Знауыры районы Иончайы хъæу фæдих æртæ сыхыл – Ионча йæхæдæг, Хæбæлаты хъæу æмæ Данотæ. Ацы хъæуы зæххыты рахонæн ис хойраджы къæбиц. Цæрæн бынатæн та йæ равзæрстой ахæм мыггæгтæ, куыд Джиотæ, Гаглойтæ, Тедетæ, Къуылыхтæ, Медойтæ, Æрсойтæ. Раздæр, советон дуджы ацы æртæ хъæуы дæр бирæ адæм цардис, мыдыбындзытау, æмызмæлд кодтой.

Æртынæм азты колхозон арæзтад куы райтынг, уæд йæ иувæрсты нæ ацыдысты Иончайы хъæуы цæрджытæ дæр. Райдианы сын æнцон нæ уыд, нæ сын уыд техникæ, фаг тауинаг, сæ зæххытæ хуым кодтой галтæй. Фæлæ зæх-кусæгæн гутон æмæ галтæ дæр Хуыцауæй лæварау уыдысты æмæ куыстой сæхæдæг дæр, хуымон галтау, æнæрынцойæ. Колхозы сырæзты, фæстæ сæ хъæуы фæзынд райдиан скъола дæр, æмæ зæгъæн ис, хъæуы кæй райхъал цард. Райдиан ахуыр райсыны фæстæ ахуырдзаутæ сæ ахуыр дарддæр кодтой Зиулет æмæ Уелиты хъæуты астæуккаг скъолаты.

Фосдард æмæ зæххы куыст – уыдон сты хъæууон фæллойгæнæджы царды фæрæз æмæ иончайæгтæ дæр фылдæр кодтой сæ иумиаг хуымты фæзуæттæ, сæ фосы нымæц æмæ кæд цадæггай, уæддæр сæ цард хуыздæрæй хуыздæр кодта, сæ колхоз та хъæздыгæй хъæздыгдæр. Уымæн æвдисæн – 1956 азы хуыздæр, гъæдджындæр продукци райсыны тыххæй конкурс куы расидтысты, уæд фыццаг бынат Иончайы колхоз кæй бацахста, уый. Уæд хъæуæн радтой трактор æмæ сулæфыдысты, ноджы зæрдиагдæрæй æрывнæлдтой куыстмæ. Таугæ кодтой мæнæу, хор, сысджы, æмæ æндæр культурæтæ дæр. Фылдæр тыдтой цæхæра æмæ-иу дзы райсой хъæздыг тыллæг. Æрвитгæ та йæ кодтой Агарайы сæкæр аразæн заводмæ. Æхсыр, дзидза, цыхт, мыд лæвæрдтой паддзахадмæ. Уæд йæхи ничи тылиф кодта куыстæй, иумиаг фæллоймæ фæныхилæн нæ уыдис. Абон дæр æй дисæн дзурынц хъæубæсты цæрджытæ, чидæр дыууæ цæхæра  бааууон кодта æмæ уый тыххæй дыууæ азы ахæстоны кæй фæбадт.

Хъæуæн уыдис йæхи куырой. Уым ссадтой мæнæу, хор æмæ цардысты сæхи хойрагæй, æлхæнгæ ницы кодтой цæххæй дарддæр. Афтæмæй кæрæдзийы цинæй, уарзонæй цардысты иончайæгтæ.

 

СТЫР ФЫДЫБÆСТÆЙОН ХÆСТ ÆМÆ ИОНЧАЙÆГТÆ

Разы уыдысты сæ цардæй ацы хъæуы цæрджытæ. Фæлæ сын уыцы циндзинад æмæ хъæлдзæг цард бирæ нæ ахаста.

Хæст кæй райдыдта, уыцы фыдохы уац алы советон адæймаджы зæрдæйы дæр нырризын кодта. Уымæн æмæ æмбæрстой разæй сæм цы фыдæвзарæнтæ æнхъæлмæ кæсынц, уый. 63 куыстхъом æвзонг лæппуйы фæцыдысты фæцу æмæ ма æрцуйы фæндæгтыл. Сæ колхоз йæ къахыл кæй фæрцы слæууыд, уыдон бахъуыд сæ къухмæ хæцæнгарз райсын, кæрæдзийы фæдыл ивылдысты цыфыддæр знаджы ныхмæ тохы быдырмæ. Иончайаг сагсур фæсивæд тох кодтой æндæр æмæ æндæр фронтты æмæ сæ тугæй æлхæдтой се стыр райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад, æввахс кодтой Уæлахизы бон. Æппæт куысты уæз та уыцы рæстæджы сæхимæ айстой Иончайы ацæргæ нæл-гоймæгтæ, сылгоймæгтæ, æнахъом лæппутæ æмæ чызджытæ. Фæлæ хæст хæст у. Цард æмæ дзы мæлæт фæрсæй фæрстæм цæуынц. Чи дзы нал рыздæхт, уыдоны нæ ферох кодтой. Сæ нæмттæ сæнусон кæныны тыххæй сын хъæуы астæу æвæрд æрцыдис цырт. Арæзт та æрцыд Советон Æфсады инæлар, иончайаг Джиоты Къостайы хъæппæрисæй.

