Иран рагон бæстæ у, ис ын егъау истори æмæ культурæ. 1935 азы онг æй хуыдтой Перси, кæд æмæ йæ фыдæлтæй фæстæмæ йæ цæрджытæ «Иран» хуыдтой, уæддæр. Дзырд «иран» нысан       кæны «ариты бæстæ» æмæ ацы дзырды уидæгтæ цæуынц рагзамантæм. «Перси» та йæ схуыдтой рагон грекъæгтæ – Персийы донбакæлæны иу хай «Фарс»-ы номæй, цыран цæрынц ирайнаг этнос æмæ дзурынц фарси æвзагыл. Æмæ европæйаг бæстæтæм дæр ахæм номимæ бахæццæ ис фæстæдæр. 1935 азы ирайнаг хицауад фыстæг арвыста Нациты Лигæмæ, цæмæй Перси баивой термин «Иранæй».

Ацы бæстæйы цæрджытæ хæст сты пысылмон диныл, фæлæ сæм уыимæ иумæ тыхджын сты рагон зооастризмы æгъдæуттæ дæр æмæ уымæй хицæн кæнынц се ʻмдинон арабтæй. Ирайнаг шах Мохаммед Реза Пехлеви уыд фæстаг персаг монарх, кæцыйы фыдæлтæ 2627 азы къухдариуæг кодтой паддзахадыл. Пехлеви райгуырдис 1919 азы Уæрæсейы, иттæг хорз ахуырдзинад райста Швейцарийы, ссис кадрон æфсæддон, æмæ 1937 азы ныздæхт йæ бæстæмæ. Йæ фыд Резахан дæр уыд кадрон æфсæддон. 1925 азы Ираны æхсæнад уыд хæццæ, хицауад нал хъуыста «адæмы хъæр» æмæ уæд æфсæддонтæ сæхимæ райстой къухдариуæггæнæджы хæстæ. Бабырстой Тегеранмæ æмæ раппæрстой шах Насер-эд Дины монархы бынатæй. Ног шахæй æвæрд æрцыдис Резахан.

Æрыгон шахы тынг цымыдис кодта Гитлеры теори ариаг адæмыхатты тыххæй, сарæзта бастдзинæдтæ Германимæ æмæ йæм уый фæдыл хæрамдзинад æвдисын райдыдтой Советон Цæдис æмæ Стыр Британи. Германæй Иранмæ ныццыдысты немыцаг дохтыртæ æмæ ма æндæр къабæзты дæснытæ, ахуыргæндтæ, нылластой медицинон фæлындæнтæ æмæ æндæр бæрзондтехнологон аппаратурæ. 30-æм азты Иран байдзаг ис немыцаг агенттæй, кæцытæ контроль кодтой бæстæйы æппæтцæуæг процесстæ. Кæд æмæ дыккаг дунеон хæсты Иран официалонæй равдыста нейтралитет, уæддæр уыцы уавæр бирæ рæстæг нæ ахастаид.

1941 азы советон æмæ бритайнаг æфсæддонтæ оккупаци сарæзтой Ира-нæн. Бæстæйы къухдариуæгадæй немыцаг æндæвдады бын чи уыдис, уыдоны асыгъдæг кодтой æмæ Резаханы та аиуварс кодтой шахы бынатæй. Йæ бæсты шахæй æвæрд æрцыд йæ фырт Пехлеви. Фæстæдæр Пехлеви историйы баззайдзæ-нис стыр реформаторæй.

Тегераны конференци

Иран ма историйы баззад «Тегераны конференци»-йæ дæр. 1943 азы лæгæй-лæгмæ фембæлын бахъуыд Сталины, Рузвельты æмæ Черчиллы, фæлæ æдас бынат зын ссарæн уыд. Иран дæр нымад уыд тæссаг бæстæйыл, фæлæ Советон Цæдисы Сæйраг развæдсгарæн управлени куыд хъусын кодта, афтæмæй æрыгон ирайнаг монарх нæ уыдис баст фашисттимæ æмæ дзы уый фæстиуæгæн тæрсын нæ хъуыд. Уымæй уæлдай ма Пехлевийы тынг цымыдис кодта Советон Цæдисы паддзахады сконд, арæх æппæлыд Сырх Æфсадæн æмæ стыр аргъ кодта советон æфсæддон техникæйæн, уæлдайдæр та хæдтæхджытæн. Уымæн æмæ йæхæдæг дæр уыд хорз æфсæддон пилот.

