Алы хъуыддаг дæр фæндагæй райдайы, даргъ уа, æви цыбыр, зын æви рог, уымæ нæ кæсгæйæ. Мах цыдыстæм къахвæндæгтыл, пайда кодтам бæхвæндæгтæй, уæрдонвæндæгтæй. Абон нæ къахæй цæуыны сæр уыйбæрц нал хъæуы. Тынг нал пайда кæнæм бæх æмæ галæй дæр æмæ  нæ сæ фæндæгтæ дæр тынг нал хъæуынц. Афтæмæй та фæндагыл цæугæйæ у. Нæ йыл цæуыс, уæд раууатмæ, æдзæллаг уавæрмæ цæуы. Æмæ сыл кæрдæг зайы, кæнынц тулгæдурты, лæсæнсыджыты æмæ рæстæджы фæлмы бын дæр.

Абон æндæр дуг у.  Цы фæндæгты хуызты кæй скодтон, уыдон адæймагæн сæ къух нал аразынц æмæ сæ ивынц уæрæхдæр, лæгъздæр фæндæгтæй – машинæвæндæгтæй. Сарæзтам мах дæр алырдæмыты асфальт фæндæгтæ æмæ сæ дарддæр аразæм. Аразæм, æмбæлон уагмæ кæнæм нæ хъæутæм фæндæгты дæр æмæ уымæй бирæ æнцондæр кæны хъæууон лæджы цард, уæлдайдæр та дæрдтаг хъæуты чи цæрынц, уыдонæн.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, алы паддзахадæн дæр йæ цæрджыты царды æмвæзад цахæм у, уый, сæйраджыдæр, бæлвырд цæуы сæ фæндæгты уавæрæй. Æмæ уый кæд афтæ у, уæд нæ царды æмвæзад хъуамæ уаид, ныр цас у, уымæй бирæ бæрзонддæр. Æмæ афтæ кæй нæу, уымæн та ис йæхи аххосæгтæ. Мах, зæгъæн ис, 2008 азы августы хæсты агъоммæ дыууын азы бæрц рæстæг размæ нæ цыдыстæм, фæлæ нæ рæзты цы æмвæзадыл уыдыстæм, уымæй нæ аппæрста бирæ фæстæдæр, августы хæст та февзæрын кодта, бынтондæр пырх æмæ дæрæн чи ‘рцыдис, уыцы республикæйы. Æмæ уæдæй кæд фараст азы рацыд, кæд бирæ цыдæртæ сарæзтæуыд, уæддæр нæ хъæуы ноджы бирæ  фылдæр саразын, цæмæй алы цæрæгæн дæр хæрзвадат уа цæрынæн, йæ бон уа царды йæ рухс бæллицтæ æххæст кæнын, æрыгон адæймагæн уа æппæт фадæттæ дæр æппæтфарсон рæзтæн.

Дзырд фæндæгтыл кæй цæуы, уымæ гæсгæ кæй хуыздæр, æнцондæрцæуæн кæнынц, уый хорз хъуыддаг у, фæлæ уыдон арæзт цæуынц Уæрæсейы стыр æххуысы руаджы, нырма сæ арæзтады нæ бавæрд нæ зыны. Цæмæй сæ нæхи фæрæзтæй, æнæ искæйы æххуысæй аразæм, уый тыххæй нæм хъуамæ уой уыцы фæрæзтæ. Æмæ цæмæй уой, уый тыххæй та хъуамæ сæндидза нæ сæудæджерад, нæ хъæууон хæдзарад, æфтиаг чи дæттой, æндæр ахæм къабæзтæ. Цæмæй нæ бюджеты йедзаг кæнæм нæхи æхцатæй æмæ уыдонæй аразæм нæ цард. Уый зын хæс у, цыбыр рæстæгмæ йын аскъуыддзаггæнæн нæй, фæлæ йыл хъæуы уæхскуæзæй кусын. Хорз у нæ сæудæджерады кæй фæзындысты хицæн куыстуæттæ, кæцытæн сæ продукци æлхæнынц куыд бынаты, афтæ Уæрæсейы базары дæр. Хицæн гуырахстджын проекттæ æххæст цæуынц хъæууон хæдзарады дæр æмæ ныфсæвæрæн ис, нæхи тыхтæй нæ фидæны тагъд рæзтæн хорз бындур кæй сты, уымæй. Уый у, кæй бахъахъхъæдтам æмæ йæ хæдбардзинад дунейы аренæйы нымад кæмæн æрцыд, уыцы паддзахады рæзты фидар бындур дæр.

