Бирæ ис ныхæстæ алы æвзаджы дæр, уыимæ кæм фылдæр, кæм та  – къаддæр, фæлæ дзы алы ран дæр, æвæццæгæн, иууыл уаздæр, ад-джындæр, рæсугъддæр, ныхас «мад» у. Ныхас «мад» та ныййарæгæй цæуы æмæ нын раст ахæм у мад –  нæ иууыл æввахсдæр адæймаг.

Бирæ хорз ныхæстæ загъдæуыд, ныффыстæуыд мады тыххæй, кæнынц ыл зарджытæ, кад æмæ йын аргъ кæнынц хионæй, æцæгæлонæй. Фæлæ уæддæр мадæн йæ лæггад ничи ма бафыста æмæ нæдæр бафиддзæнис, æгæрыстæмæй, хъæбулты ‘рдыгæй дæр. Нæдæр дзыхы ныхасæй, нæдæр армы февнæлдæй. Ууыл дзуры ирон æмбисонд дæр, мады лæггад ничи ма бафыста, зæгъгæ.

О, бирæ, æгæрон бирæ сты йæ лæггæдтæ мадæн. Æрмæст уымæй нæ, æмæ  нæ  алкæйы  дæр  йæ гуыбыны, йæ зæрдæйы бын фараст мæйы кæй фæхæссы, а-рухс дунемæ нæ кæй фæзынын кæны. Цалынмæ йæ цæстытæ ферттивынц, уæдмæ йын йæ хъæбултæ баззайынц сабитæй, фæауды сыл йæ уæнгты æмæ уды хъаруйæ, сæ цинтыл сын цин фæкæны, сæ хъыгтыл та йе ‘нкъараг зæрдæ фæриссы. Хъыгагæн, цард афтæ у æмæ мадмæ цы хæрзиуджытæ æм-бæлынц, уыдон æм фылдæр хатт бирæ-бæрцæй нæ раздæхынц йæ кæстæрты æмæ æхсæнады ‘рдыгæй дæр. Йæхи сæрибар гоймагæй никуы æнкъардта. Уыдæттæ ирдæй зынынц, ирон мад цы уæззау, цæссыгамæхст фæндæгтыл фæцыд фыдæлтæй фæстæмæ, уымæй дæр. Адæймаджы цæстытыл ауайынц æнусты тар æрфæнтæй нæм милахуырст авджы кæсæгау зына-нæзына чи сзынынц, фæлæ зæрдæйыл ихдонау чи разæй кæнынц, уыцы мæдты æфхæрд фæлгонцтæ.

… Нæ фыдæлты дуг тыхимæ баст уыдис. Тых, æхсар, хъæбатырдзинад, сæрыстыр уæвын, æгаддзинад сæрмæ нæ хæссын, фæдисы фæстейæ нæ зайын, уыдон нæлгоймаджы хуыздæр миниуджытæ уыдысты, йæхи, йæ бинонты, йæ мыггаджы, комбæсты адæмы кадыл уæлæмæ хæцыд. Гъе, фæлæ уыдон равдисын, зæронды кармæ сæ кадимæ хъахъхъæнын бирæты къухы не ‘фтыд, сæ сæрыл тохгæнгæйæ-иу бирæ, бирæ æвзонг адæймæгты бахъуыд сæ цард рауæлдай кæнын. Тохы, фæдисы, цуаны цæуыны, афтæ намыс бахъахъхъæныны, туг исыны, æнæнтыст уарзты æмæ æндæр ахæм рæтты дæр сæйраг архайджытæ æвзонг адæймæгтæ уыдысты, æмæ-иу сæ амæттæгтæ дæр уыдон уыдысты. Чи-иу бацарæфтыд, ууыл иууыл зæрдæмæхъаргæ марой чи кодта, уый – мад. Мад, кæцы йæ хъæбулты хъуамæ царды ифтонгæй ныууадза æмæ афтæмæй ацæуа сæ разæй, æрцæуæн кæцæй нæй, уыцы дунемæ…

