Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта æмбырд 2018-2019 азы Инвестпрограммæйы реализаци кæныны фарстаты фæдыл.

Министрты кабинеты сæргълæууæг хъусдард аздæхта Инвестпрограммæ реализаци кæныны хъуыддаджы цы министрадтæ æмæ ведоствотæ хайад исынц, уыдоны хуыздæр æмархайдмæ.

«Республикæйы Президент хæс æрæвæрдта, цæмæй ныры Инвестпрограммæйы фæлгæтты план цы æрцыд, уыцы мадзæлттæ уой гъæдджын æмæ рæстæгыл цæуой арæзт. Хæс æнтыстджынæй сæххæст кæнын баст у æппæт фæрсты оперативон æмархайдимӕ, чи куыд æмбары æмæ æххæст кæны йæ хæстæ æмæ иннæтимæ куыд архайы, уыимӕ. Уымæ гæсгæ уæ, курæг дæн, цæмæй архайат æнæлазæй, æххуыс кæнат уæ кæрæдзийæн иумæйаг фарстатæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы», – загъта Пухаты Эрик.

Уынгты хæрзарæзтады æмæ объектты арæзтадон куыстыты темæйыл дзургæйæ, уый æрдомдта, цæмæй хорз боныхъæдæй æмæ нырма бонтæ даргъ кæй сты, уыдонæй пайда кæной арæзтады темптæ фæбæрзонддæр кæныны.

Æмбырды ма ныхас кодтой ахæм фарстатыл, куыд Комаровы æмæ Сомихы уынгтæ, газы магистралмæ баиу кæнын, Ленингоры районы административон центрты инженерон хы-зæгтæм баиу кæнын, медицинон уагдæттæм бацæуæнты æнæзакъонон æгъдауæй брæттæ тымбыл кæнын æмæ æндæртæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.