УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХСТ

Сомихстоны горæт Ванадзоры уагъд æрцыд Степан Саркисяны призтæ рамбулыны сæраппонд æхсæнадæмон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты хайад райстой Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæ æмæ сын бантыст 5 сыгъзæрин, 5 æвзист æмæ иу та бронзæ майданы рамбулын.

Турниры уæлахиздзаутæ систы Тусхъаты Ацæмæз (57 кг), Мæхъиты Зауыр (92 кг), Нартыхты Радик (92 кг), Коцты Знауыр (97 кг) æмæ Голоты Витали (125 кг).

Дыккаг бынæттæ бацахстой Бадтиаты Артур (65 кг), Цæболты Хе-тик (74 кг), Тæпсиаты Тамерлан (86 кг), Чертхъоты Гурам (92 кг) æмæ Хынцæгты Сослан (125 кг). Бронзæйон призер та ссис Хуыбиаты Арсени (92 кг).

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани Дзæуджыхъæу» фæхæрд профессионалон футболон къорды 2-аг туры. Алайнæгтæ уа-зæгуаты хъазыдысты Налцыччы «Спартак»-имæ. Хъыгагæн, Ирыстоны сæйраг футболон командæ фæхæрд 2:4 хыгъдæй. Афтæмæй фæвазыгджындæр  йæ разы сæйраг хæс сæххæст кæныны хъуыддаг, ома, Национ футболон къордмæ (ФНЛ) бахауын.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.