Конференци Тегераны саразын уыд Сталины фæндон. Иран рагæй фæстæмæ хъомысджын паддзахадыл нымад уыд, активон хайад иста Æввахс Хурыскæсæны бæстæты æппæт политикон процессты, æмæ алчидæр архайдта йемæ хорз ахас-тытæ саразынмæ. Сæ монарх хæрзæрыгон, æвæлтæрд политик кæй уыд, уый тыххæй Сталины бафæндыд уавæрæй спайда кæнын, цæмæй Иранимæ сæ ахастытæ бангом уой. Уæлдайдæр та бритайнаг шпионтæ æппынæдзух архайдтой советон-ирайнаг ахастытæ февзæр æмæ сæхи позицитæ та сфидар кæнынмæ. Ам банысан кæнын хъæуы Сталины куырыхондзинад, кæцы хæстон дуджы дæр хъуыды кодта фидæныл, Советон Цæдисы позицитæ сфидар кæныныл хæсты фæстæ. Ахæм æрхъуыдыдзинад нæ разынд Рузвельтмæ æмæ Черчиллмæ.

Сталин цалынмæ Тегеранмæ нæ ацыдис, уæдмæ æмбæлон службæтæй æркуырдта æппæт информаци Ираны тыххæй – цахæм уавæры сты сæ гарзджын тыхтæ, цахæм цæстæй кæсынц сæ къухдариуæгад Советон Цæдисмæ, сæ политикæйыл сын куыд æндавынц англисæгтæ æмæ афтæ дарддæр. Сталин развæлгъау бахæс кодта, цæмæй алыварсон æххуыс кæной æрыгон шахæн – баныфс ын æвæрдтой  20 хæстон хæдтæхæджы раттынæй, танктæй сифтонг кæнынæй æмæ ма бафыстой бадзырд, кæцыйы фæлгæтты Советон Цæдисы цæттæ кæнын райдыдтой Иранæн æфсæддон кадртæ.

Ахæм хæларадон къахдзæфтæ фидæ-ны стыр ахъаз фæуыдзысты дыууæ бæстæйы æмахастытæн. Пехлеви йæхæдæг дæр зондджын уыд æмæ хорз æмбæрста, АИШ æмæ Стыр Британи Иранмæ кæй кæсынц колонийы цæстæй, хæдбар политикæ уадзын æй кæй никуы бауадз-дзысты. Советон Цæдис та сæм æмсæр партнерты цæстæй кастис.

Тегеранмæ ныццæугæйæ цытджын уазджытæ æрбынат кодтой Советон Цæдисы æмæ Стыр Британийы минæварадты, кæцытæ сæ кæрæдзимæ уыдысты хæрзæввахс. Æдасдзинады тыххæй æддæмæ дæр нæ хызтысты. Пехлеви йæ æмбæрста, цахæм уазджытæ йæм ис уазæгуаты æмæ йæ фæндыд семæ фембæлын. Фыццаг уал барвыста минæвæрттæ Рузвельтмæ æмæ Черчиллмæ фембæлыны тыххæй æмæ йæ дыууæ политикмæ дæр бахъуыд дзæвгар æнхъæлмæ кæсын ауденцимæ. Бахъуыд ма йæ минæварадмæ ацæуын дæр æмæ йæ иттæг хорз бамбæрста, сæ сæрмæ йæ кæй нæ хæссынц, кæй йыл не ʻввæрсынц, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг хъыг уыд шахæн, ахæм ахаст æм кæй равдыстой, йæхицæн æй банымадта æфхæрдыл.

Уæды рæстæджы Советон Цæдисы Авиацийы командæгæнæг, кæцы ма дзуапп дæтта советон делегацийы æдас-дзинадæн Бакуйæ Тегеранмæ атæхыны маршрутыл, маршал  Александр Голованов йæ мысинæгты фыста, зæгъгæ, Сталин равдыста уæздандзинад, хорз скад кодта фысымтæн.

«Нæ минæварадмæ телефоны æр-бадзырдта ирайнаг дипломат æмæ бафарста, зæгъгæ, Сталин йæхимæ кæд райсдзæнис шахы. Сталин раттын кодта ахæм дзуапп – «Советон делегацийы сæргълæууæджы фæнды базонын, Ираны шах кæд ссардзæнис рæстæг, цæмæй йæ йæхимæ райса?». Снысангонд рæстæгмæ Сталин æмæ Молотов ацыдысты шахы галуанмæ. Советон Цæдисы Хъайтар Вартанян та йæ мысинæгты фыссы:

«Сталин куы бахызт залмæ, уæд æрыгон шах фæгæпп кодта, тагъд-тагъд рауад йæ размæ æмæ йæ уæрагыл æрзоныгуыл кодта, цæмæй йын йæ къухæн апъа кæна. Фæлæ йæ Сталин нæ бауагъта, схæцыд ыл хæрдмæ».

