Советон дуджы, уартæ ма «дзæбæх рæстæг» кæй хуыдтам, уыцы рæстæджы дæсныйæдтæй, ома, професситæй алы хатт дæр сæйрагдæртыл нымадтам ахуыргæнæг æмæ дохтыры професси. Дохтыр, æцæг дохтыр куы уа, уæд адæмæн царддæттæг у, фæлæ йын кæсын, фыссын уæддæр куы ничи бацамона, уæд куыд сдохтыр уыдзæн… Уый уæд, «дзæбæх рæстæджы…». Уымæн æмæ уæд нæ зыдтам æмæ нæ уыдтам, цы у æргом хæст, цы нысан кæны иу наци иннæ нацийы цæгъда, уый…

Мах æй базыдтам æмæ бавзæрс-там. Æмæ нæ нал æндæвтой дæсныйæдтæ æмæ професситæ – ницыуал нæ æндæвта, нæ наци бахъахъхъæныны йедтæмæ. Æххуысгæнæг, чи нæ цагъта, уыцы гуырдзыйæн та – уромæг, макæзæгъæг никуыцæй зынд…

Æмæ стæй æнæнхъæлæджы фæзынд, ахуыргæнæджы профессийæ дæр æмæ нын дохтыры профессийæ дæр чи фæсæйраг-дæр, ахæм æнæзонгæ дзырд-термин – Фидауынгæнæг…

Æрцыдысты нæм æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ Дагомысы цыппарфарсон (Уæрæсейы Федераци, Гуырдзыстон, Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстон) сразыдзинадмæ гæсгæ, кæцытæн сæ бон нæ бацис гуырдзиаг фашизм бауромын, фæлæ сын бантыст æхсæрдæс азы нын не ‘нцойад хъахъхъæнын, бынтон скуынæгæй нæ фервæзын кæнын. Æхсæрдæс азы фæстæ та нæм бынтон скуынæгмæ куы æрхъавыдысты, уæд дæр дзы фыццаг уыдон, уырыссаг фидауынгæнджытæ бабын сты, уыдон райстой цыфыддæр знаджы фыццаг цæфтæ сæхимæ, фыццаг уыдоны тугæй самæхст, быгъдæг быдыр кæмæй хъуамæ сарæзтаиккой, уыцы Ирыстоны зæхх…

Фидауынгæнæг-фидауынгæнджытæ сæ чи схуыдта, ома, дзырд  «миротворец» ирон æвзагмæ афтæ чи ратæлмац кодта, уый бæрæг нæу, фæлæ ма йын ныр цы кæнæм – афтæ ныффидар, æмæ йæ афтæ дзурдзыстæм, фысдзыстæм. «Миротворец»-æн йæ хæс дыууæ ных-мæлæууæг знаджы бафидауын кæнын нæу, уымæн йæ хæс у сæ иргъæвын, хæст кæм цæуы, уым сабырдзинад тауын. Фидауын кæнынæн æндæр организацитæ æмæ професситæ ис.

Фæлæ нæ уæд фырцинæй уыдæттæ не ‘ндæвтой – хæст мауал уæд, нæ тау, нæ уидаг ма аскъуыйæд, æмæ нæ чи фервæзын кæна, уый цыфæндыдæр хуыйнæд…

Хуссар Ирыстоны рагон-нырыккон историйы 14 июль уымæн цæудзæн нымад нæ бæрæгбонты хуыздæртæ æмæ ахсджиагдæртæй сæ иуыл. Æгæрыстæмæй, уымæ  нæ кæсгæйæ дæр – уæддæр æмæ нæм уæддæр цы хуызы æрхауд уыцы стыр хæрзиуæг?.. Мах æй никуы базондзыстæм, уæды онг нын не сæфтмæ куыдфæндыйы цæстæй чи касти, уыцы Ельцины цæст куыд æмæ цæмæн бауарзта йæ туджы мæцæг Хуссар Ирыстонмæ фидауынгæнæг тыхтæ æрырвитын. Фæтæригъæд нын кодта æви уæд сæйрагыл кæй нымадтам, уыцы верси раст уыд – нæ хъонагъ, Уæрæсейы æцæг патриот Александр Руцкой æмæ йæ уый хуызæн растхъуыдыгæнджытæ сразы кодтой?.. Уыдис ма дзы иу ахæм верси дæр: алыгъуызон æмвæзадтыл æй дзырдтой, Галазты Æхсарбег, дам æм бартхъирæн кодта, Хуссар Ирыстонæн куынæ баххуыс кæнат, уæд, дам, Цæгат Ирыстон та Уæрæсейæ ахицæн уыдзæн, зæгъгæ… Фæлæ – ада-гъа, ахæм версийæн бынат уыдаид  кæнæ акарстаид…

