Спорт æнæниздзинады хос у. Æмæ царды та иууыл сæйрагдæр æнæниз-дзинад у. Кæд скъолаты физкультурæйы уроктæ уагъд цæуынц, уæддæр уыдон фаг не сты æмбæлон физикон цæттæдзинад райсынæн.

Райдыдта ног ахуыры аз æмæ ныййарджытæ  тырнынц, цæмæй сæ сабиты спортивон секцитæм дæр бакæной. Бирæтæ нæ фæзонынц, кæм æмæ цавæр спортивон секцитæ уæвынад кæнынц. Мах азылдыстæм нæ республикæйы спортивон скъолатыл, цæмæй лæмбы-нæгдæр базонæм æмæ ныййарджытæн феххуыс кæнæм, сæ сабиты спорты цы хуызмæ радтой, уыцы фарсты.

Алина Кабаевайы номыл спортивон комплекс «Олимп»-ы ис ахæм секцитæ: ленк кæнын, эстетикон æмæ аивадон гимнастикæ, уæззау атлетикæ, бокс æмæ армрестлинг. Ацы агъуысты ма уæ-вынад кæны тренажерон зал æмæ фитнесы секци дæр. Тренажертыл чи архайынц, уыдон  сты инструкторты дæлбар. Цæрæн массивы районы цы спортивон комплексон скъола ис, уым ис хъæбыс-хæсты, уæззау атлетикæ, дзюдо, бокс, каратэ кекусинкан, гимнастикæ, волейбол, гандбол, баскетбол, стъоты теннис æмæ тхэквандойы секцитæ.

Хъайтарты уынджы Тедеты Дзамболаты номыл спортивон залы, уынджы ис ахæм секцитæ, куыд сæрибар хъæбысхæст, самбо æмæ дзюдо.

Футболæй, рог атлетикæйæ чи архайынц, уыдонмæ та æнхъæлмæ кæсынц Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы. Ам ма ис, рог атлетикæ, гимнастикæйæ чи архайынц, уыдонæн нырыккон тренажерон зал дæр.

Футболæй хъазынæн иттæг хорз уавæртæ ис «Лига чемпионов»-ы спортивон фæзуаты. Кæд нырмæ æрмæст-дæр лæппутæ архайдтой футболæй, уæд ныр та уыдон æмрæнхъ ам фæзындысты, чызджытæй футболмæ чи цымыдис кæнынц, уыдон дæр.

«Мæскуыйаг» микрорайоны хъæбыс-хæстæй цы спортивон скъола ис, уый дæр та сентябры байгом кодта йæ дуæрттæ. Ацы микрорайоны ма ис ленк-гæнæн бассейн «Дельфин» дæр. Уый нæ куыста сæрды мæйты, фæлæ та ногæй исын райдыдта сабиты.

Сывæллæтты галуаны ис ахæм секцитæ, куыд шахматтæ, æнæниздзинад хуыздæргæнæн гимнастикæ кæстæр кары сывæллæттæн. Ис ма дзы нырыккон кæфтытæ, брейк-дансæй секцитæ. Специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй брейк-данс кæд музыкæимæ баст у, уæддæр дзы бирæ ис, спортивон цæт-тæдзинад чи домы, ахæм элементтæ. Ам, цы бирæнымæц акробатикон номыр-тæ ис, уыдон сывæллонæй домынц           цырддзастдзинад æмæ фидар физикон цæттæдзинад.

Уымæй дарддæр ма куыд зонæм, аф-тæмæй иумиагахуыргæнæн скъолатæн сæхи мидæг дæр ис алыгъуызон секцитæ. Зæгъæм, 5-æм æмæ 6-æм скъолаты ис боксы секцитæ. 6-æм скъолайы ма ис волейболы секци дæр. Баскетболы уарзджытæн сæ бон у архайой скъола «Альбион»-ы. 9-æм скъолайы та уæвынад кæны секци айкидо. Ацы аз 12 скъолайы кæрты дæр фæзынд футболæй хъазджыты секци…

Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм хорз уавæртæ спорты фадыджы æрмæст го-рæты рæзгæ фæлтæрæн нæй, фæлæ республикæйы районты дæр. Къуайсайы горæты цы спортивон скъола ис, уым архайынц уæгъдибар хъæбысхæсты, волейболы, рог атлетикæйы æмæ шахматты секцитæ. Ам ма ис тренажерон зал дæр.Дзауы поселочы сывæллæттæн сæ бон у сæхи ныффысын кæной  уæгъдибар хъæбысхæсты, воллейболы, футболы æмæ рог атлетикæйы секциты. Хуыцъейы хъæуы астæуккаг скъолайы ма ис стъолы теннисы секци дæр. Ацы скъолайæн Дзауы районы администраци балхæдта лыжæтæ, цæмæй зымæгон бонты канд Хуыцъейы скъоладзаутæ нæ, фæлæ скъола-интернаты æмæ Дзауы астæуккаг скъолайы сывæллæттæн дæр уа фадæттæ лыжæтыл бырын сахуыр кæнынæн æмæ се ‘хсæн ерыстæ уадзынæн.

Знауыры районы цы спортивон скъола ис, уым дæр ис ахæм секцитæ: дзюдо æмæ футболы секцитæ. Афтæ ма рахицæн æрцæудзæнис хатæн шахматтæй хъазынæн.

Ленингоры районы ныридæгæн архайынц ахæм спортивон секцитæ дзюдо, хъæбысæйхæст, бокс, стъолы теннис, воллейбол æмæ футболæй.

Цъинагары хъæуы, конд æрцыд футбол, воллейбол æмæ теннисæй секцитæ. Ленингоры районы спорт æмæ физкультурæйы хайады нын куыд загътой, афтæмæй сæ зæрды ис республикæйы къухдариуæгадæй ноджы дыууæ уæлæмхас штат ракурын, цæмæй райцентры конд æрцæуа рог атлетикæ æмæ армрестлингы секцитæ дæр.

Уыдæттæй дарддæр ма нæ горæты бирæ районты арæзт æрцыдысты спортивон фæзуæттæ «Спорт в шаговой доступности»-йы программæйы фæлгæтты. Архайынц тренажерон залтæ, цыран сæ бон у се ‘нæниздзинад фидар кæной канд æвзонг фæлтæр нæ, фæлæ хистæр æмæ ацæргæ адæм дæр.

Ныртæккæ нæ республикæйы архайынц секцитæ спорты 21 хуызæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый ивгъуыд азтимæ абаргæйæ бæрæг хуыздæр у.

Бирæ спортивон объекттæ нæм кæй сырæзт, уый иттæг хорз бандæвта нæ рæзгæ фæлтæрыл. Спорты æндæр æмæ æндæр хуызы сын цы æнтыстытæ вæййы, уыдонæй райгонд стæм. Канд Цæгат Кавказы, Уæрæсейы нæ, фæлæ дунейы æндæр рæтты уагъдцæуæг ерыстæй нæ лæппутæ æмæ чызджытæй бирæтæ цы хорзæхтæ æрхæссынц, уый дæр ууыл дзурæг у.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.