2020 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фарстатыл дзырд цыдис РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли цы æмбырд  ауагъта, уым.

Æмбырды хайад райстой профилон министрадтæ æмæ ведомствоты, афтæ ма подрядон организациты разамонджытæ. Уынаффæ цыдис Инвестицион программæмæ хаст объектты куыстытæ цы æмгъуыдты æмæ гуырахстты æххæст цæуынц, уыдæттыл. Æмбырды агъоммæ паддзахады сæргълæууæг уыд Дзауы районы арæзтцæуæг объектты, уыцы нымæцы Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтады дæр. Ам куыстытæ закъазгæнæг у Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрад. Арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый фенгæйæ, Бибылты Анатоли загъта къорд фиппаинаджы, кæцы-тæ баст уыдысты арæзтады процессы реализациимæ.

Æмбырды рæстæджы дæр Президент арæзтадон процессы хайадисджытæн бахæс кодта, цæмæй арæзтады гуырахсттæ фылдæр кæной æмæ бакæнгæ куыстыты фæдыл хыгъдон документаци рæстæгыл аразой.

«Кæд коронавирусон инфекцийы пандемийы аххосæй фадæттæ фæкъуын-дæгдæр сты, уæддæр Инвестицион программæйы объекттæ арæзт цæуынц. Скъуыддзаг цæуынц сæвзæргæ проблемæтæ, уымæ гæсгæ нæ бон у нæ разы лæууæг хæс сæххæст кæнын – цы нын нæ бантыст, уый кæронмæ бакæнын. Махæн афтæ бирæ рæстæг нал баззадис. Хъæуы нæ куыстыты гуырахст фæфылдæр кæнын, фылдæр кусджыты объекттæм æрбахонын, подрядон организацитæм ахасты та паддзахад йæ хæстæ æххæстæй сæххæст кæндзæн», – загъта Президент.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикæн Бибылты Анатоли бахæс кодта, цæмæй сахуыр кæна  подрядон организациты иууыл проблемондæр фадгуытæ æмæ уавæртæ арæзт æрцæуа сæ аиуварс кæнынæн, профилон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæн та паддзахады сæргълæууæг бацамыдта, цæмæй ныридæгæн цæттæ кæнын райдайой 2021 азæн Инвестицион программæмæ, бæлвырддæрæй та райдайой кусын проектон уынаффæтæ æмæ сметæты экспертизæйыл.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуардæн та Президент бахæс кодта, цæмæй æрвылмæй дæр алы декадæйы хыгъд дæдта арæзтадон куыстытæ графикмæ гæсгæ куыд æххæст цæуынц, уый тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.