4-æм октябры информацион агентад «Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры  уагъд æрцыд «Европæйы ирон культурæйы бонтыл» дæс азы сæххæсты боны цытæн видеохид Цхинвал-Брюссель.

Юбилейон дæсæм «Европæйы ирон культурæйы бонтæ» уагъд цæуынц Брюсселы «Уырыссаг Хæдзары». Мадзæлттæ байгом сты Туаты Теминæйы киноныв «1100 лет традиций и самобытности»-йы премьерæйæ, кæцы баст у алайнаг чырыстондзинады историимæ, – загъта «Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы пресс-конференцийы рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æххæстбарджын минæвар, дунеон ассоциаци «Renaissance-Sandidzan»-ы къухдариуæггæнæг Пухаты  Радион.

Ирон культурæйы бонтæ уагъд цæуынц æрвылаз уыцы иурæстæджы цалдæр фæзуаты. «2020 азы плангонд уыд мадзæлттæ Греци æмæ Люксембургы ауадзын – фехъусын кодта Пухайы фырт. Уагъд цыдысты бадзырдтæ дыууæ фæзуатимæ, фæлæ нæ плæнттæм коронавирусы дунеон пандеми бахаста йæхи ивындзинæдтæ.  Тынг зын нын уыд æппæт мадзæлттæ аивын, уымæн æмæ бирæ бакуыстам сæ бацæттæ кæныныл.  Æхсызгон мын у, ацы аз нæ къухты мадзæлттæ сорганизаци кæнын æмæ ауадзын кæй бафтыд, уый».

Пухаты Радион ма радзырдта, зæгъгæ, сæрды Нидерландты Ван Гогы музейы уагъд æрцыд масштабон равдыст, цыран уыдис 23 ирон нывгæнæджы 100 куыстæй фылдæр. «Брюсселы цы мадзæлттæ уагъд æрцыдысты, уыдон баст уыдысты Республикæ Хуссар Ирыстон расидыны боны æмæ Аланыстоны дзуарæфтыдыл 1100 азы сæххæсты бонимæ. Мадзæлттæ рауадысты æнæпрецедентон сæ гъæдмæ æмæ масштабтæм гæсгæ, æрбацæуджытæм та сæвзæрын кодтой стыр цымыдисдзинад», – банысан кодта Пухайы фырт.

Фæстаг равдысты экспозицимæ æрбацыд  ацæргæ адæймаг, кæцы радзырдта, зæгъгæ, уый лекцитæ каст Голландийы Аивæдты академийы. Равдысты нывтæ феныны фæстæ, уый бахаудта егъау тæлмæнты бын – иууыл фылдæр Кæсойты Лаврент æмæ Чилæхсаты Магрезы куыстытæй. Ноджы ма йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты Къадзты Вадим æмæ Пухаты Вадимы конд нывтæ дæр.

Видеохиды рæстæджы Пухаты Радионмæ радтой фарст, зæгъгæ, дæ къухты куыд бафтыд Ван Гогы музейы равдыст сорганизаци кæнын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый кусы музейы, цыран мæйы дæргъы иу хатт уадзы экскурситæ, бацæуджытæн радзуры Ван Гогы сфæлдыстады тыххæй. Музейы къухдариуæгад ын сарæзтой йæ къух, уæззау уавæрмæ нæкæсгæйæ æмæ сразы сты ацы равдыст ауадзыны тыххæй.

Брюсселы алы æмæ алы кары ирон нывгæнджыты равдыст «Вдохновение»-йы экспозици равзæрста Пухаты Радион йæхæдæг. «Стыр хъыгагæн, нывгæнджытæн сæ бон не свæййы равдысты хайад райсын. Ныртæккæйы рæстæджы тынг зын у æппæт дæр сорганизаци кæнын, фæлæ сæйраг у къухтæ ма ауадзын. Æрцæудзæн рæстæг æмæ алцыдæр уыдзæн хорз», – банысан кодта уый.

Йæ рады, РХИ-йы Культурæйы министрады нывкæнынады аивады фæдыл сæйраг специалист Цхуырбаты Джульеттæ банысан кодта, зæгъгæ, Пухаты Радион кæны стыр куыст, Ирыстоны æддейæ уæвгæйæ. «Культурæ у кæцыфæнды адæмы бындур. Ван Гогы музей æцæгæйдæр у уникалон фæзуат. Иууыл ахсджиагдæр та уый у, æмæ ирон адæмы культурæ кæй бахъахъхъæдта йæ национ хæдбындурдзинад вазыгджын историон трансформациты рæстæджы, афтæ ма бахъахъхъæд æрцыдысты йæ бындурон элементтæ дæр æмæ нын уымæ гæсгæ ис нæхи культурон кодтæ, кæцы у тынг ахсджиаг. Цæмæй æппæт уыдæттæ бахъахъхъæнæм, уый тыххæй нын æнæмæнгхъæуæг у æмархайд кæнын», – банысан кодта Цхуырбаты Джульеттæ.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй  Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрад план кæны ног фæзуаты бакусын. «Санкт-Петербурджы Чехойты Асланы музейы нын фæзынд тынг хорз равдыстыты фæзуат. Уый у музейæн йæ саразæг, æмæ йæ меценат дæр. Йæ бинонтæ организаци кæнынц равдыстытæ æмæ уыдон бацархайдтой равдысты фæзуат нын радтыныл æмæ ныртæккæ куыст цæуы ууыл. Ацы хъæппæрисы æвварс рахæцыд республикæйы президент Гаглойты Алан дæр», – банысан кодта Цхуырбаты Джульеттæ.

Афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Пухаты Радионы архайд стыр пайда хæссы Хуссар Ирыстонæн культурæйы рæзты æмæ ирон сфæлдыстад пропагандæ кæныны хъуыддаджы.

Видеохиды кæрон Пухаты Радион радзырдта йæ дарддæры плæнтты тыххæй. Загъта, зæгъгæ, равдыстытæ, пленэртæ æмæ концерттæ сорганизаци кæныны  тыххæй  йæм фæндæттæ цæуы алы бæстæтæй, куыд зæгъæм, Бразили, Инди, Марокко, Турк, Китай æмæ æндæр паддзахадтæй. План кæнынц фæззæджы кæронмæ 2023-2024 азтæн мадзæлтты план саразын дæр.

Пухаты Радион ма куыд радзырдта. Уымæ гæсгæ сын мадзæлтты фæлгæтты плангонд уыд тымбыл фынг «Æмгуыстады хидтæ»-йы темæйыл ауадзын. Фæлæ визæтимæ проблемæйы, комкоммæ авиарейсты æмæ Европæйы бæстæтæм балцытимæ вазыгджын уавæрты тыххæй аскъуыддзаг кодтой тымбыл фынг аивын, цыран хайад райстаиккой Ирыстон æмæ Европæйы сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ. Фæлæ йæ ныфс ис иннæ хатт сын кæй бантысдзæн ноджы фылдæр мадзæлттæ сорганизаци кæнын.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.