Бæрæг куыд у, афтæмæй 2010 азы РХИ-йы Парламент райста уынаффæ «РХИ-йы Паддзахадон арæнты фæдыл» закъон райсыны тыххæй. Закъон бæрæг кæны, цы у Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон арæн æмæ йын амоны йæ хъахъхъæнынады фæткойтæ. Ацы закъоны райрæзты фæдыл республикæйы хицауад Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæйы къухдариуæгадимæ райста къорд уынаффæйы, кæцытæ здæхт сты паддзахадон арæнты фæдыл закъон реализаци кæнынмæ. Ис дзы фарстатæ дæр, кæцытæ баст сты йæ хъахъхъæнынмæ. Уыдонæй иууыл сæйрагдæртæ сты паддзахадон арæнтыл арæнгæрон зонæ сæвæрын. Ацы нормативон-барадон акт исыны рæстæджы РХИ-йы Хицауад актуалоныл банымадта арæнты иуæй-иу бынæтты фæхуымæтæгдæр фæткмæ гæсгæ хизыны фарст.

Куыд зонæм, афтæмæй ныртæккæ нæ республикæйы арæнтæ хъахъхъæныны бæрнон хæс æххæст кæнынц куыд хуссарирыстойнаг, афтæ уæрæсейаг арæнхъахъхъæнæг службæты минæвæрттæ

Дыууæ фарсæй алкæмæн дæр йæхи хæстæ ис. Фæлæ абон нæ дзуринаг у гуырдзиаг-ирон арæнгæрон хъæуты цæрджыты цы фарст тыхсын кæны, уый. Зæгъæм, Знауыры районы Уелиты хъæуы цæрджытæ се ‘нæразыдзинад æвдисынц арæнгæрон службæты архайды фæдыл. Уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй сæм сæ  хæстæджытæй  исчи куы æрбацæуы, уæд сæ арæнгæрон пункты æруромынц, домынц дзы арæнты сæрты хизыны бары гæххæтт. Уый та домы бæрæг процедурæ. Тыхсынц ма, хъæуæй чысыл дæрддзæф куы ахизынц фосы фæдыл, уæддæр сæ уайтагъд кæй æруромынц æмæ сæ гоймаг бæлвырд-гæнæг гæххæт кæй фæдомынц. Хъæуы зиан куы вæййы, уæд зианмæ æрцæуæг адæймагæн дæр вæййы проблемæтæ.

Æппæт ацы претензитæ нæ уыдаиккой, Æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæ йæ рæстæджы адæмимæ æрбæстонкæнинаг фарстытыл бæстон куы бакуыстаид. Арæнгæрон режимы ахсджиагдзинад æмæ æнæмæнæгхъæуындзинады фæдыл цæрджыты ‘хсæн æмбарынгæнæн куыст куы бакодтаиккой, уæд ныр арæны сæрты ахизыны тыххæй цы уадзæн гæххæтт фæдомынц, уый ныхмæ нæ дзуриккой арæнгæрон зонæйы цæрджытæ.

Нæ республикæйы ис ахæм арæнтæ дæр, цыран хуымæтæгдæргонд фæткы режиммæ гæсгæ ис бар арæныл хизынæн.

Ленингор дæргъвæтин рæстæг республикæйæ  иппæрд уыд. Карзман дæр йæ физикон-географион уавæрмæ гæсгæ иппæрд у республикæйæ, 2009-2010 азты ахæм уавæры уыд Арцеуы хъæу дæр. Уымæ гæсгæ ист æрцыд «Арæнтыл фæхуымæтæгдæргонд режиммæ гæсгæ хизыны фæтк»,  цæмæй ацы бынæтты цæрджытæн фадат уа сæ экономикон уавæр бараст кæнынæн. Ленингоры районы арæныл хизынц æмæ сæ социалон-экономикон фарстатæ скъуыддзаг кæнынц цæрджытæ æрмæстдæр хисæрмагонд пайда кæныны нысанæн. Иу мæйы дæргъы ацы районы цæрджытæн арæныл сæ бон у 50 кг. алыгъуызон дыргътæ æмæ халсæрттæ раласын. Уыдон тыххæй фиддонтæ фидын нæ хъæуы арæныл хизгæйæ. Коммерцион æмæ амалиуæгады нысанæн арæныл бар нæй уæзтæ ласынæн.

Арæнгæрон службæйы нын куыд загътой, афтæмæй: «Ацы фæткойтæ Ленингоры районы не ‘взæрын кæнынц проблемæтæ. Абоны бон ацы районы фæлхасадон товартæй ифтонгады проблемæтæ нæй. Уæйгæнæн бынæтты фылдæрбæрцæй ис уæрæсейаг товар-тæ. Æцæг дзы бæрæгæй зыны хъæууонхæдзарадон продукцийы хъуагдзинад, фæлæ иннæрдыгæй ацы районæн сæрибарæй йæ бон у уыцы продукцийыл йæхæдæг куса æмæ дыргътæ æмæ халсартæй ифтонг кæна æрмæст район нæ, фæлæ ма горæт Цхинвалы дæр», – зæгъы Арæнгæрон службæйы бæрнон кусæг.

Уæлдæр загъдгонд фæткойтæ, ома,  хуымæтæгдæргонд режимы уагæвæрд уыд, Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы дæр, фæлæ инфраструктурæйы райрæзты фæстиуæгæн æхгæд æрцыд Арцеуы уыцы уадзæн пункт, уымæн æмæ уыцы бынатмæ арæзт æрцыд фæндаг, ныр цæрджытæн фадат ис Цхинвалмæ æрцæуынæн æмæ æнæмæнгхъæуæг товартæ самал кæнынæн. Синагуры ацы фарст бæстон нæма у. Зонæйыл рæстæгмæ хизыны бар хицæн адæймæгтæн ис æрмæст. Уыцы категорийы адæймæгты номхыгъд ис уагæвæрды, фæлæ уый у рæстæгмæ. Гæнæн ис æмæ æввахс рæстæг уыцы уагæвæрд ивд æрцæуа. Уымæн æмæ ам дæр тагъд арæзт æрцæудзæнис фæндаг. Уæд ацы хъæуты цæрджытæ сæрибарæй цæудзысты республикæмæ.

Арæнгæрон службæйы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй гуырдзиаг-ирон хъæуты арæнтыл чи цæры, уыдон хъуамæ æмбарой «Арæнтæ сты дыууæ бæстæйы иумиаг куысты фæстиуæг, кæцы кусы хæларсыхагон ахастытæ дыууæ бæстæйы ‘хсæн райтынг кæныныл. Аннæрдыгæй та у дыууæ тохгæнæг фарсы дихгæнæг. Цæмæй диверсион æмæ террактон цаутæй цæрджытæ хызт уой, уымæ гæсгæ арæзт æрцæудзысты ацы фæткойтæ».

Кæй зæгъын æй хъæуы æппæт ацы фарстатæ æмæ уынаффæтæ Арæнгæрон службæ рахаста РХИ-йы хицауадимæ æмгуысткæныны фæстиуæгæн. Уымæ гæсгæ Арæнгæрон хъæуы цæрджытæ хæсджын сты æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæн, арæнгæрон зонæтæм цæуыны уагæвæрд æххæст кæнын. Паддзахадон æдасдзинады комитеты минæвæртты ныхæстæм гæсгæ иу азы æмгъуыдмæ цы уадзæн бæлвырдгæнæнтæ дæттынц, уыдонæн райсæн ис (Знауыры районы арæнгæрон хъæуты цæрджытæн) Знауыры администрацийы Гоймаг бæлвырдгæнæг документ кæмæн ис, уыдон та сæрибар сты уыцы процедурæйæ. Бæлвырд сты зонæйыл рæстæгмæ хизыны фæткойтæ дæр. Зæгъæм, журналистты хъæуы командировкæйы цæуыны фæдыл бæлвырдгæнæн. Хуымæтæг æмбæстæгтæ та сæрмагонд уадзæн гæххæтт райсыны рæстæджы хъуамæ бавдисой сæ цыды нысан æмæ сæрмагондæй кæмæ цæуынц, уый ном æмæ мыггаг. Фæсарæйнаг æмбæстаг цы нысанæн æрцыд арæнгæрон зонæмæ, уый тыххæй бæлвырдгæнæн куы бавдиса, уæд сæрибарæй ахиздзæнис, кæд æмæ арæнгæрон службæйы ахизыны процедурæ рацыд, уæд. Уазæг æрдæгæхсæв куы æрцæуа, кæннод улæфтыбон, уæддæр йæ бон у райса гæххæтт.

Арæнгæрон службæйы кусджытæ сидынц æмæ курæг сты адæмæй, цæмæй ацы уагæвæрд æххæст кæной. Æппæт ацы процедурæтæ здæхт сты Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн æмæ арæнгæрон хъæуты цæрджыты æдасдзинад хъахъхъæнынмæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.