РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы къухдариуæгадæй цы радон рабадт ауагъд æрцыд, уым æруынаффæ кодтой 2018-2019 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализацийы фарстатыл.

Æмбырды дзырд цыдис Инвестпрограммæйы объектты арæзтады рæстæджы сæвзæргæ проблемæтæ æмæ фарстатыл.

Хицауады Сæрдар карзæй бафæдзæхста подрядон организациты къухдариуæггæнджыты, цæмæй уыдон æвæстиатæй æрæвналой Фидауынгæнджыты уынгыл 12-æм бирæуæладзыгон хæдзары агъуындæн куыстытæм.

«Куыстмæ уазал ахаст дарын æмæ æнæбары митæ акæнынæн алыхатт дæр вæййы ахæм уæззау фæстиуджытæ. Йæ куысты бæрндзинад чи не ‘нкъары æмæ куысты дисциплинæ чи халы, уыдон хъуамæ æрцæуой карз æфхæрд, æгæрыстæмæй сæ сæ куыстæй  ссæрибар кæныны онг», – загъта уый.

Æмбырды Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта Инвестпрограммæйы реализацийы цыдимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Ленингоры поселочы Къудухты Бесикы, Сталины уынгты æмæ Сæрибары фæзуатыл æвæрд æрцыдис асфальты дыккаг фæлтæр. Уый  куыд банысан кодта, афтæмæй асфальты дыккаг фæлтæр ноджыдæр æвæрд æрцыдис нæ горæты æртæ уынджы дæр. Кусджытæ ласынц мæр, архайынц тротуарты схæрзарæзт кæныныл. Мæйы кæронмæ æххæст æрцæудзысты æппæт куыстытæ дæр, хъæудзæнис ма сæ цъæхвæлыст скæнын.

Подрядон организаци арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Цхинвалы арæзтадон компани»-йы минæвар куыд фехъусын кодта, афтæмæй куыст цæуы парк схæрзарæзт кæныныл. Объекты активон куыст цæуы цъæхвæлыст зонæ схæрзарæзт кæнын æмæ йыл лыстæг хуыр ныккалыныл.

«Куыстытæ æххæст кæныны æмрæнхъ паркæн ныззакъаз кодтой рухсгæнæнтæ, æфсæйнаг фæхсбандæттæ, кæцытæ йæ ноджыдæр фæрæсугъддæр кæндзысты», – загъта уый. Дарддæр æмбырды хайадисджытæ æруынаффæ кодтой горæты уынгты арæзтадыл, гуырæн хæдзар, уазæгдон «Ирыстон», Гуфта-Къуайсайы автомобилон фæндаджы æмæ æндæр объектты арæзтадыл дæр.

Хицауады Сæрдар æрсидт арæзтæдты хайадисджытæм, цæмæй сæ куысты æнкъарой фылдæр бæрндзинад, сæ бакæнгæ куыстытæ та æххæст кæной гъæдджын æмæ снысангонд æмгъуыдтæм.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.