Ацы бонты æгас Ирыстон сбæрæг кодта æппæты кадджындæр бæрæгбонтæй иу – Реком. Цъæйы коммæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй   æрæмбырд бирæ адæм. Рекомы кувæндонмæ адæм æнусты цыдысты Ирыстоны алы къуымтæй.

Бæрæгбоны бон адæм сæ кæрæдзийæн кодтой зæрдиаг арфæтæ. Сæ кувинæгтæ æртæ чъири  æмæ бæгæныимæ цыдысты кувæндоны бынмæ. Хистæртæ скуывтой Уастырджимæ. Сæ куывды «оммен» комы нæрыд. Фæдзæхстой ирон адæмы æмæ райгуырæн бæстæйы тыхджындæр дзуарыл, куырдтой дунейæн сабырдзинад. Алы лæг дæр уый ам нымайы йæ хæсыл.

Рекомы Уастырджийы æгъдæуттæ сты сæрмагонд. Карз нозт, æвзæр ныхасæн дзы бынат нæй. Арфæтæ, хæларзæрдæ ахаст æмæ рухс, сыгъдæг æнкъарæнтæ. Нæлгоймæгтæ йæм фылдæр цыдысты урс дарæсы æмæ бæгъæввадæй.

Кувæндонмæ сылгоймæгтæ нæ цыдысты, сæ кувинæгтæ-иу барвыстой æмæ-иу сæ дзуары лæгтæ скуывтой. Алы хъæу дæр æвзæрста дзуары лæг. Уый йæ хъус дардта, бæрæгбон куыд цæуы, уымæ. Адæмы кувинæгтæй куывта, сæ мысайнæгтæ сын æвæрдта кувæндоны.

Сæйраг кувæндоны та ацы аз дæр фæсивæд суанг изæрмæ зарыдысты, кафыдысты, хъуыстис сæ хъæлдзæг ныхас.  Рагон симд, тымбыл кæнæ зилгæ кафт кувæндоны алыварс æрбатымбыл кодтой нæлгоймæгты  стырæй-чысылæй. Цæрæнбонты чи никуы скафыд, уый дæр йæхи ам нæ бауромы. Кафты алы фезмæлды дæр зыны дунейы равзæрды мидис, уæлмонц, адæмы иудзинад æмæ цард.

Таурæгъмæ гæсгæ, «Хуыцауы æртæ цæссыджы» кæм æрхаудысты, уым равзæрдысты æртæ кувæндоны – Мыкалгабыртæ, Таранджелос æмæ Реком.

Ис ма ахæм таурæгъ, зæгъгæ, раджы кæддæр Уастырджи сфæнд кодта ирон адæмæн кувæндон саразын, æмбийгæ чи нæ кæны, ахæм хъæдæрмæгæй. Ахæм бæлæстæ та задис æрмæстдæр Рекомы фæсхох хъæды. Уастырджи йæ галтæн ныффæдзæхста цъитиджын хæхты сæрты ахизын, уыцы хъæдмæ фæцæуын æмæ уырдыгæй хъæдтæ æрласын. Бæлæстæ сæхæдæг калдысты, уæрдæттæ сæхæдæг дзаг кодтой, æмæ галтæ уыцы æнахуыр хъæдæрмæг амынд фæндагыл ластой. Кувæндоны бынаты-иу уæрдæттæ сæхæдæг равдæлон сты, галтæ та фæстæмæ Уастырджимæ здæхтысты. Уый тыххæй   Рекомы кувæндон сырæзт æнæ адæймаджы æххуысæй…

Рекомы уыд ахæм миниуæг, æмæ-иу хæстмæ куы цыдысты, уæд-иу æфсымæрдзинад ам фидар кодтой. Ома, уыд æфсæддонтæн ахъазгæнæг дзуар. Фæндараст дзы кодтой æндæр бæлццæтты дæр. Ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæмæй Рекомы кувæндон фæзынд 14-æм æнусы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.