Фæлæ стыр хъыгагæн, уыцы 63 лæппуйы тохы быдырмæ кæцæй фæцыдысты, уыцы хъæу сын 1990 азты æртхутæг фестын кодтой, æмарæн кæимæ уыдысты, сæ цæхх, сæ кæрдзын кæимæ дих кодтой, уыцы гуырдзиаг сыхæгтæ. Сæ цыртдзæвæн та сын зæххы æмвæз скодтой…

 

ИОНЧАЙЫ СЫГЪЗÆРИН ДУГ

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ азты Иончайы хъæуы колхоз фидарæй фидардæр кодта. Азæй-азмæ стырдæр æнтыстытæ æфтыд колхозонты къухы. Хæдзарад экономикон æгъдауæй куыд фидардæр кодта, афтæ рæзт, ам чи фæллой кодтой, уыдоны фæрныгад дæр, хъæуы рæзтысты рæсугъд, егъау цæрæн хæдзæрт-тæ.

Йæ рæзты фæндагыл Иончайы хъæу цахæм æнтысгæ къахдзæфтæ кодта, ууыл ма дзурæг у Мæскуыйы, Адæмон Хæдзарады Æнтыстыты Равдысты  кæй æвдыстой, Иончайы колхозы æркæнгæ продукци. Уыцы рæстæджы дзы сæрдарæй куыста Джиоты Самсон, абон дзы амалиуæгадон архайд чи кæны, уыцы Джиоты Лаверы фыды æфсымæр.

Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ хъæумæ фæндаг саразыныл дæр йæ рæстæджы кæй бацархайдта Джиоты Къоста. Фæлæ абон уыцы фæндаг дæр ис æдзæллаг уавæры

 

ИОНЧАЙÆГТЫ ИУУЫЛ ХЪИЗÆМАЙРАГДÆР АЗТÆ

Цард  размæ цæуы æмæ царды закъонмæ гæсгæ хъуамæ тыхджындæр, хуыздæр æмæ рæсугъддæр кæна. Афтæ кæй у, стæй ахæм амондджын цард та сæхи къухтæй аразгæ кæй уыд, уый хорз æмбæрстой иончайæгтæ æмæ архайдтой йæ фæхуыздæр кæныныл. Уыдон канд колхозы нæ куыстой, фæлæ ма куыстой сæ хæдзаргæрон зæххы фадгуытæ дæр æмæ сæ исмæ ис æфтыд, рæзт сæ хæдзæртты бæркад. Уæвджыйæдæр, куыд райгонд уыдысты сæ цардæй Иончайы хъæуы цæрджытæ æмæ уыимæ фидарæй æууæндыдысты, сæ фидæн ноджы рæсугъддæр, амондджын кæй уыдзæн, ууыл. Фæлæ, цæмæй зыдтой сæ хъæумæ, сæ уæзæгмæ дæр хæст кæй æрцæудзæн, уый.

Æрбалæууыд уыцы æгъатыр рæстæг. Цард сызмæст, схæццæ æмæ адæм сæргой фесты. Хæсты пиллон скалд Ирыстоны зæххæй дæр. Гуырдзыстоны националистон хотыхджын баиугæндтæ комкоммæ æхстой нæ горæт, сыгътой нын нæ хъæуты. Ионча та гуырдзиаг хъæуимæ æмарæн кæй уыд, уымæ гæсгæ лидзинаг фесты йæ цæрджытæ. Фæхастой сын сæ фæллæйттæ, аскъæрдтой сын сæ фос. Ныххæлæттаг сты, сæ сæр бæрзонд цы колхозæй хастой, уый исад. Афтæ, зæгъæн ис, раафтид  йæ бирæ цæрджытæй Иончайы хъæу.

 

НÆ ИВЫ ЙÆ ЗÆРДÆ ЙÆ УАРЗОН ХЪÆУЫЛ

Абон ма Иончайы æдзæрæг кæнын чи нæ уадзы, уый у ацы хъæуы цæрæг Джиоты Лавер.

