Ӕрӕджы нӕ республикӕйы сырӕзт мыддарды ӕхсӕнад ӕмӕ уый у хорз хъуыддаг. Æхсӕнады уӕнгтӕм (йӕ сӕрдар Джиоты Феликс) цы бирӕ хорз ӕмӕ раппӕлинаг хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕныныл ныридӕгӕн кусынц зӕрдиагӕй. Райдианы алы чысыл хъуыддаг сӕндидзын кӕнынӕн дӕр йӕ разы бирӕ ныхдуртӕ вӕййы, фӕлӕ уыдон аиуварс кӕныныл кусы Джиойы фырт ӕмӕ йын цасдӕрбӕрцӕй ӕнтысгӕ дӕр кӕны. Уый архайы, цӕмӕй нӕ республикӕйы мыддарды куыст суа размӕдзыд. Йе ‘ххуысы къух фӕдаргъ кӕны, мыддарды куыстмӕ чи тырны, уыцы райдайгӕ мыдгæстæм, Республикæйы бирæпрофилон колледжы та кӕны мыддарды хайад байгом кӕныны фæнд  ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Уымӕй дарддӕр ма ног сырӕзгӕ ӕхсӕнад сиды республикӕйы мыдгӕстӕм, цӕмӕй гæнæн уæвгæйæ, ӕххуыс кӕной ӕвӕрӕз ӕмбӕстӕгтӕн мыды продукцийӕ.

Хорз хъӕппӕрис ӕрӕджы равдыстой сӕхи цӕвиттонӕй. Джиойы фырт ӕмӕ ӕхсӕнады сӕрдары хӕдивӕг Гӕбӕраты Р. бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй ахӕм ӕххуыс бакӕной Ленингоры сидзӕр сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгӕнинӕгтӕн æмæ сæм æрæджы фӕуазӕг сты. Хъарм зӕрдӕйæ сыл сӕмбӕлд уагдоны директор  Беджызаты Фатимӕ, загъта сын стыр бузныг се ‘ххуысы тыххӕй.

Ӕхсӕнады сӕрдар Джиоты Феликс куыд зӕгъы, афтӕмӕй ӕрмӕст ууыл не ‘рлӕудзысты, фӕлӕ ӕрвылаз дӕр се ‘ххуысы хай кӕндзысты ахуыргӕнӕн уагдӕттӕн. Уыимӕ иумӕ сидынц нӕ республикӕйы иннӕ мыдгӕстӕм дӕр, цӕмӕй сӕ уыдон дӕр бафӕзмой ӕмӕ  ӕххуыс кӕной ӕвӕрӕз ӕмбӕстӕгтӕн. Махӕн та сын нӕ зӕрдӕ зӕгъы ӕмӕ нӕ цӕст уарзы, цӕмӕй мыдау адджын цард кӕной, кӕддӕриддӕр хайджын уой хорздзинӕдтӕй.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.