… Фæндæгтæ нæм ис, хæрзарæзт сосæвæндæгтæ. Уыдон куы уой, уæд сыл хъуамæ тулой цæлхытæ дæр, ома, сыл згъорой машинæтæ. Машинæтæ та алыгъуызæттæ сты. Абон сæ тынг нал дих кæнынц паддзахадон æмæ хисæрмагонд машинæтыл. Раздæр рог машинæтæй дарддæр иннæтæ паддзахадон машинæтæ уыдысты. Ныр дзы уыцы арæн нал ис, фæлæ рог машинæ уæддæр рог машинæйæ баззад, уæзтæласæн машинæ та – уæзтæласæн машинæйæ. Дзырд дæр ыл нæй, нæ фæндæгтыл, сæйраджыдæр, рог машинæтæ кæй сты хицæуттæ. Алцыдæр, дам, абаргæйæ рабæрæг вæййы, æмæ та нæ царды æрмæст æввахс ивгъуыдмæ куы акæсæм, уæд фендзыстæм, рог машинæйы хицæуттæ иу стæмтæй дарддæр кæй ничи уыдысты. Ныр акæс æмæ бирæты хæдзæртты раз – дыгай, æртыгай рог автомашинæтæ. Нæ зонын, уый нæ царды размæдзыдыл дзурæг у, æви адæм социалон дихдзинад кæй æййафынц, æхцайы куыст æмæ зондгуыст кæрæдзи кæй не ‘ййафынц, ууыл, фæлæ, æвæццæгæн, дыккаг хъуыды растдæр уыдзæн.

Æмæ згъорынц нæ ногарæзт фæндæгтыл рог машинæтæ. Фæндагыл та æнæхъуаджы ничи цæуы – алчидæр йæхи хъуыддæгт фæдыл – чи йæ хæдзары хъуыддæгтæ æрбæстон кæныны, чи уазæгуаты, чи хи æрдзы хъæбысы аирхæфсыны фæдыл. Уый дæр хорз у, фæлæ фæндæгты сæйрагдæр хæс æндæр у. хъуамæ сыл цæуой стыр уæзтæ ласæг машинæтæ иуæрдæм дæр æмæ иннæрдæм дæр. Фæндæгтæ сты экономикæйы размæцыды сæйрагдæр уавæртæй сæ иу. Фæндæгтæ аразынц экономикон бастдзинадтæ хицæн æмæ хицæн регионтимæ, хицæн æмæ хицæн бæстæтимæ. Хистæр фæлтæр хорз хъуыды кæндзысты, Цхинвал-Къуайсайы фæндагыл æнæсцухæй куыд цыдысты машинæтæ. Ноджы ма йæ зæгъон, уæд афтæ арæх нæ уыдысты рог автомашинæтæ, фæлæ йыл дыууæрдæм кодтой уæзласæн машинæтæ. Къуайсайæ ластой зды-цинчы концентрат, Къуайсамæ та – æрзæркъахæн маданты, шахтерты, æмткæй цæрджыты кусын æмæ цæрынæн цы хъуыдысты, уыдæттæ. Уымæй дарддæр хæхбæсты уыдысты колхозтæ, совхозтæ сæ хъæууонхæдзарадон техникæимæ æмæ уыдон дæр сæ хъуыддæгты фæдыл цыдысты ацы фæндагыл æмæ афтæмæй йæ бавæрд хаста уæды областы, уæды Цæдисы экономикæйы рæзтмæ. Ныр ацы фæндагыл Къуайсамæ уæзтæ нал ластæуы, уымæн æмæ ницыуал уадзынц, Къуайсамæ кæд ласынц, уæддæр арæзтадон æрмæджытæ, цæмæй зын уавæры бахауæг къуыдаргомы цæрджытæн иучысыл уæддæр се ‘нцой балæууой. Афтæ ма ацы ‘рдæм ласынц, арæзтцæуæг Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтадæн æрмæджытæ. Фæлæ та уыцы æрмæджытыл дæр, уыцы фæндагарæзтадыл дæр нæхи бакусгæ æхцатæ нæ хардз кæнæм – Уæрæсейы æххуысæй арæзт цæуынц.

Ныртæккæ алыгъуызон уæзтæ ласæн машинæтæ цы фæндагыл цæуынц, уый у Цхинвал-Дзæуджыхъæуы автомобилон фæндаг. Уый дæргъвæтин хæстон азты уыдис нæ ирвæзынгæнæг, ацы фæндагыл августы хæсты фæстæ Уæрæсейы алы рæттæй уæзласæн машинæтæ гумманитарон æххуысимæ цыдысты нæ сыгъд æмæ уырыд зæхмæ. Æмæ абон дæр уый у иунæг ахæм фæндаг, кæцыйыл машинæтæ æххуысы хуызы Уæрæсейæ ласынц, цæрынæн, цард аразынæн нæ цыдæриддæр хъæуы, уыдон. О, фæлæ уыцы уæзтæласæн транспорт фæстæмæ, иу стæмтæй дарддæр здæхынц афтидæй – цы товартæ, хомыс, æндæр хуызы уæзтæй сæ байдзаг кæнæм æмæ уæрæсейаг фæлхасгæнæджы размæ цы рахæссæм, уымæй нæм нырма уадиссаг ницы ис.

