Нæ республикæйы бирæ ис, дыргъы куыст чи уарзы, базилынмæ дæр чи нæ зивæг кæны, ахæмтæ. Уыдон сты куыд арендатортæ, афтæ хицæн æмбæстæгтæ.   Сæ зæххы фадгуыты ис фæткъуы, кæрдо, атъами, чылауи æмæ æндæр бæлæсты мыггæгтæ. Уыдонæй иутæ дæргъвæтин рæстæджы кæнынц ацы куыст, зонынц дыргъбæлæстæм базилыны фæткойтæ, æххæст дæр сæ кæнынц рæстæгыл æмæ уый фæстиуæгæн сæ зæрдæ барухс вæййы тыллæгæрзадæй. Фæлæ зæгъын хъæуы, се ‘хсæн ис ахæмтæ, кæцытæ уарзынц ацы дæсныйад, фæнды сæ, цæмæй сæ дыргъдæттæй æрзайын кæной хъæздыг тыллæг. Уый та уыдзæн, æмбæлон зылд куы æййафой, æрмæстдæр уæд. Фæлæ уыдон æххæстæй нæ зонынц дыргъдæтты базилыны фæткойтæ æмæ уымæ гæсгæ тыхсынц. Ацы хъуыддаджы сын хорз æххуыс уыдысты дзæнæттаг Тохъмайты Хъазбеджы уацтæ газет «Хурзæрин»-ы. Зæгъын хъæуы, рæстæджы цыдимæ алцы дæр ивы, алы специалист дæр æм бахæссы йæхи æнæмæнгхъæуæг ивындзинæдтæ, цæмæй дыргъдæтты зайын кæнæм хъæздыг тыллæг. Уалдзæджы æмбис аивгъуыдта, нæ дыргъдæттæм ныридæгæн хъæуы зилын æмæ хорз уаид, фæлтæрд специалист йæ хъуыдытæ куы зæгъид газеты фæрцы.

                                               ХУЫБИАТЫ Никъала  

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.