Æрæджы Воронежы областы горæт Чижовы æфсæддон фидары æвæрд æрцыдис Цæгат Ирыстоны раздæры æмбæстаг, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатырдзинæдтæ æвдисæг æмæ фæмардуæвæг Дзотты Лазары бюст. Иу тохы рæстæджы Лазар йе взводы хæстонтимæ цалдæр бон сæ фæндаг рыхгæдтой фашистæн. Уыимæ ма дзы скуынæг кодтой дзæвгар, фæлæ йæхæдæг дæр бабын знаджы нæмыгæй. Уыцы тохты тыххæй Лазарæн фæнд кодтой хъайтары ном радтын, фæлæ цыдæр аххосæгтæм гæсгæ  æххæст не ‘рцыдис.

Бюст байгом кæныны церемонийы хайад райстой Лазары хæстæджытæ. Хæстонмæ ахæм ахасты тыххæй уыдон бузныг загътой, бюст сывæрын кæй хъуыдымæ æрцыд æмæ йæ чи сæвæрдта, æппæт уыдонæн.

Йе ‘фсымæры лæппу Дзотты Лазар та банысан кодта, зæгъгæ, мыл ном дæр Лазар сæ-вæрдта æмæ мæ йæхи номæй кæй схуыдта, уымæй æз дæн буц æмæ сæрыстыр. Лазар абон  кæстæртæн у цæвиттойнаг, бинонтæн та – сæ кад. Сабийæ бирæ хъуыстон йæ хæстон хъæбатырдзинæдты тыххæй. Абон кæд ме ‘нкъарæнтæ равдисын æххæстæй нæу мæ бон, уæддæр æз дæр стыр бузныг зæгъын, бюст бакæныныл чи бакуыста, уыдонæн.

Уыимæ ма Лазар банысан кодта, зæгъгæ, нæ хæстон æмæ хъæбатыры тыххæй йæ хиуæттæ фæнд кæнынц, цæмæй бахатой Воронежы областы æмæ Цæгат Ирыстоны разамынæдтæм æмæ сын баххуыс кæной Уæрæсейы президент Владимир Путинмæ бахатыны хъуыддаджы. Владимир Путинмæ та бахатдзыстæм, æмæ Дзотты Лазарæн йæ амæлæты фæстæ лæвæрд æрцæуа Советон Цæдисы Хъайтары ном.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.