Куы йæ бафæрсай, Лавер, дæу ма иунæгæй цы уромы ацы хъæуы, уæд дын зæгъдзæн: «Мæ фыды уæлмæрд!» Уый фæстæ зæрдæрыстæй фæдзуры, сæ хъæумæ фæсхæст куы æрцыд æмæ гуырдзиаг хъæуы фосы фыдæлтыккон уæлмæрды хизгæ куы сæййæфта, уæд йæ цæстытæ атарытæ сты. Иу уысм æм афтæ фæкаст, цыма ингæнæй сыхъуыст сæ хъæрзын. Уæд дзырд радта йæхицæн, кæй йæ нал ныууадздзæнис дзæгъæлæй. Æмæ сфæнд кодта цалдæр лæппуимæ фермерон хæдзарад саразын. Сарæзтой хуыты фермæ, скодтой стурты фермæ дæр. Фæлæ 2010 азы хуыты емынæ куы фæзынд, уæд сын аскъуыдысты. Нал сæндидзыдта уæд сæ хæдзарад æмæ ауæй кодтой се стурвосы дæр, цæмæй сæ хæрдзтæ бафыстаиккой. Фæлæ йæ ныфс нæ асаст, йæ уд радта зæххы куыстмæ. Зæххы куыст кодтой йæ ныййарджытæ æмæ уыдоны ныййарджытæ дæр. Лавер дæр чысылæй бауарзта ацы куыст, æххуыс кодта йæ ныййарджытæн сæхи æмæ колхозы хуымзæххытæ кусын.

Джиоты Лаверæн йе скъолайон азтæ куы фесты, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Алтайскы крайы Барнаулы. Райста инженер-аразæджы дæсныйад æмæ уым бакуыста цалдæр азы. Фæлæ йæ зæрдæ æхсайдта йæ ныййарджытæм æмæ æрыздæхт фæстæ-мæ, балæууыд  се ‘нцой. Уый та уыд, гуырдзиаг æнæформалтæ нын нæ хъæутæм куы лæбурдтой, уыцы рæстæджы.

Лавер хорз æмбары, адæмæн зæхх сæ дарæг кæй у. Зæххæй кæй цæуы сой. Фæлæ уыцы зæхх домы зæхкусæджы къухты узæлд. Ахæм разынд Лавер дæр. Уый байтауы мæнæу, хор. Æркæны хъæздыг тыллæг, фæлæ сæ кæм ауæй кæна, куыд сæ среализаци кæна, уымæн ницы зоны æмæ йе уонг амард. Цалдæр раны йын ис хордæттæ æмæ   йедзагæй лæууынц фарон æмæ æндæразы мæнæу æмæ хорæй дæр.

Лавер паддзахадæй ницы домы æндæртау. Йæхицæн самал кодта комбайн, хуымгæнæн трактор æмæ тауæн агрегаттæ дæр. Уымæн æрмæстдæр йæ бæллиц  ссис, йæ æркæнгæ тыллæг куыд среализаци кæна. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, цы мæнæу æркæны, уымæй уайы хæрзад дзул. Йæхæдæг дзы æрыссадта, скæнын дзы кодта кæрдзын дæр. Æмæ ныр катай кæны, цы фæкæна йæ тыллæг, ууыл. Фæлæ йæ хъæр никуыдæм хъуысы. Хъæуы куырой. Уый æрмæст Лаверы бæллиц нæу, фæлæ æппæт фермерты бæллиц дæр.

Куы бафарстам, зæгъгæ, цы мæнæу æркодтай, уый дын реализаци куынæ  ‘рцыд, уæд та ацы аз дæр байтыдтай дæ хуымтæ? – зæгъгæ,  уæд йæ дзуапп уыд: «Мæ зæрдæ нæ лæууы, мæ цæст æй нæ уарзы дзæгъæлæй ныууадзын. Æцæг фарон кæд 60 гектары фæзуатыл байтыдтон мæнæу, уæд ма ацы аз байтыдтон æрмæстдæр 15 гектары мæнæу æмæ 20 гектары та – сысджы. Фæлæ афтæ куы уа, уæд дарддæр нæ зонын, æвæццæгæн, æз дæр нал байтаудзынæн… цас сæ хъуамæ æмбырд кæнон хордæтты дæр», – ныфссастæй загъта, уый.

Барызт фæллойгæнæджы зæрдæ йæхи ныхæстæй æмæ хатыркурæгау бакаст, фæйлаугæ йæм цъæх-цъæхидæй чи кастысты, уыцы хуымы быдыртæ.

Цы гæнæн ис, цард тæбæгъы донæй уæлдай нæу. Чизоны æмæ ныр та фæллойгæнæджы ‘рдæм фæкъул уа. Адæймаг ныфсæй цæры. Ахæм рæстæг та кæй æрцæудзæн, ууыл та алы кусæг лæг дæр хъуамæ æууæнда. Ныр та уал афтæ у…

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.