Стыр æнтыстытæ уыд хуссарирыстойнаг спортсментæн æвзæнгты ‘хсæн РЦИ-Аланийы чемпионаты уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты сæ тыхтæ фæлвæрдтой 2000-2002 азты гуырд богалтæ. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ рамбылдтой 3 сыгъзæрин, иу æвзист æмæ иу та бронзæ майданы. Фыццаг бынæттæ бацахстой Джиоты Андрей (65 кг), Джиоты Арсен (79 кг) æмæ Дзæгъиаты Сослан (92 кг). Дыккаг ссис Бестауты Андрей (125 кг) æмæ бронзæйон призер та ссис Плиты Владик (70 кг). Спортсменты бацæттæ кодта тренер Коцты Тамерлан.

«Ерысты нæ республикæйы минæвæрттæ сæхи тынг хорз равдыстой. Хуссар Ирыстоны нырыккон спортивон историйы нæ богалтæн РЦИ-Аланийы уагъдцæуæг ерысты ахæм æнтыст уыд фыццаг хатт», – банысан кодта Коцты Тамерлан æмæ радзырдта йæ богалтæ куыд архайдтой, уый тыххæй. – «Райдайдзынæн Джиоты Андрейæ. Уый равдыста тынг хорз хъæбысæйхæст. Хорз архайдта партеры дæр. Уый размæ йын Цæгат Ирыстоны уагъдцæуæг  ерысты  никуы бантыст рамбулын. Æххæстæй бæрæг нæу, цæмæн-иу афтæ рауад. Ныр-иу гауызмæ рахызт  йæ тыхтыл æууæндгæйæ. Æмæ та  равдыста, тынг перспективон богал кæй у, уый. Дзæгъиаты Сослан не ‘рцахуыр, фæстаг рæстæджы алы хатт дæр фыццаг бынæттæ кæй бацахсы, ууыл. Ныр ацы ерысты йæ сæйраг ныхмæлæууæг уыд æвзæнгты ‘хсæн дунейы чемпионаты призер Джыккайты Алик. Ацы тох нын уыд уæлдай ахсджиагдæр. Уымæн æмæ нæ æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты хæдразмæ  хъæуынц ахæм тыхджын ныхмæлæуджытимæ тохтæ. Ахæм æмвæзадыл богалты куы рамбулай, уæд Уæрæсейы чемпионатмæ дæр ныфсджындæрæй ацæудзынæ. Бестауты Андрей финалы бафæдзæхстытæм гæсгæ фæхæрд беслайнаг хъæбысæйхæцæг Хосонты Азæмæтæн. Дыууæ дæр фылдæр лæугæ кодтой æмæ кæрæдзийыл ранцай-банцай кодтой. Ацы тохæн стыр нысаниуæг нæ дæттын. Уымæн æмæ нæхи цæттæ кæнæм ацы кары спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионатмæ. Ацы уæзы ма нын хæцыд Тыджыты Анатоли. Уый дæр фæхæрд Хосонты Азæмæтæн.  Анатоли йæ ныхмæлæуджытæй уыд кæстæр, фæлæ уæддæр тынг хорз хæцыд. Сæйраджыдæр сæ цы домын, ома дæ тыхтæ иууылдæр радт æмæ кæронмæ хæц – уый равдыста. Æмæ мын уымæй тынг рухс кæны мæ зæрдæ. Плиты Владикы тыххæй та мæ бон у зæгъын уый, æмæ ерыстæй къуыри раздæр кæй фæрынчын гриппæй. Фæлæ ныр ахæм уавæ-ры ноджы хуыздæр  рахæцыд».

  ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.