Мад æрмæст йе ‘дзард хъæбул, кæнæ хъæбултыл табæтты уæлхъус нæ хъарæг кодта, уый-иу бахъуыд æвзонгæй йæ цардæмбалы дæр фæстаг фæндагыл афæндараст кæнын. Бацис-иу сыджыты хай йæ зынаргъ цардæмцæдис, йемæ-иу ын ахаста йæ царды ныфс æмæ-иу йæ зæрдæмæ ингæнау рухсы цъыртт нал калдис. Кæд-иу æм бакаст, кæд-иу батæфст, уæддæр, цы сидзæрты ныууагъта сæ да-рæг, уыдонмæ кæсгæйæ. Æмæ æвзонг мад йе ‘взонг идæдз уды хъардта, цæмæй йын æххормагæй ма амардтаиккой, уазалы ма басыдаиккой. Уый та алы хатт йæ къухы кæм æфтыд æмæ-иу сывæллæттыл, цæмæй æнхъæлмæ кæсгæйæ рæстæг ацыдаид æмæ сыл хуыссæг фæтых уыдаид, уый тыххæй «…сын дуртæ цуайнаджы фыхта» хъæдурты бæсты. Сæ мад та?.. «Гъай-да гъа! Кæуынæй нал æфсæст…». Кæй зæгъын æй хъæуы, алкæмæ ахæм «амонд» не ‘нхъæлмæ каст. Бирæ мæдтæ уыдис, сæ хъæбулы рыст чи нæ бавзæрста, идæдзæй йæ царды бонтæ чи нæ тыдта, фæлæ цымæ уыдон дæр райгонд уыдысты сæ цардæй? Нæ. Царды уæззау уаргъ сæ цардæмбæлттимæ иумæ хастой. Сылгоймаг уæвгæйæ, æдыхдæр уæвгæйæ, лæджымсæр куыстыты ифтыгъд уыдис мад, фæлæ хъæрзгæ никуы кодта. Уый нæ, фæлæ ма хæдзары сылгоймаджы куыстытæ дæр йæхи кæнинаг уыдысты, сывæллæттæм кæсын дæр уымæ хауд. Сывæллæттæй та ирон хæдзар цух никуы уыд – 5-12 сывæллон дзы уæддæр хъуамæ уыдаид. Стæй цардæмбал, æфсин, хицау, тиутæ, ходыгъ-дтæ! Сæ лæггадгæнæг чи хъуамæ уыдаид чындз – мадæй дарддæр!

Ирон мадæн йæ бирæ аудинæгтæ къуын-дæг кодтой йæ уды сæрибардзинад, йæ  хъуыдыты авнæлд. Уыдон æдзух баст уыдысты йæ æрвылбонон аудинæгтимæ æмæ йын æндæр атæлфæн ничердæм уыд. Йæ уды сæрибардзинад ын иннæрдыгæй та æлхъывтой, ирон фауддзаг æгъдæуттæй сылгоймагмæ чи хауд, уыдон, сæйраджыдæр та – уайсадын, тыхæй йæ моймæ дæттын, ирæдыл æй уæй кæнын, бинонты хъуыддæгты йын йæ хъуыды нæ хынцын æмæ æндæр ахæмтæ. Æгæрыстæмæй, суинаг мад йæхицæн цардæмбал равзæрстаид, кæрæдзийыл æмбæлдаиккой æмæ кæрæдзийæн сæ уарзты æнкъарæнтæ раргом кодтаиккой, уый фадат дæр-иу сын нæ уыд.

Ахæм уыд Иры бæсты – æмæ канд Иры бæсты нæ, мад-сылгоймаджы хъысмæт.

Советон хицауады æрбалæудæй нæлгоймæгты æмрæнхъ æмбарад райстой сылгоймæгтæ, мæдтæ дæр. Фадат сын фæцис царды æппæт къабæзты размæ рацæуынæн. Фæлæ бæстæ уыд ихсыд, мæгуыр, æмæ алкæмæ дæр сидтис хъазуат куыстмæ. Æмæ та ирон хъæуккон мад дæр аныгъуылд колхозон куысты, цæмæй йæ хъæбулты дардтаид.

