъд хъуамæ сдзуапп кæна. Аллæ ма уыцы иурæстæджы ныр 27 азы бæрц кусы ХИПУ-йы дæр. Студенттæн амоны ирон скъолайы уырыссаг литературæ, амоныны методикæ. Тынг домаг у йе студенттæй дæр. Ацы аз сæ уарзон ахуыргæнæджы дæсныйад равзæрстой йæ рауагъдонтæй æртæйæ æмæ йæ университеты дæр рохуаты нæ уадзынц, абæрæг æй кæнынц улæфты рæстæджыты, уымæн æмæ сси сæ зæрдæтæн æввахс адæймаг. ХИПУ-йы уагъд цæуы журнал «Русский язык в Южной Осетии» (йæ редактор у Хъодалаты Хансиат) æмæ уым дæр мыхуыр æрцæуынц йæ зонадон куыстытæ, куыд зæгъæм, Сергей Есенин, Михаил Светлов æмæ æндæрты сфæлдыстады тыххæй.

Пухаты Аллæйæн  бирæ азты цæсгомджын куысты тыххæй лæвæрд æр-цыд «РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг»-ы кадджын ном. Уæздан, хиуылхæцгæ, хæларзæрдæ æмæ зæрдæмæдзæугæ сылгоймагæй зонынц Аллæйы йæ коллегæтæ, йæ зонгæтæ иууылдæр. Хæдæфсарм æцæг ирон сылгоймаг алыхатт дæр цæттæ у тыхст рæстæджы æмгары фарсмæ балæууынмæ. Куы йæм бахатай, уæд дын йæ фæстаг каппек дæр нæ бавгъау кæндзæн, ахæм адæймаг у.

Æнæскæнгæ мын нæй йæ мады зæнæджы кой дæр. Йæ хотæ Галинæ æмæ Фатимæ (ныртæккæ дыууæ дæр дзæнæттæгтæ) куыстой Хуссар Ирыстоны ахуырады къабазы. Фатимæ уыд Ахуырады министр дæр æмæ бирæ сты йæ лæггæдтæ йæ радтæг адæмæн. Йе ‘фсымæр Къоста у историон зонæдты кандидат, кусы РХИ-йы Президенты Адми-нистрацийы.

Райсом 5-æм октябры у Ахуыргæнæджы бон æмæ дын арфæ кæнæм дæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Нæ зæрдæ дын зæгъы, цæмæй ма бирæ азты дæргъы дæ зонындзинæдтæ амонай дæ уарзон ахуыргæнинæгтæн.

 

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.