Экономикæйы рæзт домы транспорты змæлд, хомысы æмæ цæттæ продукцийы иу ранæй иннæ ранмæ ласын. Нырыккон дуне афтæ арæзт у æмæ товартæ, æндæр алыгъуызон уæзтæ арæн нæ зонынц. Сæ æлхæнджыты, фæлхасгæнджыты агургæйæ, æрзилынц зæххы къорийыл æмæ нæм фæхæццæ вæййынц. Уыцы дунеон базармæ транспорт хъуамæ ласа нæ рауадзгæ продукцийы дæр, уымæн æмæ стæм уыцы дунейы иу хай.

Нырыккон дунейы фæндæгтæ æмæ транспортæн иттæг ахсджиаг нысаниуæг ис, фæлæ уæддæр сæйраг адæм сты – уыцы фæндæгтæ чи аразы, транспорты сыл чи змæлын кæнынц, уыдон, ома, фæллойадон ресурстæ.

Хъыгагæн, ивгъуыд хæстон азты мах нæ фæллойадон ресурсты бирæбæрцæй ныппаплой кодтам. Бирæтæ сæ дæсныйадæй, сæ арæхстдзинад æмæ зындзинæдтæй кæм спайда кодтаиккой, уый нал уыд – фесæфтой сæ куыст æмæ иутæ хуыздæр цардагур, сæ дæсныйадыл ногæй фæхæст уæвыны æнхъæл фæлыгъдысты республикæйæн æдтæмæ, æндæрты бахъуыд æндæр куыстыл ныххæцын, разындис дзы ахæмтæ дæр, кæцытæ аздæхтысты фæстæмæ хъæумæ,бацагуырдтой, кæддæр кæй ныууагътой, уыцы уæзæджы. Уæдæй фæстæмæ рахъомыл ног фæлтæр, æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ каст фæвæййынц астæуккаг скъола. Бирæтæ цы дæсныйад равзарынц, уый райсыны фадат сын бынаты нæ вæййы æмæ, сæ зонындзинæдтæй ныфс кæй вæййы, уыдон ацæуынц Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр рæттæм уæлдæр кæнæ астæуккаг специалон ахуырад райсынмæ, æндæрты та лимтты бындурыл арвитæм. Уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, вæййынц нæ хуыздæр рауагъдонтæй, фæлæ дзы, ахуыр фæуыны фæстæ, бирæтæ фæстæмæ сæ рйагуырæн уæзæгмæ билет нал балхæнынц. Иуæй, цы дæсныйад райсынц, уымæй сын ам спайдагæнæн нæ вæййы – бирæ ис ахæм дæсныйæдтæ, иннæмæй та йæм æцæгæлон зæххыл хуыздæр цард фæкæсы æнхъæлмæ æмæ баззайы уым. Ахæм у адæймагæн йæ удысконд, йæ психологи. Афтæ куынæ уаид, уæд нæ фыдæлты уæзгуытæй адæм нæ фæлыгъдаиккой хуыздæр цардагур, нæ лидзикой абоны онг дæр.

Мах хъæуынц фæндæгтæ, мах хъæуы, цæмæй цы фæндæгтæ аразæм, уыдоныл змæла транспорт. Уыцы транспортыл мах, хъуамæ æттæмæ ласæм, уæййаг нæм цы ис, уый, мидæмæ та – цы нæ хъæуы, уый. Афтæ – нæхи республикæйы мидæг дæр. Нæ экономикæ фæрсæрдыгæй æххуысæй размæ дард нæ ацæудзæн, нæхæдæг æй хъуамæ аразæм. Уæд нæ фæндæгты дæр нæхæдæг араздзыстæм, транспорт дæр нын нæ къух араздзæн æмæ бæлццæттæ дæр уыдзысты. Уыцы транспортыл мах, бæлццæттæ, хъуамæ цæуæм, тагъд кæнæм нæ куыстуæттæм кусынмæ, æндæр рæттæм хъуыддæгты фæдыл. Афтæ уыд, нæ горæты куыстуæттæ ма куы архайдтой, уæд. Цыдис нæм троллейбус, цыдысты «Икарус» автобустæ æмæ ластой сæ бæлццæтты. Ныр та бæлццæттæласæн транспорты хицæуттæ хъæстгæнæг сты, сæ машинæтыл кæй ничи бады, уымæй.

Нæ экономикæуы йæ сæндидзын кæнæм, нæхи тыххæй куы фæлдисæм материалон æмæ удварнон хæрзиуджытæ, уæд нæ цард цымыдисондæр уыдзæн æрмæст нæхицæн нæ, фæлæ æцæгæлон адæмæн дæр æмæ уæд æттæмæ нал лидзиккам цæрынмæ, фæлæ нын нæхимæ цæуиккой æмæ сæ бавæрд хæссиккой нæ царды размæцыдмæ…

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.