Ныр цалдæр азы дæргъы горæт Цхинвалы Вокзалгæрон цæрæг адæм хъаст кæнынц милицимæ æмæ æндæр инстанцитæм, цæмæй сын исты баххуыс кæной сæ проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн. Сæ уавæр та ахæм у, æмæ тыхсынц таксисттæй, кæцытæ æрбынат кодтой сæ рудзгуыты бын æмæ сын халынц се ‘нцойад. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, таксисттæ ацы ран вæййынц суанг æрдæгæхсæвтæм, фæныхас кæнынц хъæрæй, стæй ма сæ арæх сирвæзы æнæгъдау ныхæстæ дæр, æмæ ма сæ маши-нæты кусынмæ дæр райхъал вæййынц æхсæвыгæтты.

Уавæр хынцгæйæ, милицийы Фæндагон змæлды æдасдзинады управленийы кусджытæ цæрæнуæтты цур ныссагътой цæджындз сæрмагонд нысанимæ, ома дзы машинæ уромыны бар нæй. Фæлæ кæдфæндыдæр ам æрбаййафæн ис машинæтæ. Инспектортæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй ацы машинæты хицæуттæй бирæтæ разынынц ацы цæрæнуæтты цæрджытæ, фæлæ закъон алкæмæн дæр иу у. Дардæй бакæсгæйæ та йæ нæ рахатдзынæ, таксисты машинæ дзы кæцы у, уый. Æмæ лæмбынæг куы ахъуыды кæнæм, уæд бынæттон цæрджытæ сæ машинæтæ кæм хъуамæ уромой?  Ныр сын таксистты тыххæй сæ хæдзармæ æввахс машинæ бауромыны бар дæр ма уа?

ХАЛЫНЦ ЦÆРДЖЫТЫ ÆНЦОЙАД

Милицийы кусджытæ рæстæгæй-рæстæгмæ ам ауадзынц рейдон мадзæлттæ æмæ йæ машинæ æнæран бынаты урæд кæмæн вæййы, уыдоны хи-цæутты фæивар кæнынц. Цалдæр боны размæ дæр та ауагътой ахæм рейдтæ æмæ та сарæзтой суагъæтæ фæткхалджытыл.

«Куыд сбæлвырд кодтам, афтæмæй машинæ бауромыны фæтк фехалынц куыд таксисттæ, афтæ бынæттон цæрджытæ дæр. Ам цы сæрмагонд нысан æвæрд ис, уымæ гæсгæ цæрæн хæдзармæ 100 метрæй æввахсдæр нæй машинæ уромыны бар. Афтæмæй та закъоны раз иууылдæр дзуапп дæттынц æмхуызонæй», – банысан кодта инспектор.

Милицийы кусджытæ рейдты рæстæджы бафæдзæхстой таксистты, цæмæй сæ машинæтæ бауромой автовокзалы бæстыхаймæ æввахс, цæмæй фæндагон змæлды фæткойтæ дæр ма халой æмæ бынæттон цæрджыты сабырад дæр. Фæлæ йæ ивар чысыл суммæ кæй у, уымæ гæсгæ абон дæр уромынц сæ машинæтæ, кæм сæ фæнды, уым. Инспектортæн ма дарддæр сæ бон у, цæмæй сыл административон суагъæтæ саразой, фæлæ уымæн дæр карз æфхæрдыл банымайæн нæй. Æмæ кардиналонæй куы ницы фæива, уæд рæхджы ацы проблемæ нæ аскъуыддзаг уыдзæнис, уымæн æмæ ахæм рейдон мадзæлтты фыццаг хатт не ‘рцыдысты уагъд ацы ран.

Джиоты Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.