Ног ахуыры азы æрбалæудимæ та фæндагон змæлды æдасдзинады инспектортæ райсомæй службæ хæссын райдыдтой скъолаты цур. Цалынмæ фыццаг урок нæ райдайы, уæдмæ инспектортæ фæлæууынц скъоламæ ‘ввахс фæндæгтыл, цæмæй ахуырдзаутæ æдасæй хизой фæндаджы иннæ фарсмæ. Уымæн æмæ райсомæй горæты фæндæгтыл вæййы бирæ автотранспорт æмæ сывæллæттæ фæтыхсынц, нал æй фæзонынц цы саразой.

Кæд æмæ кæддæрты фæндагон-транспортон цаутæ æрцæуы æнахъомы аххосæй, уæддæр ын йæ кары тыххæй барст вæййы. Фæлæ шофыртæй  ис ахæмтæ, кæцытæ горæты уынгты стыр тагъдадæй скъæргæйæ нæ фæхъуыды кæнынц, сæ размæ, гæнæн кæй ис, æмæ рахиза бæлццон. Уымæ гæсгæ æрцæуы бæллæх æмæ стæй аххосджынтæ фæагурынц. Ӕмбаргæ адæймаг æдасдзинадмæ афтæ уæлæнгай цæстæй куы кæса, уæд сывæллонæй цы домæн ис?

Инспектортæ ма сидынц сывæллæтты ныййарджытæм дæр, цæмæй сын уыдон развæлгъау бацамоной æдас маршруттæ хæдзарæй скъоламæ фæндагыл. Кæнæ та ныййарджытæй автомашинæйыл чи фæласы йæ ахуырдзауы скъоламæ, уыдон-иу сæ рахизын кæной æдас ран, ма уромой скъолаты размæ фæндаджы астæу æмæ ма аразой æндыгъддзинад.

Уроктæ куы райдайынц, уæд инспектортæ та дарддæр сæ службæйон хæстæ æххæст кæнынмæ ацæуынц – чи патрулмæ, чи постмæ. Ахæм мадзæлттæ стыр ахъаз сты фыдбылыз ма æруадзынæн, стæй ма ахуырдзаутæ дæр хуыздæр зонгæ кæнынц фæндагон фæткойтимæ. Ӕнæуый дæр сын инспектортæ арæх ауадзынц сæрмагонд уроктæ фæндагон змæлды æдасдзинады фæткойты фæдыл.

Уымæй уæлдай ма скъолаты æхсæвæй-бонæй службæ хæссынц паддзахадон унитарон уагдон «Ирбис»-ы кусджытæ. Уыдон хъахъхъæнынц скъолаты бæстыхæйттæ æмæ ма сæ хъус дарынц фæткмæ дæр.

                                   Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.