8 июны уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æртыккаг сессийы æхсæзæм рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан.

Рабадты райдианы депутаттæ æркастысты «Уæлвæткон уавæртæй фæдзæхсын æмæ сæ ликвидаци кæныны къабазы æмгуыстады къабазы Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы Хицауады ‘хсæн Сразыдзинад сратификаци кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проектмæ. Бавдыста йæ Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Дриаты Заза. Раздæр ацы фарстайыл уынаффæ цыдис профилон комитеты æмæ Парламенты Президиумы рабадтыты. Куыд банысан чындæуыд, афтæмæй Сразыдзинады нысан у æрдзон æмæ техногенон характеры уæлвæткон уавæртæй фæдзæхсын æмæ сæ ликвидаци кæныны æххуыс кæнын, кæцыты ликвидаци кæнын йæ бон нæу фæрстæй сæ иуы тыхтæ æмæ фæрæзтæй.

Депутаттæ æмхъæлæсæй рахæцыдысты Сразыдзинады ратификацийы æвварс. Дарддæр депутаттæ æркастысты «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æнæниздзинад хъахъхъæныны бындурты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны 26-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проектмæ. Уынаффæ кæнынмæ йæ рахаста Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæргълæууæг Плиты Александр. Уый фæндон бахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æнæниздзинад хъахъхъæныны бындурты тыххæй» закъоны 26-æм статьямæ ивындзинад бахæссын 3-аг хайы 2-аг пункт афтæ средакци кæнгæйæ:

Æнæниздзинад хъахъхъæныны паддзахадон организацитæ.

Закъоны проект фадат дæтты æнæниздзинад хъахъхъæныны паддзахадон организациты РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрады дæлбармæ рад-тын. Разамынад хуыздæр кæнынимæ ифтонг цæудзæн цæрджытæн медицинон æххуыс кæныны гуырахсттæ фылдæр кæнын, бакæнгæ медицинон лæггæдты гъæд бæрзонддæр кæнын, æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ æмбæстæгтæн социалон æххуысы системæйы цухдзинæдтæ иуварс кæнын, уымæн æмæ растдæр ацы фарстаты хъæуы æдзух оперативонæй скъуыддзаг кæнын. 2020 азы ног коронавирусы инфекцийы апарахатимæ сæвзæргæ эпидемиологион ситуацийы дæр.

Закъоны проекты депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл РХИ-йы Парламенты комитеты сæрдар Джиоты Еленæ æркæсынмæ рахаста «2020 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект. Ацы фарстайы фæдыл раныхас кодта РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ. Уый депутатты лæмбынæг базонгæ кодта ацы закъоны проектыл бакусыны сæйрагдæр фактортимæ.

Закъоны проектыл развæлгъау уынаффæ цыд æндæр æмæ æндæр æмвæзадтыл æмæ рацыд æмбæлон экспертон басгæрст.

Проекты хорзыл банымадта депутатон корпус.

Джиоты Еленæ ма депутатты размæ уынаффæ кæнынмæ рахаста «Бюджетон арæзтады æмæ бюджетон процессы бындурты тыххæй» Республикæ  Хуссар Ирыстоны Закъоны 45-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект. Фарсты фæдыл раныхас кодта РХИ-йы парламенты РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Куымæридтаты Аннæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, закъоны проектыл бакуыстæуыд РХИ-йы Президент æмæ РХИ-йы Хицауады Резервон фонд фæфылдæр кæныны фадат сифтонг кæныны нысанæн. Афтæ ма бамбарын кодта, радон финансон азы паддзахадон бюджеты нысан кæй цæуы РХИ-йы Президенты Резервон фонд 5 проценты бæрц саразын æмæ РХИ-йы Хицауады резервон фонд та –  3 проценты бæрц.

Хъæлæс кæныны фæстиуæгæн ацы закъоны проект ист не ‘рцыд.

Дарддæр депутаттæ æркастысты «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы фыццаг хаймæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проектмæ. Ацы Закъоны проекты дæр бавдыста Бюджет æмæ хъалонты фæдыл РХИ-йы Парламенты комитеты сæрдар. Джиоты Еленæ куыд банысан кодта, афтæмæй закъоны проекты нысангонд мадзæлттæ здæхт сты, ног вирусон инфекцийы апарахатимæ баст сæвзæргæ уавæры иууыл фылдæр кæмæн разиан чындæуыд, уыцы юридикон цæсгæмттæн, индивидуалон амалиуæггæнджытæн æмæ организацитæн баххуыс кæнынмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ закъоны проектимæ ис æппæт хъæуæг документаци, развæлгъау ыл уынаффæ цыдис профилон комитеты æмæ Парламенты Президиумы рабадтыты.