Головановы ныхæстæм гæсгæ Сталин æмæ Пехлеви дзæвгар рæстæг фæныхас кодтой. Куырыхон советон фæтæг æрыгон лæппуйæн раарфæ кодта сæ уазæгуарзондзинады тыххæй, кæй сæ сбуц кодтой æмæ сын стыр лæггад кæй бакодтой. Лæвар та йын бакодта хæдтæхæг, кæцыйыл æгæрон цин фæкодта æрыгон шах. Ацы фембæлдæн стыр резонанс уыд Ираны æхсæнады, шахæн ахæм кад скæныны фæстиуæгæн ирайнаг адæм ноджы хуыздæр цæстæй кæсын райдыдтой Советон Цæдисмæ. Уый фæстæ шах Пехлеви æртæ хатты кусæгон балцы ацыд Советон Цæдисмæ æмæ дыууæ бæстæйы æмахастытæ уыдысты тынг æнгом суанг 1979 азмæ, цалынмæ дзы паддзахадон фæфæлдæхт не ‘рцыд арæзт, уæдмæ.

Пехлеви – реформатор                      

Историктæ Пехлевийы лæггæдтæ йæ бæстæйæн абоны бон абарынц, Петр I Уæрæсейæн цы хæрзты бацыдис, уыдонимæ, ома Европæмæ фæндаг æрбай-гом кодта æмæ Иранæй сарæзта хъомысджын сæудæджерадон паддзахад. Йæ къухдариуæгады рæстæджы арæзт æрцыдысты металлургийы æмæ машинæаразæн заводтæ, нефтехимикон комплекстæ, наутæ æмæ хæдтæхджытæ аразæн куыстуæттæ. Сарæзта ма фыццаг къахдзæфтæ атомон энергетикæйæ ифтонгадмæ. 4 милуан зæхкусæг адæймагæн та радтын кодта зæххытæ. Æмæ йын æппæт ацы хъуыддæгты егъау æххуыс бакодта Советон Цæдис.

Ираны историйæ

Иран 20-æм æнусы райдианы уыд мæгуыр бæстæйыл нымад, йæ цæрджытæй фыссын æмæ кæсын хæрз-цъусæй зыдтой. Уый фæдыл Пехлеви саразын кодта сæрмагонд программæ, кæцыйы фæстиуæгæн æфсæддонтæ зылдысты хъæутыл æмæ адæмæн фыссын-кæсын амыдтой. Ацы ахуырадон программæ банымадтой эффективоныл – цыбыр рæстæгмæ адæмы фылдæр хай райстой ахуырдзинад. Сылгоймæгтæн æвзæрстыты хъæлæс раттыны бар нæ уыд, фæлæ ног шахы хъæппæрисæй уыцы проблемæ дæр аиуварс кодтой. Уымæй уæлдай ма уыд цалдæр ус курыны ныхмæ, тох кодта хæрзæвзонг чызджыты чындзы æрвитыны ныхмæ, сылгоймæгтæн паддзахадон куыстуæтты кусыны бар радтын кодта.

Кæд æмæ Ираны экономикæ раразмæ кодта, адæмы фæрныгад бæрæг фæфылдæр кодта, ахуырдзинады æмвæзад бæрзонд систа, уæддæр европæйаг царды нормæтæ бынæттон цæрджыты зæрдæмæ нæ цыдысты. Се ʻгъдæуттæ, сæ традицитæ, сæ дин сын бар нæ лæвæрттой сæ цард цæхгæр фæивынæн æмæ шахы та растдæр уый фæндыдис. Ахæм сæвзæргæ уавæрты оппозицийæн æнæфæзынгæ нæ уыд. Хæрамдзинад æм æвдисын райдыдтой йе ʻмбæстæгтæ, уæлдайдæр та хъæуты цæрджытæ, æмæ азæй-азмæ сæ нымæц фылдæр кодта. Оппозицийы сæргълæууæг имам Рухолла Хомейни бæстæйы къух-дариуæгады æдзух критикæ кодта, рахуыдта сæ Израиль æмæ АИШ-ы ‘вварсхæцджытæ. Уый фæдыл Хомейнийы æрцахстой æмæ уæд Ираны горæтты адæм растадысты йæ сæрыл. Протестон акциты хайадисджытæ баййæфтой карз æфхæрд, фæмардис 100 адæймагæй фылдæр. Кæд æмæ Пехлеви дарддæр æнтыстджынæй кæронмæ код-та йæ реформæтæ, уæддæр цæрджыты фылдæр хайы зæрдæтæм фæндаг нал ссардта.

