Афтӕ у рагӕй фӕстӕмӕ йӕ ахуыр – сӕумӕрайсом ӕрлӕууы йӕ куысты уӕлхъус ацы кардзыд нӕлгоймаг. Райдианы уал æрæфснайы йӕ кусӕн хатӕн, стӕй йæхи æррæвдз кæны кусынмæ. Уӕдмӕ йӕ рудзынджы раз балæууынц, дзабыртæ цалцæгкæнинаг кæмæ вæййы, ахæм адæймæгтæ. Уый сын сæ райсы, алкæмæ дæр сæ байхъусы, цы бакæнын хъæуы дзабыртæн, уый фæдыл æмæ сын стæй фæзæгъы,  кӕдмӕ сцӕттӕ уыдзысты, уыцы æмгъуыд. Банысангонд рӕстӕгмӕ дзабырты хицау фæзыны, райсы сæ æмæ йӕ цӕсгомыл мидбылхудт ахъазы, арфӕтыл схӕцы, мӕ дзабыртӕ мын ногтӕ куы фестын кодтай, зӕгъгӕ. Ахæм ныхӕстӕ ӕхсызгон куынӕ вæййынц дзабырхуыйӕгӕн дӕр ӕмӕ дарддӕр ӕрӕвналы йӕ радон хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ.

 Афтӕ кусы ӕрвылбон дӕр Модӕты ательейы кусæг-дзабырхуыйæг 89-аздзыд Беппиты Алыксандр.

Бафӕндыд мӕ Беппийы фырты куыст ӕмӕ цардвӕндаджы тыххӕй лæмбынæгдæр базонын ӕмӕ мын сӕ радзырдта ӕнӕзивӕгӕй. Алыксандр – адӕм æй Саша хонынц – райгуырд Знауыры районы Метъехы хъӕуы 1930 азы. Чысылӕй фӕстӕмӕ бирӕ фыдӕбӕттӕ бавзӕрста, фӕлӕ сыл уӕддӕр куыстуарзаг ӕмӕ ӕнӕзивӕг лӕппу уӕлахиз кодта. Ныййарджытӕн уыдысты ӕхсӕз сывӕллоны ӕмӕ уал удгоймаджы дарын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон кӕм уыд. Ныййарӕг мад ноджы тынгдӕр фӕтыхст, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕст куы райдыдта, 1942 азы йын йӕ сӕрыхицауы хӕцӕг ӕфсадмӕ куы акодтой, уӕд. Бинонтӕ фӕцух сты хистӕры аудындзинадӕй. Саша зӕнӕджы хистӕр уыд ӕмӕ ууыл ӕрӕнцад хӕдзары уӕз, 12-аздзыд лӕппу фермӕйы райдыдта кусын йӕ фыды бӕсты. Йӕ ӕнӕзӕрдӕхудт фӕллой йын ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фесты районы разамонджытӕ – дыууӕ хатты та йӕ схорзӕхджын кодтой майдантӕй.

Хӕст фӕци нӕ адӕмы уӕлахизӕй, уымӕ йӕ хайбавӕрд бӕргӕ бахаста Гаврил дӕр, фӕлӕ нал сӕмбӕлд йӕ фыдыуӕзӕгыл – 1945 азы ӕрцыд йӕ сау гӕххӕтт.

Уӕддӕр цӕрыны амӕлттӕ хъуыд ӕмӕ ӕвзонг Саша ноджы тынгдæр аныгъуылд алыгъуызон куыстыты. Фӕстӕдӕр ын бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй исты дӕсныйад райстаид ӕмӕ уыцы аз ацыд Тбилисмӕ, йӕ фыды ӕфсымӕр ӕй бакодта профтехахуыргӕнӕндонмӕ. Дыууӕ азы фæстæ райста токары дӕсныйад Кировы номыл станоктӕаразӕн заводы, кусгӕ дӕр дзы акодта. Уый фӕстӕ ма райста электрикы дӕсныйад дӕр. Хъыгагӕн, ацы куысты бахауд бӕллӕхы ӕмӕ фӕци уӕззау рынчын. Йӕ дӕсныйадыл йӕ къух систа ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ бафӕндыд дзабырхуыйӕджы дӕсныйадыл сахуыр кӕнын. Уый фæдыл райста сæрмагонд ахуырад дæр. Йæ ног дæсныйадыл дæр тагъд фæхæст Саша. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йе ‘ххуысы хай кодта йӕ ныййарӕг мад ӕмӕ йӕ кӕстӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн. Фӕлӕ уӕддӕр цӕмӕй ныййарӕг мады къух фӕрогдӕр уыдаид, уый тыххӕй 1958 азы ӕрбаздӕхт йӕ райгуырӕн Ирыстонмӕ ӕмӕ уӕдӕй кусы ӕмӕ фӕллой кӕны Цардуагон лӕггӕдты системӕйы. Йӕ квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны тыххӕй ӕртӕ хатты уыд курсыты, йӕхиуыл куыста, йӕ хъус лӕмбынӕг дардта бӕрзондквалификациджын специалисттӕм, иста сын сӕ фӕлтӕрддзинад. Уыдӕттӕ хорзӕрдӕм бандӕвтой Беппийы фырты архайдыл ӕмӕ дзы райгонд сты не ‘мбӕстӕгтӕ. Ахӕм иузӕрдион ӕмӕ намысджын куыстӕн та кӕддӕриддӕр ӕрцӕуы аккаг аргъ. Цӕрджыты цардуагон лӕггӕдты къабазы йе стыр лӕггӕдты ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы ӕнтыстджын куысты тыххӕй «Цӕрджыты цардуагон лӕггӕдтӕ»-йы къахдарӕс цалцӕг кӕныны мастер Беппиты Алыксандр ӕрӕджы хорзӕхджын ӕрцыд Кады орденӕй.

   Фӕрнӕй кус ӕмӕ адӕмӕн ноджыдӕр лӕггад кӕнын фӕраз, Саша!    Хуыбиаты Никъала    

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.