Цхинвалæй 11-æм Æппæтуæрæсейон ахуырадон фæсивæдон форум «Таврида»-мæ ацыдысты æвзонг адæймæгты æртыккаг къорд, хъусын кæны Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты пресс-службæ.

 Иуæндæсæм видеконтент-сменæйы хайадисджытæ сты продюсертæ, режиссертæ, вайнертæ, клипмейкертæ, нывгæнджытæ-аниматортæ, интервьюертæ, интернет-сериалты æмæ цыбырметражон фильмты автортæ æмæ актертæ, motion-дизайнертæ. Делегацийы сконды сты Хуссар Ирыстоны ХИПУ-йы студенткæтæ Джиоты Любовь, Медойты Аннæ æмæ Зассеты Сюзаннæ.

«Махæн ис хорз зæрдæйы уаг. Ацы форумæй нæ фæнды максималон æгъдауæй пайда райсын. Республикæйы арæнтæй ахизгæйæ, мах арæх фæцæуæм алыгъуызон мадзæлттæм æмæ алы хатт дæр æрыздæхæм æвæрццаг æнкъарæнтимæ. Уый размæ æз уыдтæн, Future Tеam цы масштабон форум «Россия – страна возможностей» ауагъта, уым.  Мах уым фембæлдыстæм бирæ зынгæ адæй-мæгтимæ, ахæмтимæ куыд Путин, Лавров æмæ æндæртæ», – радзырдта журналистикæйы факультеты 5-æм курсы студенткæ Джиоты Любовь.

«Ацы форумæй мах æнхъæлмæ кæсæм бирæ цымыдисдзинæдтæм: ног зонындзинæдтæ, цымыдисон зонгæтæ æмæ æндæр æвæрццаг æн-къарæнтæм», – фехъусын кодта дунеон ахастыты историйы факультеты 3-аг курсы студенткæ Зассеты Сюзаннæ. Æппæтуæрæсейон фæсивæдон ахуырадон форум «Таврида» сорганизаци кодтой Уæрæсейы Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл федералон агентад æмæ Сывæллæтты æмæ фæсивæды æмбæстагон æмæ патриотикон хъомылады Уæрæсейаг центр. Йæ партнер у Мæскуыйы культурæйы паддзахадон институт.

«Таврида» (Таврида у Хъырымы историон нæмттæй сæ иу) ауадзыны фæндимæ 2014 азы апрелы мæйы рæлæууыд Æппæтуæрæсейаг адæмон фронт.

Уæрæсейы Президент Владимир Путин ацы фæндон хорзыл банымадта.

2015 азы «Таврида» райста Æппæтуæрæсейон фæсивæдон ахуырадон форумы статус. 2015 азы 20 апрелы УФ-йы Президенты бахæсмæ гæсгæ форум арæзт цæуы æрвылаз дæр Хъырымы са-къадахы Бакалы донбылгæрон.

Форум у Уæрæсейы сæйраг фæзуат сфæлдыстадон фæсивæдæн. Йæ сæйраг хæстæ сты культурæйы æвзонг архайджытæй саразын профессионалон æхсанадтæ, уыдонæн уавæртæ радтын сæ хъуыды раргом кæнынæн, æвзонг адæмы карьерон тырнындзинæдтæн ахъаз кæнын, уыдон бинонты традицион æргъадтыл цайдагъ кæнын æмæ æндæртæ.

Информацион агентад «Рес»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.