Хомейни æрвыст æрцыд Иранæй, фæлæ фæсарæнты уæвгæйæ дæр йæ куыст кодта. Зæгъæн ис, æмæ йæ зæрдæ тынг рыст йæ адæмыл, йæ бæстæйы сомбоныл Пехлевийау. Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, зæгъгæ Пехлеви æцæгæй-дæр уыд хурныгуылæн бæстæты ‘рдæм. Фæлæ уый раст нæу – йæ  къахдзæфтæм ын куы æркæсæм, уæд дзы ирдæй зыны, кæй архайдта æрмæстдæр йæ бæстæйы размæцыдыл æмæ йæ алкæцы паддзахадимæ дæр кæй фæндыд хæларадон ахастытæ саразын. Йæ бæстæйы экономикæ йæ къахыл слæууын кодта Советон Цæдисы фæрцы, фæлæ ма йæ уыимæ хъуыдис ног технологитæ дæр, æмæ уыдон та уыдысты æрмæстдæр размæцыд паддзахадтæм. Уымæ гæсгæ æнгом ахастытæ сарæзта АИШ æмæ Европæйы бæстæтимæ дæр.

Рагæй фæстæмæ Ираны нефты бизнес контроль кодта Æппæтдунеон нефты консорциум, ома, хурныгуылæйнаг бæстæтæ. Фæлæ Пехлеви приватизаци сарæзта нефтимæ баст мулкæн æмæ паддзахады къазнамæ цæуын райдыдтой дзæвгар æфтиæгтæ. Æхцайы фæрæзтыл кæй нал тыхстысты, уый фæдыл сарæзта масштабон модернизаци Ираны гарзджын тыхтæн, сфидар сын кодта сæ хæстхъомдзинад. Фæлæ паддзахадмæ æгæр бирæ валютæ кæй цыдис, уый расайдта инфляци – хæлцадон æмæ хæдзарадон товартæ зынаргъ кæнын райдыдтой мæ сæ куыстмыздтæ нал æййæфтой. Уый фæдыл адæм се ‘нæразыдзинад æвдыстой бæстæйы къух-дариуæгадмæ.

Ахуырады къабазы æнтыстджын ре-формæ дæр расайдта ног проблемæ – ахуыргонд интеллигенци бартæ домын райдыдта. Абсолютон монархийы та уымæн гæнæн нæ уыд, æмæ оппозицийы рæнхъытæ фылдæр кодтой ахуыргонд фæсивæдæй. Адæм арæхдæр хизын райдыдтой демонстрацитæм, студенттæ активонæй арæзтой манифестацитæ, æмæ-иу дзы барадхъахъхъæнæг органты къухтæй мæлгæ дæр акодта. Уый æхсæ-нады æвзæрын кодта æндыгъддзинад.

Грандиозон бæрæгбонон мадзæлттæ саразыны фæстиуджытæ

Пехлеви ма бауагъта ноджы иу егъау рæдыд, кæцы йын нæ ныппæрстой йе ʻмбæстæгтæ æмæ ацы хъуыддаг ноджы æрæввахс кодта паддзахадон фæфæлдæхт. 1971 азы Ираны империйыл æххæст кодта 2500 азы æмæ шахы бафæндыд масштабон бæрæгбонон мадзæлттæ саразын. Ардæм хуынд æрцыдысты фæсарæйнаг бæстæты саргълæуджытæ æмæ хъомысджын политиктæ. Шахы фæндыд, цæмæй йæ хъастизæры ном баззадаид историйы. Æмæ æцæгæйдæр, мадзал рауадис иууыл зынаргъдæр æмæ дæргъвæтиндæр – цыд æртæ боны дæргъы.

Грандиозон мадзалæн бынат рахицæн кодтой æдзæрæг быдыры, рагон горæт Персеполмæ ‘ввахс. Ам цæрæгойтæй змæлыдысты æрмæстдæр къæдздымтæ æмæ кæлмытæ, æмæ уыдоны дæр химикаттæй скуынæг кодтой. Францæй æрластой 15 мин бæласы æмæ къутæры ландшафт саразынæн æмæ 50 минмæ ввахс та тæхаг цъиутæ æрхастой. Цæ-мæй цытджын уазджытæн алыгъуызон дзаджджын хæринæгтæ аразой, уый тыххæй Францæй æркодтой 160 хæ-ринаггæнæджы. Арæзт ма дзы æрцыдысты гольфæй хъазыны фæзуат, егъау бас-сейн æмæ æндæр хиирхæфсæн объ-екттæ. Ныры æргътæм сæ куы ракæнæм, уæд мадзалыл бахардз 630 милуаны бæрц доллартæй. Афтæмæй та бынæт-тон цæрджытæй бирæтæ цардысты мæгуыр æмæ гæвзыккæй.