Фæлæ уæдæй абонмæ царды мидзмæлд æмæ политикон процес-стыл лæмбынæг куы ныхъуыды кæнæм, алцæмæй дæр хатдзæгтæ куы саразæм, уæд ма дзы баззайдзæн æрмæстдæр иунæг верси: бæсты хин æмæ кæлæн Шеварднадзе йæ йæхæдæг сарæзта… Уымæн æмæ куыддæр Хуссар Ирыстоны зæхмæ фидауынгæнджытæ æрцыдысты, хæст баурæдтой, тугкалд æрлæууыд, афтæ Шеварднадзе Абхазæн расидт уæрæхмасштабон хæст. Уый йæ æмбæрста, тас кæй уыд, Абхаз сæ къухæй аирвæза, уымæй – дыууæ фронты схæцын та йæ бон нæ бауыдаид, æмæ бацархайдта Хуссар Ирыстоны хæст рæстæгмæ бауромыныл. Уымæн æмæ Шеварднадзе тарст Хуссар Ирыстоны хурхы ныссæдзæг стратегион нысаниуæгимæ гуырдзиаг анклавты фесафынæй. Уымæн та уæвæн уыд, Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ Абхазы хæсты куы «ныссагъдаиккой» æмæ сын уырдыгæй æххуысгæнæг куы нал уыдаид, уæд…

­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­­Фæлæ нæ уæд не ‘ндæвтой уыдæттæ дæр, уымæн æмæ хæствæллад зæхмæ æрцыд сабырад, кæд сæртæг сабырад уыд, уæддæр нын не уæнгты бауагъта царды ныфс, мæдтæ афтæ тынг нал тарстысты сæ сабитæн, сабиты цæс-гæмттыл фæзынд сабидуджы царды цин. Хъуыды йæ кæнæм, уыцы бон адæм куыд æхсызгонæй æнхъæлмæ кастысты Фи-дауынгæнæг тыхты æрцыдмæ – нæ горæ-ты 8 июны уынгыл адæм чыртæ-чыртæй куыд лæууыдысты, дидинджытæ, цæхх æмæ кæрдзынимæ куыд æмбæлдысты уæрæсейаг æмæ цæгатирыстойнаг фидауынгæнджытыл.

Уæд нæма зыдтам, æхсæрдæс азы фæстæ, ома, августы хæсты ноджы зæрдиагдæрæй кæй æнхъæлмæ кæсдзыстæм уырыссаг æфсады æххуысмæ…

Æмæ Хуыцауы бафæндæд, цæмæй нæ макуыуал бахъæуа се ‘ххуыс, макуыуал нæ бахъæуа искæй æххуысы сæр!

Æрмæст хъуамæ макуы ферох кæнæм, алы хатт дæр-иу стыр Уæрæсе кæй уыд не ‘ххуысгæнæг, нæ ирвæзынгæнæг.

Абон 28 азы æххæст кæны, Хуссар Ирыстоны зæхмæ фидауынгæнджытæ куы æрцыдысты, уыцы боныл. Августы хæст сын кæрон скодта сæ ахсджиаг миссийæн, фæцис сæ рæстæг, нал нæ хъæуы сæ сæр. Фæлæ сын никуы ферох кæндзыстæм се ‘рцæуæн бон дæр æмæ се ‘хсæрдæсазон æнувыд лæггад дæр. Уымæн æмæ абон Хуссар Ирыстон хæдбар, нымад паддзахад кæй у æмæ нæ уымæ гæсгæ се ‘ххуысы сæр кæй нал хъæуы, уым уыдонæн, фидауынгæнджытæн стыр хайбавæрд ис. Мах та æбузн адæм никуы уыдыстæм æмæ бузныг уыдзыстæм, царды ныфс нæм чи æрхаста, уыцы фидауынгæнджытæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.