РХИ-йы Парламенты делегаци, йæ сæргъ Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Цоциты Игорь, афтæмæй хайад райста дунеон фæсивæдон ахуырадон форум «Евразия»-йы, кæцы уагъд цыд Оренбурджы 4-10 сентябры.

Форумы хайад райстой дунейы 77 бæстæйы 800 хайадисæгæй фылдæр. Къуырийы дæргъы æндæр æмæ æндæр бæстæты минæвæрттæ хайад истой тематикон мадзæлтты, ахуырадон программæты, ныхас кодтой хицæн бæстæты спикертимæ, лæвæрдтой сæм, цы фарстытæ сæ цымыдис кодтой, уыдон.

Хуссар Ирыстоны делегаци активон хайад райста «Евразия»-йы фæзуаты цæуæг æппæт мадзæлтты дæр. Уымæй дарддæр ма форумы куысты рæстæджы æмбæлдысты Хуссар Ирыстонæн хæларадон бæстæты фæсивæды минæвæрттимæ. Афтæ,  Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн фембæлд уыд Донецкы Адæмон Республикæйы делегаттимæ.

Фембæлды рæстæджы депутат Цоциты Игорь банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон у фыццаг паддзахад, кæцы банымадта Донецкы Адæмон Республикæйы хæдбардзинад. «Донецкы Адæмон Республикæйы паддзахадон хæдбардзинад фыццаг банымадта Хуссар Ирыстон, æмæ мæн ныфс ис, æввахс рæстæджы уын уæ хæдбардзинад кæй банымайдзысты æндæр паддзахадтæ дæр. Абон нæ паддзахадты ‘хсæн уагъд цæуы активон æмгуыстад алыгъуызон фадгуыты. Къухтæ фыст æрцыдысты бадзырдтыл, кæцыты фæдыл уагъд цæуы динамикон æмæ æнтыстджын куыст», – банысан кодта депутат.

Цоциты Игорь ма банысан кодта, ахæм стыр форумы хайад кæй исынц, нырма цъус бæстæтæ кæй банымадтой, ахæм паддзахадтæ, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уый уыдонæн у серьезон фарсхæцынад. Депутат ма донецкаг делегаттæн мæсæллæйы ныхæстæ загъта Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Александр Захарченкойы амæлæты тыххæй, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уый уыд Хуссар Ирыстоны стыр хæлар.

Фембæлды рæстæджы Донецкы Адæмон Республикæйы минæвæртты фæхуыдтой Хуссар Ирыстонмæ, цæмæй бакусой фæсивæдон организациты ‘хсæн дарддæры æмгуыстадыл. Донецкæгтæ сразы сты æмæ банысан кодтой, зæгъгæ, уыдон, æнæмæнгæй, бабæрæг кæндзысты республикæ æввахс рæстæджы.

Уымæй дарддæр ма Хуссар Ирыстоны делегацийæн фембæлд уыд уæрæсейаг æфсæддон Азат Нуртышевимæ, кæцы хайад иста 2008 азы августы хæстон цауты. Хæстон архайдтыты рæстæджы Цхинвалы цур æрхъулайы Нур-тышев бынтондæр фесæфта йæ цæстырухс, афтæ ма фесæфта йæ къух æмæ йæ къах. Фембæлды рæстæджы уый радзырдта хæсты тыххæй йæхи истори, уыдон æрхъулайы куыд бахаудтой, куыд фæцæф, фæлæ сæрæгасæй куыд баззад, уыдæтты тыххæй.

«7 – 8 августмæ æхсæвы дыууæ сахатыл мах фæдисы сыстын кодтой æмæ нæ арвыстой Хуссар Ирыстонмæ. Уæд мах Алагиры уыдыстæм, уым цыдысты æфсæддон ахуыртæ, нæ полкæй фидауынгæнджытæ та уыдысты Цхинвалы. Куыддæр горæтмæ æрбаввахс стæм, афтæ нæ колоннæйы размæ бабадтысты, бахаудыстæм тыхджын артиллерион æхстыты бын. Æз уæд гранатæхсæг уыдтæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах уайтагъд хъæуæг мадзæлттæ райстам, позицитæ æрцахстам æмæ дзуаппон æхст кæнын райдыдтам. Тохы 30-40 минуты фæстæ мах цур æрхауд сармадзан, кæцыйы схъисæй фæцæф мæ къах, æмæ мæ БМП-мæ куы кодтой, уыцы рæстæджы та мæ къух фæцæф, æртæ раны мын асаст. Фæстæдæр æрбаластой ноджы дыууæ цæфы æмæ нæ арвыстой Дзæуджыхъæумæ. Уырдыгæй мæ аластой Ростовмæ, Ростовæй та – Бурденкойы номыл Мæскуыйы госпиталмæ», – радзырдта Нуртышев.

