Фæстаг азты рæзгæ фæлтæрæн хорз фадæттæ ис спорты алыгъуызон секциты архайынæн. Бирæ нæм ис спортивон уагдæттæ, фæлæ кæм цы секцитæ ис, уый алчи нæ зоны, уымæ гæсгæ сын сæ зæрдыл лæууын кæнæм, кæм цы спортивон секци ис.

Алина Кабаевайы номыл спортивон комплекс «Олимп»-ы ис ахæм секцитæ, куыд ленк кæнын, эстетикон æмæ аива дон гимнастикæ, уæззау  атлетикæ æмæ армрестлинг, хъæбысæйхæцын. Ацы агъуысты ма уæвы тренажерон зал дæр. Тренажертыл чи архайы, уыдон сты инструкторы хъусдарды бын. Цæрæн массивы цы спортивон комплексон скъола ис, уым ис хъæбысхæсты, уæззау атлетикæ, дзюдо, бокс, каратэ, тхэквондо, гимнастикæ, волейбол, гандбол, баскетбол, столы теннисы секцитæ.

Хъайтарты уынджы Тедеты Дзамболаты номыл спортивон залы ис ахæм секцитæ, куыд сæрибар хъæбысхæст, самбо æмæ дзюдо.

Футболæй æмæ рог атлетикæйæ  архайын кæй фæнды, уыдонмæ та æнхъæлмæ кæсынц Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы. Ам ис, рог атлетикæ æмæ гимнастикæйæ чи архайы, уыдонæн нырыккон тренажерон зал.

Футболæй хъазынæн иттæг хорз уавæртæ ис «Лига чемпионов»-ы спортивон фæзуаты дæр. Ам нырмæ кæд æрмæстдæр лæппутæ архайдтой футболæй, уæд ныр та уыдон æмрæнхъ æрæджы фæзынд, чызджытæй футболмæ чи цымыдис кæнынц, ахæм командæ дæр. Цалдæр азы размæ ацы фæзуаты  архайдта теннисы секци. Фæлæ йæ фæзуат бынтондæр фехæлд, цалцæг кæй нæ цæуы æмæ дзы тренировкæтæн уавæртæ кæй нæй, уый тыххæй рæстæгмæ урæд æрцыд ацы секци.

«Мæскуыйаг» микрорайоны хъæбысхæстæй цы спортивон скъола ис, уый дæр кусы æппынæдзух. Цæуынц æм 50 сывæллоны бæрц. Ацы микрорайоны ма ис  ленкгæнæн бассейн «Дельфин» дæр.

Сывæллæтты галуаны ис ахæм секцитæ, куыд шахматтæ. Ис ма дзы нырыккон кæфтыты кружоктæ, брейк-дансæй æмæ тхэквондойы секцитæ. Специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй брейк-данс кæд музыкæимæ баст у, уæддæр дзы бирæ ис, спортивон цæттæдзинад чи домы, ахæм элементтæ. Ам  цы бирæнымæц акробатикон номыртæ ис, уыдон сывæллонæй домынц цырддзастдзинад æмæ фидар физикон цæттæдзинад.

Уымæй дарддæр иумæйагахуыргæнæн скъолатæн сæхимидæг дæр ис алыгъуызон секцитæ. Зæгъæм 2 æмæ 6-æм скъолаты ис волейбол æмæ боксы секцитæ. Баскетбол уарзджытæн сæ бон у, архайой 2-æм, 9-æм скъолаты. 12-æм скъолайы кæрты та футболæй хъазджытæн ис секци.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, хорз уавæртæ спорты фадыджы æрмæст горæты рæзгæ фæлтæрæн кæй нæй, фæлæ ма республикæйы районты дæр. Къуайсайы горæты цы спортивон скъола ис, уым архайынц уæгъдибар хъæбысхæсты, волейболы, рог атлетикæйы æмæ шахмæтты секцитæ. Ам ма ис тренажерон зал дæр. Дзауы поселочы сывæллæттæн сæ бон у сæхи ныффыссын кæной уæгъдибар хъæбысхæсты, воллейбол, футбол æмæ рог атлетикæйы секцитæм Хуыцъейы хъæуы скъолайы ма ис стъолы теннисы секци дæр. Цалдæр азы размæ Дзауы районы администраци, ацы скъолайæн балхæдта лыжæтæ, цæмæй зымæгон бонты канд Хуыцъейы скъоладзаутæ нæ, фæлæ скъола-интернат æмæ Дзауы астæуккаг скъолайы сывæллæттæн дæр уа фадæттæ лыжæтыл бырын сахуыр кæнынæн æмæ сæ кæрæдзийы ‘хсæн уадзой ерыстæ. Знауыры районы цы спортивон скъола ис, уым дæр ис дзюдо æмæ футболы  секцитæ. Ленингоры районы архайынц ахæм спортивон секцитæ – дзюдо, хъæбысхæст, бокс, стъолы теннис, волейбол æмæ футбол. Ленингоры районы спорт æмæ физкультурæйы хайады куыд зæгъынц, афтæмæй сæ зæрды ис республикæйы къухдариуæгадæй дыууæ уæлæмхас штат ракурын, цæмæй райцентры конд æрцæуой рог атлетикæйæ æмæ армрестлингы секцитæ дæр.

Уымæй дарддæр ма цалдæр азы размæ, «Спорт в шаговой доступности»-йы программæйы фæлгæтты, горæты бирæ районты æрбайгом сты тренажерон залтæ. Ныртæккæ районты архайынц тренажерон залтæ, цыран сæ бон у се ‘нæниздзинад фидар кæной, канд æвзонг фæлтæр нæ, фæлæ хистæр кары адæм дæр. Бирæ спортивон объекттæ нæм кæй сырæзт, уый иттæг хорз бандæвта нæ рæзгæ фæлтæрыл. Спорты æндæр æмæ æндæр хуызы сын цы æнтыстытæ вæййы, уыдонæй райгонд стæм. Ууыл дзурæг у Цæгат Кавказы, Уæрæсе æмæ ма дунейы æндæр рæтты уагъдцæуæг ерыстæй нæ лæппу-тæ æмæ чызджытæй бирæтæ цы хорзæхтæ æрхæссынц, уый дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа