Мамитыхъæу

Цхинвалы районы Мамитыхъæуы равзæрдæн йæхи цымыдисон истори ис. Уый æрбынат кодта нæ горæтæн цæгатварсы ‘рдыгæй 4-5 километры æддæдæр.

Ацы хъæуæй рацæугæ 80-аздзыд сылгоймаг Мамиты Оля йæ фыдæлтæй куыд хъуыста, афтæмæй Мамиты мыггаг Хуссар Ирмæ æрбафтыдысты Нарæй. Уыдон уым цардысты Нары зылды, Фаллагкомы Сауыбыны хъæуы. Уыцы рæстæджы иууыл æгъатырдæр низ халерæ бахæццæ Наргоммæ дæр. Адæм скъуыдысты хъæугай, хæдзарыдзаг бинонтæй. Аскъуыдысты Сауыбыны хъæуы цæрджытæ дæр. Иу хæдзары бинонтæй ма ам баззад хæрзкъаннæг саби, йæ ном – Сослан. Уыцы уæззау æмæ, дам, тæссаг рæстæджы Нармæ Гæбæратæй æрбафтыд иу сауджын. Уым, Фаллагкомы, уыцы æвирхъау хабæрттæ куы федта, уæлдайдæр та иунæг, æвæгæсæгæй чи баззадис, уыцы сабийы, уæд загъта: «Ацы Хуыцауы хъæбулы, æгъатыр мæлæтæй ратонын хъæуы. Ам куы баззайа, халерæй куы аирвæза, уæддæр æвæгæсæгæй фесæфдзæн». Хæстæг, хион ма йын чи баззад, уыдонмæ æрхатыд, цæмæй йын радтой сидзæр сабийы. «Схъомыл æй кæндзынæн, зæгъгæ, æмæ куы ралæг уа, уæд æй фæстæмæ æркæндзынæн йæ райгуырæн бæстæмæ», – загъта уый. Лæппуйы хиуæттæ сразы сты Гæбæраты сауджыны фæндоныл æмæ рахаста æнахъом Сосланы Хуссар Ирмæ – Залдайы хъæумæ. Лæппуйы Гæбæраты мыггаг схъомыл кодтой, сæхицæй йын цардæмбалæн радтой чызг. Залдайы хъæуæй йын 2 километры æддæдæр та радих кодтой зæхх. Уыцы бынат хуындис  Рагъ.

 Баззад Сослан уым цæргæйæ. Йæ зæнæг баисты æртæ фырты. Уыдон куы рахъомыл сты, уæд бинонты хъуыддæгтæ бакодтой æмæ апарахат сты. Нал сын фаг кодта зæхх æмæ уæд ныртæккæ Мамитыхъæу кæм ис, уым фылдæр зæххытæ балхæдтой æмæ сæхи сæ ног бынатмæ æривтой æмæ дзы равзæрд ног хъæу – Мамитыхъæу. Фæлæ ацы хъæуы рагон уæлмæрдтæй куыд бæрæг у, афтæмæй дзы Мамиты размæ цардысты Къæбыстæ.

Мамиты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ историон факттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Гæбæраты сауджын уыдис Иуане. Ирон духовон къамисы кусгæйæ, уый Нармæ æрбафтыд 1816-1817 азты. Сидзæр сабийы дæр æрхаста уыцы рæстæджы. Таймуразы хъуыдымæ гæсгæ та факттæ æмæ хъæуы равзæрды тыххæй таурæгътæ кæрæдзийыл хорз бадынц. Сосланы байзæддагæн ныр хъомыл кæны 7-æм фæлтæр. Ацы фæлтæр сæхæдæг баисты æнæхъæн хъæу  Мамиты хъæу. Уыдысты 21 цæрæг хæдзары.

Уый фæстæ ацы хъæуы цæрынæн равзæрстой æндæр мыггæгтæ дæр: Гæбæратæй – 3, Гæззатæй – 3, Тедетæй – 1, Козатæй – 1. Адджынæй цардысты Мамитæ семæ. Сæ царды кой кодтой кæрæдзийы æнцойæ. Фæлæ æрбалæууыд 20-æм аз. Тынг æфхæрд баййæфтой Хуссар Ирыстоны адæм уæд гуырдзиаг националистты къухæй. Æвыдæй нæ аирвæзтысты Мамитыхъæуы цæрджытæ дæр. Сæ хъæу сын зынджы хай бакодтой. Йæ цæрджытæ сæ сæртæ æфснайынмæ фæлыгъдысты Цæгат Ирмæ. Фæлæ советон хицауад куы æрфидар, уæд Мамитыхъæуы цæрджытæ фæстæмæ здæхын райдыдтой æмæ сæ хæлд, сыгъд хæдзæрттæ сæ къахыл слæу-уын кодтой. Хъæубæстæ баисты 29 цæрæг хæдзары бæрц. Æрбалæууыдис коллективизацийы дуг æмæ Мамитыхъæуы цæрджытæн иумиаг хæдзарад саразыны фæстæ сæ царды уавæртæ бирæ фæхуыздæр сты.

СТЫР ФЫДЫБÆСТÆЙОН ХÆСТ ÆМÆ МАМИТЫХЪÆУККÆГТÆ

Разы уыдысты сæ цардæй ацы хъæуы цæрджытæ. Æмæ сын ноджы хуыздæр кодтаид, фæлæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ хъæуы куыстхъом фæсивæд лæгæвзæрстæй фæцыдысты хæсты тугæйдзыг фæндæгтыл. Сæ колхоз йæ къахыл кæй фæрцы слæууыд, уыдоны бахъуыд сæ къухмæ хæцæнгарз райсын æмæ кæрæдзийы фæдыл ивылдысты цыфыддæр знаджы ныхмæ тохы быдырмæ. Мамитыхъæуккаг сагсур фæсивæд тох кодтой æндæр æмæ æндæр фронтты æмæ сæ тугæй æлхæдтой се стыр райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад. Æппæт куыстытæ та æрæнцадысты ацæргæ нæлгой-мæгтæ, сылгоймæгтæ, æнахъом лæппутæ æмæ чызджытыл.

Хæст хæст у. Уый та йемæ хæссы мæлæт. Чи ма æрыздæхт сæ хæстонтæй, уыдон дæр уыдысты цæфтæ, сахъатджынтæ. Фæлæ, уæддæр ныфс уыдысты сæ хъæубæстæн. Чи дзы нал æрыздæхт, уыдоны нæмттæ дæр рох не сты, абон дæр сын сæрбæр-зондæй фæдзурынц се сгуыхтдзинæдты тыххæй.

ÆНЦОЙ ЦАРДЫ АЗТЫ

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ азты Мамитыхъæуы цæрджытæ хæдзардзинæй æрæвнæлдтой сæ иумиаг хæдзарад сæндидзын кæнынмæ. Стыр æнтыстытæ æфтыд сæ къухы. Хæдзарад куыд рæзт, афтæ рæзт, чи дзы куыстой, уыдоны фæрныгад дæр. Арæзтой рæсугъд егъау цæрæн хæдзæрттæ. Сæ зæрдæ радис сæ цардæй. Æгуыст ничи уыд цæрджытæй. Куыстой фермæйы, быдырты тыдтой алыгъуызон нæмыгон культурæтæ, иу гыццыл зæххы гæппæл æнæ куыстæй нæ уагътой. Куыстой сæхи хæдзаргæрон зæххы фадгуытæ дæр. Зымæджы та алы хæдзары дæр уыд хуы æргæвст æмæ-иу кæрæдзийыл сæ цæхх, сæ кæрдзын дихгæнгæйæ хъæлдзæгæй æр-выстой сæ рæстæг. Уæвджыйæдæр, уæд адæм кæрæдзийыл зæрдæйæ уыдысты, æрымысынц уыцы рæстæджытæ ныр дæр хъæубæстæ.

ÆМÆ ТА НОГÆЙ – ФЫДХЪИЗÆМÆРТТÆ

Фæллойуарзаг адæммæ цард йæ мидбылты худт, разы уыдысты цардæй, фæлæ та сын хъысмæт цæттæ кодта ног фыдæвзарæнтæ. 1991 азы та сын Гамсахурдиайы фыдгæджытæ ногæй сæ хъæуыл арт бандзæрстой, цалдæр дæсгай азты цы фæллæйттæ скодтой, уыдон сын фæхастой. Хъæуы цæрджытæ та лидзинаг фесты алырдæмты. Ныххæлæттаг сты сæ фæллой, сæ сæр бæрзонд цы колхозæй хастой, уый исад æмæ та 20-æм азты куыд уыд, афтæ ныр дæр раафтид ис йæ цæрджытæй.

2000-æм азты, цыма, гуырдзиаг лæгмæрттæ чысыл фæсабыр, ныхъхъус сты æмæ та фæстæмæ здæхын райдыдтой сæ сыгъд уæзгуытæм хъæуы цæрджытæ. Сæ сыгъд хæдзæрттæ цалцæг кæнынмæ та æрæвнæлдтой, фæлæ та сæ цин бирæ нæ ахаста. Гуырдзыстоны хицауады сæргъ слæууыд ног фыдгæнæг – Саакашвили. Æрбабырстой нæм æмæ та Мамитыхъæуы цæрджытæн ногæй сæ æрдæгарæзт хæдзæрттыл арт бафтыдтой æмæ сæ зæххы æмвæз скодтой æртыккаг хатт дæр. Ногæй та йæ цæрджытæ алырдæмты фæлыгъдысты.

НÆ ИВЫ ЙÆ ЗÆРДÆ ЙÆ ХЪÆУЫЛ

Абон ма Мамитыхъæуы æдзæрæг кæнын чи нæ уадзы, уый у ацы хъæуы цæрæг Козаты Мурат.

Куы йæ бафæрсай, куыд ма дзы лæууыс, иунæгæй дæ ам цы уромы, уæд дын зæгъдзæн: «Цы уæзгæыл схъомыл дæн, уымæ уарзондзинад. Ацыдтæн æз дæр, фæлæ нæ бафæрæзтон æнæ мæ уарзон хъæуæй æмæ зæрдæдзургæйæ цæрын та зын у адæймагæн æцæгæлон бæсты. Нæ хъæу та уыдис рæсугъд, йæ цæрджытæ сæ цардæй нæ хъаст кодтой. Уарзтой кæрæдзи, уыдысты фæрнæйдзаг. Æмæ уыцы миниуджытæй æххæст чи уа, уыдоны æхсæн цæрын та æз стыр амондыл нымадтон. Ныр зæрдæ уынгæг кæны нæ алфæмблай сыгъд хæдзæрттæм кæсгæйæ. Кæддæр нартхор, хъæдур, мæнæу кæм фæйлыдтой, уыцы хуымзæххытæ скъутæр сты. Нæ хъæуы ставд æмæ лыстæг фосы фермæтæ нырма дæр мæ цæстытыл уайынц. Фæлæ, æвæццæгæн, не знæгтæн сæ хъуыдытæ дардыл уыдысты. Иу ахæмы нæ баиу кодтой гуырдзиаг хъæу Дзарцъемимæ æмæ нæм цыдæриддæр хъæздыгдзинад уыд, уыдон фосæй, гутонæй, техникæйæ, иууылдæр уыдоны баисты. Нæ хъæу хасты хуызæн фæцис, фенкъард сты адæм, нæ фæцыд ацы хъуыддаг сæ зæрдæмæ», – загъта мæстылгъæдæй лæг.

Цæмæй зыдтой уæд Мамитыхъæуы цæрджытæ ноджы сæм стырдæр фыдбылызтæ кæй æнхъæлмæ кастис. Æргомæй хъæумæ цæуын райдыдтой 90-æм азты, сæ фæллæйттæ сын истой, марынæй сæм æртхъирæн кодтой. Иу райсом раджы та Мураты йæ уазæг Æлборты Витали æмæ йæ сыхаг Мамиты Валериимæ хъæугæрон куы æрцахстой æмæ сæ Гурмæ амынæттæй куы акодтой, уæд бынтондæр сæ ныфс асаст, старстысты æмæ фæлыгъдысты бынтондæр хъæуæй. Мурат æмæ йе ‘мбæлтты та баивтой гуырдзиаг амынæттæй. Мурат кæм æрлæууыдаид, уый йын нал уыд, йæ хæдзары сыгъдонтæм кæсгæйæ йын йæ зæрдæ цыма аркъауæй æрбалвæстæуыд, афтæмæй цыд йæ хъæуæй. Цыд уыйау æвæндонæй Цæгат Ирыстонмæ. Фæлæ та 2008 азы августы уавæр куы скарз, уæд æрхæццæ Хуссар Ирыстонмæ æмæ райста æхсæнгарз йе знæгты ныхмæ.

Хæст фæцис, нал аздæхт Мурат Цæгат Ирыстонмæ. Æрлæууыд йæ сыгъд уæзæгыл æмæ аскъуыддзаг кодта ногæй йæ хъæуы æрцæрын. Сæвæрдта дзы чысыл хъæдын хæдзар, æркодта йæ бинонты, скодта фос, кусы йæ хуымзæххытæ æмæ кæд алцæмæй æххæст нæу, уæддæр царды амæлттæ кæны. Йæ бæллиц та у, цæмæй йын фæзына сыхæгтæ. Æмæ раздæр куыд уыд, афтæ та хъуыса сæ цины хъæлæба.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.