Бирæтæ уарзынц иунæгæй уæвын, хи хибар бакæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, пайда у ахæм хуызы хиимæ рæстæг æрвитын. Куыд хъуыды кæнут, уымæ гæсгæ иунæг адæймаг ныр диссаг нал у. Ахæм иунæджытæй бирæтæн вæййы æмгæрттæ, кæцытимæ сæ сæрибар рæстæг фервитынц. Ахæмтæн сæ цард баст нæ вæййы иннæтимæ, сæ цард уыдонæй аразгæ нæ вæййы æмæ сæ æппынæдзух нæдæр фæфæнды, цæмæй, бирæ æмгæрттæ сын кæй ис, уымæ нæ кæсгæйæ, сæ рæстæг иууылдæр уыдоныл хардз кæной.

Фæлæ нæ хъæуы хæццæ кæнын æнæниз иунæгдзинад æмæ зонгæйæ, æмбаргæйæ, иннæ адæймæгты ‘хсæнæй хи хибар чи кæны, уыдонæй хи хизын. Арæх вæййы афтæ, æмæ адæймаджы фæфæнды хицæнæй аззайын, йæ хъуыдытæм лæмбынæг байхъусын, хи бамбарын. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ хæттыты фæхъæуы. Уый нормалон у. Ахæм хъæуындзинад æвæрццагæй бандавы адæймагæн йæхиуыл дæр, иумæйагæй – йæ цардыл дæр.

Иунæгæй сæ рæстæг цы адæймæгтæ уарзынц æрвитын, уыдоны тыххæй цалдæр бæлвырддзинады.

Мæнгæй нæ фæдзурынц: «Иунæгæй йæ рæстæг æрвитын чи уарзы, уый æцæгæй зондджын адæймаг у».

  1. Сæвæрынц хи сæрмагонд бæлвырд арæнтæ.

Ахæм адæймæгтæ хи æмæ сæхи æргъадтæ хорз фæзонынц. Цымыдисон уый у, æмæ ахæм адæймæгтæ сæхи бынтон иунæг кæй нæ фæхатынц, уымæн æмæ ахæмтæн тынг хорз бастдзинад æмæ æнкъарындзинад ис сæхиимæ æмæ сæ алыварс цы дуне ис, уыдонимæ дæр.

Уæ хъус дарут уымæ, æмæ ахæм адæймагæн йæ хи сæрмагонд арæнæй куы ахизат, уæд уæ уæ бынаты кæй сæвæрдзæн, уый. Ахæм гоймагимæ уæ куы нæ фæнда уæ ахастытæ фехалын, уæд уæ тыхтæ иууылдæр уымæ радтут, цæмæй йын йæ сæрмагонд тыгъдад ма халат æмæ йын йæ арæнæй ма хизат.

  1. Ахæм адæймæгтæн хорз кусы сæ интуици.

Арæхдæр ахæм адæймæгтæ вæййынц тынгдæр æнкъарагдæр, уымæн æмæ, фылдæр рæстæг иунæгæй кæй æрвитынц, уымæ гæсгæ сæ мидæггагон æнкъарæнтæ дæр хуыздæр кусынц, иннæтимæ абаргæйæ. Ахæмтæ хуыздæр æмбарынц иннæ адæймæгты æнкъарæнтæ, сæ зæрдæйы рис сын æввахсдæр æмæ арфдæр фæисынц сæ зæрдæмæ. Зын уавæрты ахæм адæймагыл уæ бон у банцой кæнын æмæ уæм йæ къух фæдаргъ кæндзæн кæд-дæриддæр.

Иунæг  чи  сты,  уыдон энергетикон æгъдауæй йедзаг кæнынц циндзинад æмæ амонддзинадæй иннæты дæр, кæд сæхæдæг дæр ахæмтæ вæййынц, уæд. Алыгъуызон уавæрты дæр иунæджытæ агурынц рухс фарс æмæ фæтырнынц, цæмæй йын æнæмæнгæй дæр ссарой ахæм фæрæз, цæмæй йæ аскъуыддзаг кæной.

  1. Гом сты ног фæрæзтæн.

Иунæджытæй йæ рæстæг чи æрвиты, уый нæ нысан кæны, æмæ ахæмтæ кæй сты хъæбæр æмæ дурзæрдæ гоймæгтæ. Ахæмтæ уарзынц алыгъуызон балцыты цæуын æмæ ног бынæттæ уынын. Уыдон гом сты ног фæрæзтæ æмæ идейæтæн. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, балцы цæуын дæр уарзынц кæнæ иунæгæй, кæнæ – сæ уарзон адæймагимæ. Уымæй фылдæр никæй сфæраздзысты. Уымæн æмæ нæ уарзынц, цæмæй сæ бирæ исчи фæхъыгдара дунейы алы уысм банкъарынæн дæр.

4.Зонынц сæ рæстæгæн пълан сæвæрын.