Мæскуыйаг госпиталы, Азаты аразгæ комæйы ныппæрстой æмæ афтæмæй фæцис иу мæй æмæ æрдæг. Æппæт уыцы рæстæджы дохтыртæ тох кодтой йæ фервæрзын кæныныл. Райдыдта йын гангренæ, æмæ дохтырты йæ фервæзын кæныны ныфс куынæуал уыд, уæд йæхимæ æрцыд. Йæхимæ кæй æрцыд, уый йæхæдæг дæр æмæ йын цы дохтыртæ хос кодтой, уыдон дæр банымадтой диссагыл. Абон Азатæн ис йæхи бинонтæ. Рынчындонæй йæ куы рафыстой, уæд цардæмбал æркодта æмæ абон хъомыл кæны дыууæ чызджы.

Хуссар Ирыстоны минæвæрттимæ фембæлды рæстæджы уый банысан кодта, зæгъгæ, йын ацы фембæлд уыд тынг æхсызгон, стæй ма йын æхзыгон уыд уый дæр æмæ абон Хуссар Ирыстоны алцы дæр хорз кæй у.

Азатимæ фембæлды рæстæджы депутат Цоциты Игорь банысан кодта, зæгъгæ, раст ахæм хъайтарты фæрцы, абон Хуссар Ирыстон дидин æфтауы, Республикæйы адæм та цæрынц сыгъдæг арвы бын, сæ сывæллæтæн нæ тæрсгæйæ. «Мæнæн зын у ахæм ныхæстæ ссарын, цæмæй дын Хуссар Ирыстоны адæмы номæй бузныджы ныхæстæ зæгъон. Уæрæсейаг салдаттæ æмæ дæ хуызæн адæймæгты фæрцы, Азат, махæн ис сабыр цард. Уæрæсе кæрон скодта гуырдзиаг-ирон хæстæн. Абоны бон РХИ-йы æмæ УФ-йы æхсæн къухтæ æрфыстæуыд 100 сразыдзинадæй фылдæрыл, кæцыты ‘руаджы рæзы экономикæ, арæзт цæуынц инфраструктурæйы объекттæ, æндидзыд цæуынц цæрæнуæттæ. 10 азы рацыд уыцы тæссаг цаутæй. Абон мах нæ тæрсæм нæ сывæллæтты сомбонæн æмæ уый у иууыл сæйрагдæр. Уырыссаг салдат нæ цардмæ æрхаста сабырад æмæ ныр махæн нæ бон у фидæны плæнттæ аразын», – банысан кодта Цоцийы фырт.

Депутат банысан кодта, республикæйы къухдари-уæгад кæй нæ ныууадздзæн æнæхъусдардæй Азат Нуртышевы. Цоцийы фырт æй фæхуыдта Республикæйы сырæзты цытæн радон  бæрæгбон мадзæлттæм. Азат ныфс бавæрдта, æнæмæнгæй, кæй æрцæудзæн Хуссар Ирыстонмæ.

Форум фадат радта алыгъуызон бæстæты минæвæрттимæ ныхас кæнынæн, æмæ алы хайадисæг дæр банысан кодта ахæм дунеон форумты ахсджиагдзинад. Форум «Евразия»-йы кæрон хайадисджытæй алчидæр райста хайадисæджы сæрмагонд сертификат. Уымæй уæлдай ма форумы фæлгæтты уагъд æрцыд фæсивæдон  къордты æхсæн проектты конкурс, кæцыты уæлахиздзаутæн  радтой  200 000 сомы æмæ уымæй фылдæр гранттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.