2019 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фарстаты фæдыл дзырд цыдис, РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли кæй ауагъта, уыцы æмбырды. Хайад дзы райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, Фæндагон арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард æмæ паддзахадон организациты минæвæрттæ.

Цхинвалы уынгты инженерон хы-зæгтæ æмæ хæрзарæзтады фæдыл планмæ гæсгæ цы куыст цæуы, уый фæдыл Президент куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ куыстытæ æххæст цæуынц 6 уынджы. Бæлвырд-дæрæй та Исахъы уынджы – Сталины уынгæй Гаглойты Хазбийы уынгмæ хайы уагъд цæуы централон трубæ, Уæлахизы уынджы рекострукци цæуынц газы, донифтонгады æмæ канализацийы хызæгтæ, Тельманы æмæ Гафезы уынгты уагъд цæуынц доны æмæ канализацийы магистралон хæххытæ, Лермонтовы уынджы та хæдзæрттæ иу кæнынц доны æмæ канализацион хызæгтæм, афтæ ма дзы уагъд цæуы магистралон газуадзæн хахх. Æндæр дыууæ уынджы та ахæм куыстытæ фесты æмæ сæ тагъд райдайдзысты асфальт кæнын.

«Æппæт ацы уынгты дæр куыстытæ æххæст цæуынц. Графикæй фæстейæ нæ зайынц, хицæн уынгты та куыстытæ цæуынц графикæй  раздæр», – загъта паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы генералон директор Цхуырбаты Алан.

Президент æрдомдта, цæмæй арæзтадон объектты æдзух куыст цæуа. Афтæ ма бацымыдис кодта, подрядонтæ иууылдæр аванс райстой æви нæ, стæй цас райстой æмæ дзы абоны бонмæ цас бахардз кодтой.

Æмбырды хайадисæг подрядон организациты минæвæрттæ дæр загътой, кæй райстой финансон фæрæзтæ æмæ  ма радзырдтой сæ куыст куыд цæуы, цы проблемæтæ фæзыны, уыдæтты тыххæй.

Уанат-Цхинвалы донуадзæны арæзтады тыххæй дзургæйæ, подрядон организаци гом акционерон æхсæнад «СТМ-ЮГ»-ы минæвар Таймураз Кантеев банысан кодта, зæгъгæ, донуадзæнæн йе ‘мбисы æвæрд æрцы-дысты хæтæлтæ, афтæ ма бынатмæ æрластæуыд дыууæ резервуары, кæцытæ цæттæ цæуынц монтаж кæнынмæ.

Ацы подрядон организаци Цхинвалы аразы Гуырæн хæдзары бæстыхай. Ам бæстонгæнæн куыстытæ фæуд кæнынц, хæрзарæзт цæуы йæ алыварс территори, закъаз æрцыд медицинон ифтонггæрзты иу хай. Гуыбаты æфсымæрты уынджы та аразы дыууæ бирæфатерон цæрæн хæдзары. Дыууæ хæдзары дæр бæстонгæнæн куыстытæ цæуынц графикæй раздæр.

Куыстытæ æнæкъуылымпыйæ æххæст цæуынц Ленингоры райцентры Къудухты Бесикы, Сталины уынгты æмæ Сабырады фæзуаты хæрзарæзтады фæдыл. Æвæрд дзы æр-цыдысты фæндагон нысæнттæ, телсæджындзтыл бакодтой цырæгътæ. Арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Амеко»-йы минæвары ныхæстæм гæсгæ ма сæ хъæуы асфальт скæнын æмæ газонтыл кæрдæг байтауын. Æппæт æмбæлон документаци лæ-вæрд æрцыд капиталон арæзтады управленимæ.

Цхинвалы Тугъанты Махарбеджы уынджы Мемориалон комплексы арæзтады арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Гарант Групп» бацæттæ кодта фæзуат, куыст цæуы фундамент ныккалыныл.

Знауыр æмæ Дзауы райцентрты 18 фатерон хæдзæртты арæзтады фæ-дыл радзырдта арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Шанс»-ы генералон директор Козаты Игорь. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæзындысты проблемæтæ æмæ уымæ гæсгæ куыстыты график фæфæстæдæр 21 боны.

Паддзахады сæргълæууæг бацамыдта, цæмæй фæфылдæр кæной аразджыты бригадæйы, гæнæн уæв-гæйæ арæзтадмæ фылдæр бынæттон цæрджыты исгæйæ.

Гром-Цъинагары фæндаджы арæз-тадмæ цæттæгæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уый фæдыл та радзырдта Фæндагон арæзтады æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæ-дыл комитеты сæр-дар Гуыззыдтаты Эдуард.

Æмбырдæн фæстиуджытæ аразгæйæ, Бибылты Анатоли Арæз-тад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадæн бахæс кодта, цæмæй контроль кæна объектты проектон-сметæйон документаци рæстæгыл цæттæ кæныныл, афтæ ма развæлгъау æппæт хъæуæг ифтонг-гæрзтæ закъаз кæныныл.

«2019 азæн Инвестицон программæ æххæст кæныны тыххæй бæрндзинад ис махæй алкæуыл дæр, Хицауады Сæрдарæй райдайгæйæ генподрядонты онг. Хъæуы тоталон контроль æппæт бæрнон кусджытыл. Капиталон арæзтады управлени æмæ æндæр структурæтæ, кæцытæ контроль кæнынц куысты гъæдыл, хъуамæ дырысæй æххæст кæной сæ хæстæ.

Æппæт объекттæ дæр эксплуатацимæ хъуамæ лæвæрд æрцæуой ацы азы декабры мæймæ. Уыдоны фæдыл хъуамæ бацæттæ æрцæуой техникон документаци æмæ ацы аз лæвæрд æрцæуой эксплуатацигæнæг организацитæм æмæ паддзахадон исадмæ. 2020 азмæ финансон фæрæзтæй ма хъуамæ ахиза. Æппæт объекттæ дæр хъуамæ лæвæрд æрцæуой эксплуатацимæ. Æппæт уыдæттæ хъуамæ æххæст æрцæуой, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауа-дон къамисы рабадты сфидаргонд æмгъуыдты», – загъта кæронбæттæны Бибылты Анатоли.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.