Закъоны проекты депутаттæ райстой фылдæр хъæлæстæй

Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл РХИ-йы Парламенты комитеты сæрдар Тъехты Алан уынаффæ кæнынмæ рахаста «2020 азы паддзахадон хъусдарды хуызтæ организаци æмæ æххæст кæныны хиæдты тыххæй» РХИ-йы Закъоны проет æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл амалиуæгадæн хатырон кредиттæ дæттынæн ахъаз кæныны Фонды бюджет æххæст кæныны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект. Фыццаг закъоны проектыл тыххæй дзургæйæ, Тъехты Алан банысан кодта, рæстæгмæ  (2020) дзы фидар кæй цæуынц РХИ-йы Хицауады уæлæмхас æххæстбартæ, кæцытæ здæхт сты цæрджыты æнæниздзинад хъахъхъæнын ифтонг кæнынмæ, уыимæ республикæйы ног коронавирусон инфекцийы апарахаты ныхмæ фæлæууын, амалиуæгады æмæ æндæр экономикон архайды субъектты закъонон интерестæ хъахъхъæнын æмæ оперативонæй мадзæлттæ исыны фадæттæ ифтонг кæнынимæ. Закъоны проекттæм æркæсыны фæстиуæгæн банысан чындæуыд, уыдоныл раздæр дæр кæй уынаффæ кодтой профилон комитеты æмæ Парламенты Президимы рабадтыты æмæ семæ кæй сты æппæт æнæмæнгхъæуæг документтæ.

Банысангонд закъоны проекттæ дæр фылдæр хъæлæстæй ист æрцыдысты.

Боны фæткы «æндæр æмæ æндæр фарстаты» Æлборты Алан бацымыдис кодта республикæйы Президент æмæ хицауады фондты ма цы æхцайы фæрæзтæ ис, уыдонмæ. Уый фæдыл финансты министр Хæбæлаты Азæ загъта, президенты фонды кæй ис 27 милуан сомы бæрц æмæ хицауады фонды та 13 милуан сомы бæрц.

Йæ рады Æлборты Алан банысан кодта, зæгъгæ, депутаттæ цæттæ сты, куы бахъæуа æмæ æхцайы фæрæзтæ куынæ фаг кæной, уæд бюджетмæ бæрæг ивындзинæдтæ бахæссынмæ, цæмæй «сырх зонæйы» кусæг меди-цинон кусджытæн лæвæрд æрцæуой разæнгардгæнæн бафыстытæ.

РХИ-йы Парламенты РХИ-йы Президенты минæвар Куымæридтаты Аннæ хъыгзæрдæйæ банысан кодта депутаттæ кæй нæ рахæцыдысты президент æмæ хицауады фондты бюджет фæфылдæр кæныны тыххæй, уый фæдыл.

«Мах нæ зонæм, цас фаг сты уыцы фæрæзтæ, цæмæй медицинон кусджытæн лæвæрд æрцæуой разæн-гардгæнæн бафыстытæ. Ахæм фарста не ‘взæрид, депутаттæ иууылдæр хъæ-лæс куы радтаиккой президент æмæ хицауады фондты бюджет фæфылдæр кæныны тыххæй, уæд. Зындгонд куыд у, афтæмæй уыцы бафыстытæй дарддæр ма фондтæ сфидар кодтой æнæхъæн номхыгъд, кæцы здæхт у социалон нысаниуæджы мадзæлттæ æххæст кæнынмæ», – загъта уый. Афтæ ма банысан кодта, президент æмæ хицауад кæй агурдзысты хъæуæг фæрæзтæ, фæлæ сын сæ фондтæ фæфылдæр кæнын парламент кæй аиуварс кодта, уый уыдзæн стыр ныхдур ацы здæхты. Загъта ма, зæгъгæ, афтæхуыйнæг «сырх зонæйы» кусæг медицинон кусджытæн дæр план цæуы хицауады фондæй бафидын.

РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги депутаттæн радзырдта республикæйы коронавирусы инфекциимæ цы уавæр ис, уый тых-хæй.

«Ситуаци у стабилон æндыгъд. Сыхаг республикæйы нырма дæр уавæр у уæззау æмæ уый мах дæр тыхсын кæны. Бирæ æмбæстæгтæ уым реанимацион хайады исынц специализацигонд медицинон æххуыс. Нæхи республикæйы тыххæй куы дзурæм, уæд ацы здæхты мобилизаци æрцыдысты министрады æппæт ресурстæ дæр», – загъта уый.

Депутаттæ ма уынаффæ кодтой республикæйы цардмæ хауæг æндæр æмæ æндæр фарстатыл дæр.

Сессийы куысты хайад райстой Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади, Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги, финансты министр Хæбæлаты Азæ,  РХИ-йы парламенты РХИ-йы президенты æххæстбарджын минæвар Куымæридтаты Аннæ, РХИ-йы Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб.

РХИ-йы Парламенты

Информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.