Нæ горæты Цæрджыты цардуагон лæггæдты паддзахадон унитарон куыстуаты директор Тасойты Анжелæ куысты йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ тыхсы кусджыты уавæртæ фæхуыздæр кæныныл æмæ уый йæ къухты æфтгæ дæр кæны. Иууыл мæгуыраудæр уавæрмæ æрцыд Модæты ательейы агъуыст бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Уымæн уал йæ хъæппæрисæй райдианы цалцæг æрцыдысты  йе ‘ддаг къултæ, афтæ ма дзы арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ бакондæуыд мидæгæй дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы ран йе ‘нцой балæууыдысты кусджытæ сæхæдæг дæр, уымæн æмæ уагдон цухдзинад æййæфта æхцайы фæрæзтæй. Уый фæстиуæгæн зæронд дуæрттæ æмæ рудзгуытæ раивтой ногтæй, хицæн бынæтты бакодтой косметикон цалцæггæнæн куыстытæ, фæхуыздæр кодтой къæлидорты дæр.

Фæлæ уæддæр иууыл сæйрагдæр у бæстыхайы æмбæрзт ногæй раивын. Уымæн æмæ уый арæзт æрцыд ивгъуыд æнусы 60-æм азты æмæ йæм уыцы дæргъвæтин рæстæджы никуы баххæссыд аразæджы къух. Уый фæстиуæгæн дзы дон мæгуырау боныгъæдты  хъардта бынмæ  æмæ уый аххосæй зындзинæдтæ æвзæрстой хуыйджытæ. Тасойты чызг бахатыд горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Аланмæ æмæ йын уый дæр бацыд йæ уавæры. Кусджыты кæд къæвда бонтæ хъыг дарынц, уæддæр уал дзы бакодтой иуæй-иу куыстытæ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.