Цæмæй алы æнтыстдзинад дæр къухты æфта, уый тыххæй рæстæгæй хъæуы раст пайда кæнын. Абон уа æви сом уа, уæддæр æрцæудзыстут ахæм хатдзæгмæ, æмæ иунæджытæ чи сты, уыдон раст æмæ зондимæ кæй пайда кæнынц сæ рæстæгæй, ома йæ æнæхъуаджы уæлдай митыл кæй нæ хардз кæнынц æмæ ма канд йæхи рæстæгæн нæ, фæлæ ма уын уæ рæстæ-гæн дæр кæй аргъ кæнынц, уый.

Иунæджытæ сæхицæн зонынц аргъ кæнын, аргъ кæнынц æмгардзинад æмæ уарзондзинадæн дæр. Ахæм тыхджын бархъомыс сын кæй ис, уый баст у, сæ сæрибар рæстæг иунæджытæй кæй фервитынц, сæ хъуыдытимæ иумæ, алы хъуыддагмæ дæр афтæ лæмбынæгæй кæй кæсынц æмæ йæ стæй афтæ æнцонтæй кæй аскъуыддзаг кæнынц, ууыл.

Стрессон уавæрты рæстæджы иунæ-джытæ никуы фæтыхсынц, сæ сæртæ никуы бамбæхсынц, нæ ныббырынц сæ хъузджыты, фæлæ алы хатт дæр агурынц фæндаг, цæмæй иу кæнæ иннæ æп-пæрццаг хъуыддаг скъуыддзаггонд æрцæуа, уый тыххæй. Сæхиуыл нæ фæауæр-дынц, фæлæ сифтындзынц сæхи æмæ фæстæмæ сæндидзынц, сæ къæхтыл слæууынц. Проблемæтæ куы фæзынынц, уæд нæ фæтыхсынц æмæ сæм тыхтæ разыны, цæмæй сæ куыд æмбæлы, афтæ аскъуыддзаг кæной.

5.Тырнынц, цæмæй, ныр цы сты, уымæй хуыздæр уой.

Иунæджытæ хорз æмбарынц сæ тых-джын æмæ æдых фæрстæ. Æппынæдзух тырнынц æмæ кусынц ууыл, цæмæй суой хуыздæр æмæ тыхджындæр, кæд æмæ сын цард алыгъуызон цæлхдуртæ сæвæры сæ разы, уæддæр. Иунæджытæ алы хатт дæр зонынц сæхи уромын, йæ сæр бынмæ никуы æркæнынц, проблемæтæм дæр комкоммæ фæкæсынц æмæ фæтырнынц, цæмæй алы хатт дæр йæхи æмæ йæ тыхтæ равдиса, цасдæриддæр йæ бон у, уыйас.

  1. Йæ хъуыдытæй нæ тæрсы æмæ ма иннæты дæр æмбары.

Иунæджытæ сæхи хорз кæй зонынц, уымæ гæсгæ хуыздæр æмбарынц, сæ алыварс чи ис, уыдоны дæр. Адæймаг йæ æрдзон миниуджытæм гæсгæ ницæмæ фæдары йæ эмоцитæ æмæ йæ хъуыдытæ, иунæджытæ та сæ райсынц æмæ сæ рацæрынц. Куы сын фæзыны депрессивон æмæ пессимистон хъуыдытæ, уæд фæзонынц, ахæм уавæрты куыд фæхъæуы архайын, уый, æмæ нæ фæтыхсынц. Иунæджытæн æнцондæр у хи пълæнттæ æмæ хъуыдытæ царды среализаци кæнын.

  1. Аргъ кæнын зонынц ахастытæн æмæ гадзрахатæй нæ рацæуынц.

Иунæджытæ алкæй нæ фæуадзынц æввахс сæхимæ, сæ зæрдæмæ. Фæлæ афтæ куы рауайы, æмæ сæхимæ искæй куы æрбауадзынц æввахс сæ цард æмæ сæ дунемæ, уæд сын ахæм гоймæгтæ свæййынц æппæты æввахсдæр æмæ уарзондæр æмгæрттæ. Иунæджытæ зонынц аргъ кæнын ахастытæн, бинонтæн æмæ сæ куыстæн дæр.

  1. Царды гуылфæнты ленк кæнынц.

Алчи дæр нæ рæдийын зоны æмæ нæ алкæй дæр фæфæнды æмæ нæ рæдыд сраст кæнæм æмæ нæхи баххæст кæнæм хорз миниуджытæй. Иунæджытæ тырнынц уымæ, цæмæй, цы рæдыд сарæзтой, уый, растдæр куыд у, афтæмæй йæ саразой, сæхиуыл куыд хуыздæр у, афтæ бакусой æмæ сæ цухдзинæдтæ баххæст кæной. Тырны алы хатт дæр, цæмæй хуыздæр суа. Æмæ йын æнтысгæ дæр кæны.

Лæмбынæгдæр уæ хъус куы æрдарат иунæджытæм, уæд æй фæхатдзыстут æмæ бамбардзыстут, уыдон æппæты æмбаргæдæр кæй сты æмæ ма интеллектуалон æгъдауæй дæр кæй сты æххæст, уый. Кæд бафæлварат ахæм адæймагимæ базонгæ уæвын, уæд æрцæудзыстут ахæм хъуыдымæ, æмæ кæй сты сæрибар æмæ нæ тæрсынц сæ хъуыдытимæ, сæ эмоцитимæ иунæгæй баззайын.

 

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.