Бæрæгбонон мадзæлтты фæстæ ацы арæзтæдтæ рохуаты баззадысты – æнæдонæй бахус сты бæлæстæ æмæ амардысты тæхаг цъиутæ. Адæм шахы азымджын кодтой, ома, пысылмон ди-ныл хæст бæстæйы карз нозт уыд парахат, æмæ ма дзы уыдис хъахбай сылгоймæгтæ дæр. Диссаг ма уый уыд, æмæ бæрæгбонон мадзæлтты хайад нæ райста иунæг бынæттон цæрæг дæр, æгæрыстæмæй, министртæ дæр. Æмæ уый дæр тынг фæхъыг каст Ираны цæрджытæм. Кæд æмæ шахæн йæ бон уыд йæхи фæндæй баива министрты, парламенты депутатты, кæд æмæ контроль кодта тыхон структурæтыл, уæддæр «æгæр уæлæрвты тæхын» раст нæ уыдис æмæ йæ йæхæдæг дæр бамбæрста. Фæстæдæр ма адæмæй хатыртæ ракуырдта, фæлæ байрæджы.

Революци

Ираны цæрджытæ æрцыдысты ахæм хъуыдымæ, зæгъгæ, шахы хъæуы аиу-варс кæнын, æмæ сын уыцы фæнд бонæй-бонмæ фидар кодта. 1978 азы фæззæджы протестон акциты хайад райстой милуангай адæймæгтæ æмæ шахы бахъуыд æфсæддон уавæр ба-кæныны сæр. Змæстыты рæстæджы фæмардысты мингай адæймæгтæ. Фæстæдæр рабæрæг сты факттæ – демонстрантты координаци кодтой фæсарæнтæй, сæйраджыдæр та Францæй. Шахы ныхмæ райдыдтой цæуын æфсæддонтæ дæр æмæ уæд Пехлевийы «къæлæтджын» бындуронæй базмæлыд. 1979 азы райдианы Генералон штабы сæргълæууæгæй æвæрд æрцыдис генерал Карабаги, фæлæ ахæм ивындзинæдтæ дæр уавæрыл хуыздæрырдæм нал бандæвтой. Карабаги æмбырд ауагъта æфсæддон къухдариуæгадимæ æмæ æрцыдысты ахæм хъуыдымæ, зæгъгæ, адæмы ныхмæ нæ хъæуы цæуын, шахы режим та нæ хъæуы хъахъхъæнын. Ацы конфликтæн Ираны гарзджын тыхтæ кæрон скодтой æмæ шах æппæрст æрцыд.

Хомейни æрæздæхт Францæй æмæ йыл Ираны сæмбæлдысты зæрдиагæй. Уыцы рæстæджы Пехлеви та фæлыгъд Египетмæ. 1979 азы 1 апрелы уагъд æрцыд референдум, кæцыйы фæстиуæгæн монархийы бæсты арæзт æрцыдис Ирайнаг исламаг республикæ. Пехлеви рагæй уыд рынчын æмæ амард Каиры 1980 азы. Йæ фырт абоны бон цæры АИШ-ы.

Кæд æмæ хурныгуылæйнаг бæстæтæ активон хайад райстой паддзахадон фæфæлдæхты æмæ æнхъæлмæ кастысты, ома Хомейни сæ коммæ кæсдзæнис, уæд тынг фæрæдыдысты. Хомейни разынд йæ бæстæйы патриот æмæ иунæг фарсты дæр семæ не сразы ис. Сæхгæнын кодта АИШ-ы хъусдарæн станцтæ, кæцытæ уыдысты æвæрд ирайнаг-советон арæнтыл, нефть нал уагъта уæй кæнын Израилмæ, Хуссар Африкаг Республикæмæ æмæ ма æндæр хæрамдзаст бæстæтæм, фехæлдта дип-ломатон бастдзинæдтæ Израилимæ. Уымæ гæсгæ хурныгуылæйнаг бæстæтæ сæ пропагандæйы фæрцы Ираныл райдыдтой цъыф калын, сарæзтой йын изоляци, рахастой йын санкцитæ, ду-нейы æхсæнады йæ дæлдзиныг кæнын райдыдтой. Абоны онг дæр уавæр нæ фæивта. Æрмæстдæр уый тыххæй æмæ сæ коммæ нæ кæсы.

Джиоты Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.