Амондджын вӕййы уый, ӕппӕт йӕ цард ӕмӕ архайд йӕ радтӕг адӕмӕн лӕггад кӕныныл йӕ уд чи фӕхъары, сӕ хӕрзӕбоны тыххӕй чи фӕфыдӕбон кӕны. Ноджы амондджындӕр та свӕййы, ӕнустӕм хорзӕн йӕ ном кӕмӕн фӕмысынц, йӕ бакӕнгӕ фӕллӕйттӕ йын царды алы къабӕзты дӕр рӕгъмӕ куы рахӕссынц, стъалыйау сӕ развӕндаг ӕдзух куы фӕрухс кӕны. Уыцы кадджын ӕмӕ амондджын адӕймӕгты нымӕцмӕ хауы ирон музыкӕйы зӕрингуырд Галаты Барис Алыксандры фырт дӕр. Галайы фырт цы бирӕ фӕллӕйттӕ сфӕлдыста ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта, уыдон зонынц абоны фӕлтӕртӕ æмæ сæ  хъуамӕ зоной фидӕны фӕлтӕртӕ дӕр. Уыцы хъуыддагыл та кусынц йе ‘ввахс хиуӕттӕ – Гаглойты Лианӕ ӕмӕ Гӕбӕраты Андрей. Дзӕвгар у сӕ куыст ацы дыууӕ адӕймагӕн, нӕй сын ӕрӕнцой, ӕдзухдӕр хъуыды кӕнынц стыр адӕймаджы фӕллӕйттӕ парахат кӕныныл.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Галаты Барис йӕ рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны хӕхбӕсты зилгӕйӕ, ӕрӕмбырд кодта бирӕ зарджытӕ ӕмӕ цӕгъдтытӕ ӕмӕ дзы æстдæсимæ базонгӕ уыдзысты музыкӕуарзджытӕ. Цӕгъдтытӕ фыст уыдысты валиктыл, уыдонимӕ хъуыд арӕхстгай архайын, кӕннод ахӕм ӕвӕджиау хӕзна зӕл нал радтаид. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Петербургмӕ куы ныццыдысты диск цӕттӕ кӕнынмӕ, уӕд сӕхи рагацау бацамыдтой, Галайы фырты ӕввахс хиуӕттӕ кӕй сты, баххуыс ма сын кодта зынгӕ дирижер Гергиты Валери дæр. Ацы диск цалынмӕ рухс нӕ федта, уӕдмӕ Лианӕ ӕмӕ Андрейы фыдӕбон аххӕссыд дыууӕ мӕйы, йӕ рауадзыныл та бахардз 3 милуан сомы (ФОНД ПРЕЗИДЕНТСКИХ ГРАНТОВ). Уым Уастырджийы зарджытӕ ис 5, стӕй ма «Плиты Гиго. Дзомагъ», «Гасситы Керым. Дзомагъ», «Антъон», «Исахъ», «ДАДИ. Дзомагъ», «Илаты Дзибыртт» ӕмӕ ӕндӕртӕ. Хицӕн сыфыл сты Галаты Барис, стӕй Дзомагъгомы адӕмон зарӕггӕнджыты ӕмӕ Саулохты Гӕбыцы къамтӕ.   

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.