Уæззау уыд дуг. Сæ сæрыхицæуттæ, сæ фырттæ мардысты мидхæсты азты, стæй культы азарæй, фæстæдæр та ноджы карздæр фыдæвзарæны Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. Мæдтæ афтæ зынтæй кæй хъомыл кодтой, уыцы хъæбултæ сын мингæйттæй уæззау тохы быдыры ирвæзтысты мæлæты хъæлæсы. Мæлæты хъæлæсы ирвæзтысты сæ цардæмбæлттæ дæр. Цал æмæ цал хæдзармæ бауасыд сау халон, цал æмæ цал хъæрмуд бинонтæ фæкъахыр сты! Цал æмæ цал мады скодтой саутæ сæ тохвæдис бæлццæттыл! Æмæ ма дзы бирæтæ иуы æвджид куы баззадаиккой. Дыууæ, æртæ, цыппар, фондз, æхсæз… Уалгай хъæбултæ, уалгай бæлццæттæй афтид абадтысты бирæ мæдтæ. Уæдæ Гæздæнты саударæг мадæн та хæст авд хæстоны æмбойны куы адавта…

Хæст алы хæдзармæ дæр хаста æнамонддзинад æмæ йыл зæрдæрисæй, куыстдзагъдæй фыццаг чи æмбæлд, уый уыдис мад. Мад фæрæзта, быхста дуджы уæззау æфхæрд, афтæмæй æмбæлд, тохы быдырæй ма йын хæстдзагъдæй чи раирвæзт, уыцы хъæбултыл, стыр Уæлахизыл.

Фæцис хæст, фæлæ уæззау дуг нæ фæцис. Не стыр Цæдисы хæст цыдæриддæр ныппырх кодта, уыдон æндидзын хъуыд. Æмæ та мад-сылгоймаг дæр, нæлгоймæгты æмрæнхъ басчъил кодта йæ дыстæ. Бирæты фæллойадон сгуыхтдзинæдтæ айхъуыстысты æгас бæстыл. Бирæтæ систы фæллойы хъайтартæ, бирæтæ та Мад-хъайтартæ. Сæ активон хайадистæй бæстæ цыд размæ, цард хуыздæрæй-хуыздæр кодта. Мады бауырныдта, йæ хъæбултæ сабыр арвы бын кæй цæрдзысты, сæ сомбон рухс кæй уыдзæнис, фидæны мæдтæ уыдонæй бирæ амондджындæр кæй уыдзысты.

Фæлæ… Æрбалæууыдысты ивгъуыд азы 90-æм азтæ. Æнæнхъæлæджы ныппырх не стыр Советон Цæдис. Адæмтæ кæрæдзимæ  знаджы цæстæй акастысты. Алы рæтты сирвæзтысты хæсты æртытæ. Бæстæ схæццæ. Уыцы дуджы азарæй уæлдай тынгдæр чи басыгъдысты, уыдонæй сты Хуссар Ирыстоны адæм дæр, сæйраджыдæр та  –  ирон мад.  Æмæ та Иры кæмтты айхъуыстысты ирон мады судзгæ хъарджытæ. Стæй канд марой нæ – цы нæ бавзæрста зындзинадæй, хъизæмарæй уыцы фыдазты. Цал æмæ цалæй фесты лидзинаг сæ уæзгуытæй сæ бинонтимæ. Æдзух тасы бын уæвгæйæ, йæ иууыл зынаргъдæрты цардæн тæрсгæйæ, уазал æмæ æххормагæй семæ æрвыста йæ бонтæ.

Фыдбон æмæ, дам, фыдлæгæн бирæ цæрæнбон нæй. Фесты та уыцы сау бонтæ дæр, фæлæ уæззау фæд ныууагътой адæмы, мады зæрдæйы. Цард ногæй æндидзын хъæуы, кæд уавæр сабыр у, уæддæр уыцы сабырдзинад нырма сæртæг у. Мады зæрдæ йыл æххæстæй нæма æууæнды. Мады фæнды, цæмæй иу æхст дæр макуыуал фæцæуа, нырæй фæстæмæ нæмыгæй макæй хъæбул амæла, алчи дæр дугæй уа рæвдыд æмæ дзы амондджынæй цæра, алчи дæр лæуд уа хорз хъуыддæгтыл…

Уыцы фæндиæгтæй хайджын у дæхæдæг дæр, Мад!

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.