Фæндагон змæлды æдасдзинады фæткойтæ хынцын, фæндагон змæлды бархалæн цаутæ æмæ æндæр фарстытыл дзырд цыд Хуссар Ирыстоны дислокацигонд уæрæсейаг цыппæрæм æфсæддон базæйы территорийыл цы конференци уагъд æрцыд, уым. Конференци уагъд цыд «Единый день водителя»-йы фæлгæтты æмæ йæ нысан уыд, цæмæй Хуссар Ирыстоны территорийыл алы æфсæддон службæгæнæгæн дæр бамбарын кæной фæндагон  змæлды  æдасдзинады хъуыддаджы закъондæттынады домындзинæдтæ.

Цыппæрæм æфсæддон базæйы Автомобилон службæйы къухдариуæггæнæг Алек-сандр Сосенков мадзалы хайадисджытæн радзырдта, фæндагон змæлды фæткойтæ чи хала, уыцы уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты мыздтæй кæй уромдзысты бæрæг проценты. Ацы мадзæлттæ ист цæуынц закъонмæ гæсгæ, цæмæй алы æфсæддон службæгæнæг дæр æнкъара бæрндзинад æмæ дисциплинæ, ма хала фæндагон змæлды фæткойтæ. Александр Сосенков æрхаста, фæндæгтыл автотранспортон æнамонд цауты рæстæджы уды зиæнтты статистикæ, уыдоны ‘хсæн, хъыгагæн, вæййы сывæллæттæ дæр. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ фæстаг мæйы дæргъы æмткæй Уæрæсейы территорийыл фæндагон-транспортон цауты фæстиуæгæн фæмард 174 сывæллоны… Уыцы авритæн сæ 92 проценты æрцыдысты сырх рухс судзыны рæстæджы, ома, автомашинæйæн аскъæрыны бар куынæ уыд, уæд. 5 проценты та шофыртæ уыдысты нозтджын æмæ 3 проценты та –  фæндагон змæлды рæстæджы транспорты змæлды тагъдад фæбæрзонддæр кæныны аххосагмæ гæсгæ.

Фæндагон-транспортон змæлды фæткойтыл дзургæйæ, Сосенков дзырдта æрмæст Уæрæсейы территорийыл æрцæугæ æнамонд хабæрттыл нæ, фæлæ ам – Хуссар Ирыстоны транспортон цаутыл дæр. Æрсидт фæндæгтыл сабыр скъæрынмæ, уымæн æмæ тагъд скъæрын æхсар æвдисæн нæу, фæлæ – æнæсæрфатдзинады. Иумийаг пайдакæнынады нысанæн фæндæгтыл транспорт тагъд скъæрыны бар нæй, уымæн æмæ ма дзы пайда кæнынц æндæртæ дæр.

Фæндагон-транспортон цаутæн анализ аразгæйæ, Автомобилон службæйы къухдариуæггæнæг банысан кодта, фылдæр аваритæ баст кæй сты автотранспорт скъæрыны тагъдад фæбæрзонддæр кæныныл. Фæстæ нæ лæууы, шофыртæ транспорт нозтджынæй куы скъæрынц, уыцы хъуыддаг  дæр.

Конференцийы рæстæджы ма дзырд цыд ууыл дæр, æмæ Уæрæсейы Федерацийы æфсæддон структурæты æндæр бæстæйы æмбæстæгтæ куы службæ кæной, кæцытæн нæй уæрæсейаг хуызæджы транспорт скъæрыны бартæ, уæд уыдонæн УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады техникæ эксплуатаци кæныны бар нæй.

Автомобилон службæйы къухдариуæггæнæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ахæм рæстæджы бартæ чи хала, уыдон тыххæй бæрндзинад хæсдзысты бæрнон кусджытæ, суанг ивар кæныны онг, кæцыйы бæрц у 50 мин сомы.

УФ-йы 4-æм æфсæддон базæйы Æфсæддон автоинспекцийы сæргълæууæг Андрей Каршин та æрсидт æрмæст шофыртæм нæ, фæлæ сæ æмбæлццæттæм дæр, цæмæй ахæм рæстæджы уыдон дæр æвдисой æмбæстагон позици æмæ бандавой фæткхалджытыл.

Конференцийы хайадисджытæн равдыстой æнамонд цаутимæ баст видеоæрмæджытæ.

«Видеоæрмæджытæ фæтæрсын кæныны нысанæн не ‘рцыдысты æвдыст, фæлæ цæмæй ноджыдæр алчидæр уæлдай хатт, транспортон фæрæзыл сбадгæйæ, бæрндзинад æнкъара. Уымæн æмæ, хъыгагæн, æфсæддон службæгæнджытæ фæндæгтыл цы бархалæн цаутæ æруадзынц, уыдоныл хицæнæй куы уынаффæ кæнæм, уымæн нæ бирæ рæстæг бахъæудзæн», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Уæдæ хорз уаид æмæ фæндагыл цæуæг алы бæлццон дæр, алы шофыр дæр æфсæддон службæгæнæг уа æви æмбæстагон адæймаг, транспортыл сбадгæйæ, æнæ фыдбылызæй куы хæццæ кæнит бынатмæ. Уымæн ахъазгæнæг та у сабыр скъæрын. Уæд тасы не ‘ппариккам нæхи, не ‘ввахс адæймæгты, не ‘мгæртты æмæ сывæллæтты цард, æмæ йæ æппынæдзух нæ зæрдыл хъуамæ дарæм.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.