Ацы тæссаг сырд æргомæй лæбурын райдыдта Знауыры районы Оконайы хъæуы цæрджытæм дæр. Уæлдайдæр та зымæг куы æрбалæууы æмæ мит куы рауары, уæд. Æвæццæгæн, хъæды фаг хæринагыл нал сæмбæлынц æмæ сæхи æрисынц хъæумæ хæстæг, хизæнуæттæм. Ахæм тас сын æвзарын кæнынц æмæ ма хъæуы цы иугай цæрджытæ ис, уыдон дæр изæрмилтæй фæстæмæ æддæмæ нал фæуæндынц ракæсын, уæлдайдæр та куыйтæ рæйын куы райдайынц, уæд. Æвæццæгæн, фæхатынц кæмдæр, æввахс ран кæй ис бирæгъ, уый. Бирæгътæ иугæйттæй нæ фæзынынц, фæлæ цалдæргæйттæй. Æцæг дзы кæйдæрты къухты бафты амарын дæр, фæлæ, уымæй сæ нымæц нæ къаддæр кæны.

Оконайы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныры хуызæн уавæры никуы бахаудтой. Бирæгъ-иу кæддæр иу хатт гæнæн уыд йæхи фосыл ныццавтаид хъæдгæрон, фæлæ ныр комкоммæ хъæумæ куыд æрбафсæры æмæ уым куыд æрбаргæвды фосы, афтæ никуы уыд. Æцæг, хъæуы фенæн ис ахæм стыр куыйтæн æмæ сæм адæймаг кæсгæйæ баззайы. Фæлæ, æгæрыстæмæй, уыдон дæр фылдæр хатт нæ базонынц, сырд кæцырдыгæй æрбахызт хъæумæ, уый.

– Цы ма фæуæм, нæ фос æдæрсгæйæ ауадзын нал уæндæм хъæугæронмæ дæр, – зæгъы ацы хъæуы цæрæг Пухаты Мамукъа. – Хъæууон лæг та фос куынæ дара, уæд дзы цæмæн цæры. Раздæр-иу хъæууынгты ссыгъдысты рухсытæ, ныр, нæ цард куы схæццæ ис, уæдæй фæстæмæ уынгты æхсæвыгон мады гуыбынау вæййы талынг æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, бырсынц хъæумæ бирæгътæ дæр.

Раст зæгъынц Оконайы хъæуы цæрджытæ, бирæгъты скуынæг кæнын тынг зын у. Уый хорз уыны æхсæвыгон дæр. Стæй у тынг къæрцхъус, ис ын хорз æмбудæнтæ æмæ уымæ гæсгæ зын рахатæн вæййы, кæцырдыгæй фæзындзæнис, уый.

Хæрзæрæджы ацы хъæуы цæрæг Гургенидзе Мириам йæ фос рауагъта, зæгъгæ, сæхи аирхæфсой  æмæ йæхæдæг дæр хъæугæронмæ сæ фæстæ араст. Уайтагъд æм дыууæ бирæгъы сæхи рауагътой. Лæг фыртасæй цы акодтаид, уый нал зыдта. Йæ амондæн, йæ фарсмæ сабыргай хызтис, фосимæ цы стыр фыркъа уыдис, уый. Лæг йæхи уыцырдæм байста, бирæгътæ сæхи фыркъайыл ныццавтой æмæ йæ аскъæфтой. Афтæ бон-сихорафон лæг фыдбылызæй аирвæзт.

Бирæгътæ иу æхсæв та фæмидæг сты Пухаты Циалæйы кæртмæ æмæ йын уырдыгæй ахастой мадæл сæгъ йæ дыууæ сæныккимæ. 6 бирæгъы хъæумæ æввахс сæхи ныццавтой Зассеты Валодяйы дыууæ родыл æмæ дæ балгъитæг афтæ. Аскъуыдтæ сæ кодтой. Сиукъаты Джемалы рæуæдтæм дæр баххæссыдысты, фæлæ цыдæр амондæн раирвæзтысты тугкалгæйæ. Бирæгътæй нæ аирвæзтис, Джемал зымæгмæ йæхицæн цы хуы фæхъомыл кодта, уый. Куыд акæнынц, раст галыйас ссис, афтæмæй бирæгъты амæттаг фæцис, раст æй цыма йæ хицау уыдонæн хъомыл кодта. Иу хъуг æмæ иу род та Нипаридзе Амзорæн ныскъуыдтæ кодтой. Пухаты Мамукъайы хъугмæ дæр фæлæбурдтой, фæлæ уый йæхи бахъахъхъæдта  æмæ тугкалгæ æрхæццæ хъæумæ.

Бирæгътæ сæ ныфс хъæумæ хæссын кæй райдыдтой, уый æнæхъуаджы нæу. Æвæццæгæн, тынг сарæх сты хъæдты æмæ сын нал фаг кæны хæлц, иннæмæй та хъæуты цæрджытæ кæй скадавар сты, уый тыххæй систы ахæм ныфсхаст. Бирæгъты куынæг кæнынæн раздæр стыр ахъаз уыдис Цуангæнджыты Цæдис. Уый ныр дæр архайы, фæлæ æппæт хъомысадæй нал æмæ нал æндидзы. Афтæмæй та бирæгъты нымæц кæны азæй-аз фылдæр æмæ цæрджыты лидзинаг кæнынц сæ цæрæн бынæттæй.

Ацы проблемæ æрмæст Оконайы хъæуы нæй, фæлæ нæ республикæйы бирæ æндæр хъæуты дæр. Æмæ хорз уаид, кæддæрау та йæ тыхы куы бацæуид Цуангæнджыты Цæдисы куыст æмæ сын сæ фосы æмæ сæхи дæр куы бахизид ацы тæссаг сырдтæй.

Хъæуы цæрджытæ æмæ бирæгътæ: чи сæ уæлахиз кæны? Хъыгагæн, нырма бирæгътæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.