БЫНАТ МА ХЪУАМÆ УА АХÆМ АРÆЗТÆДТÆН

Рагæй фæстæмæ бирæ дзырд цæуы, æнæзакъонæй нæ горæты арæзт чи æрцыдысты, уыцы арæзтæдтыл. Уыдон нын нæ горæт кæй æвидыц кæнынц, уымæ гæсгæ горæты администраци рахаста фæндон, цæмæй ахæм арæзтæдтæ хаст æрцæуой.

Æрæджы, горæты администрацийы архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад бафиппайдтой, ахæм æнæзакъонæй гаражты арæзтад кæй ис Сталины уынджы горæты цады былтæм æввахс. Сæ хицæуттæ кæд фæдзæхст æрцыдысты, цæмæй сæ айсой æмæ ссæрибар кæной уыцы фæзуат, уæддæр сæм уыдон нæ бавнæлдтой. Уымæ гæсгæ горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджыты бахъуыд, цæмæй сæ сæхæдæг айсой.

Горæты сæйраг архитектор Тадтаты Мераб куыд зæгъы, афтæмæй сын арæзтадæн цы бынат рахицæн æрцæуы, уым æртæ азы æмгъуыдмæ капиталон арæзтад куынæ уа, уæд йæ тых сафы. Уый фыст вæййы, цы бадзырд саразынц, уым дæр. Мераб ма куыд загъта, афтæмæй закъонон гаражыл нымад цæуы ахæм гаражы арæзтад, кæцы дзуапп дæтты арæзтадон нормæтæн. Уыцы домæнтæн дзуапп кæцы арæзтад нæ дæдта, уыдон та хаст цæудзысты, цæмæй нын ма фыдуынд кæной нæ горæт.

КУЫСТ ЦÆУЫ НОГ ГУЫРÆН ХÆДЗАРЫ АРÆЗТАДЫЛ

Нæ горæты цырд темптæй арæзт цæуы ног гуырæн хæдзар. Уый арæзт цæуы, чи басыгъд, уыцы зæронд рын-чындоны бынаты. Арæзт та цæуы Ин-вестицион программæйы фæлгæтты. Объекты фæзуат у 53000 квадратон метры. Йæ арæзтадæн та æдæппæт рахицæн æрцыд 470 милуан сомы. Уый хъуамæ арæзт æрцæуа фидæн азы кæронмæ.

Ног гуырæн хæдзар уыдзæнис дыууæуæладзыгон. Уым уыдзæнис гуырæн хайад 30 бынатимæ, гинекологион хайад 20 бынатимæ, сылгоймæгтæн консультацион хайад – 50 бынатæн. Ам ма арæзт уыдзæнис æрдзæй лæмæгъæй чи райгуыры, ахæм сывæллæттæн хицæн бынат. Ныртæккæ куыст цæуы объекты ныккæнд, асинтæ, æппæт бетонон куыстытæ дæр бакæныныл. Иудзырдæй, арæзт цæуы йæ каркас. Аразгæ та йæ кæны арæзтадон-подрядон организаци «Мегаполис – Т». Объекты уыцы-иу рæстæджы арæзт цæуынц электро хæххытæ æмæ донуадзæн куыстытæ дæр. Объекты æдæппæт кусы 45 кусæджы. Техникæ æмæ арæзтадон æрмæджытæй сты ифтонг.

Уæдæ, зæрдæдарæн ис, ног гуырæн хæдзары арæзт кæй æрцæудзæнис æппæт уавæртæ дæр æмæ сылгоймæгты кæй нал хъæудзæнис цæуын Цæгат Ирыстон æмæ æндæр рæттæм.

ЦÆРДЖЫТÆ БАЗЗАДЫСТЫ РАЙГОНДÆЙ

Æрмæст ивгъуыд аз нæ горæты цы бирæ уынгтæ арæзт æрцыдысты бындуронæй, уыдон сæ аивдзинадæй цæстæнгас сæхимæ здахынц. Ацы куыстытæм развæлгъау æрывнæлдтой ацы аз дæр. Куыд зонæм, афтæмæй уыдон арæзт цæуынц 2018-2019 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Ацы аз нæ горæты арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд чи хъуамæ æрцæуа, уыдон сты 10 уынджы.

Фæлæ цалынмæ асфальт не ‘рцæуой, уæдмæ уал ацы уынгты бакусдзысты къæвдадæтты донæмбырдгæнæнтæ ара-зыныл, канализацион æмæ доны хæтæлтæ раивыныл æмæ уый фæстæ та бакæндзысты, хæдзæрттæм сæ баиу кæныны куыстытæ. Аразгæ та сæ кæны «Водоканал».

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ахæм куыстытæ кæй æххæст кæнынц канд горæты уынгты нæ, фæлæ бирæуæладзыгон хæдзæртты дæр. Уымæн æвдисæн Джиоты Аланы проспекты 132-æм хæдзар. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ам канализацион хæххытæ ивд никуы уыдысты сæ сырæзтæй фæстæмæ, арæх-иу дзы æрцыдис аваритæ æмæ тыхстысты цæрджытæ. Коцты Аланмæ куы бахатыдысты, уæд уайтагъд сæ проблемæ иуварс æрцыд æмæ цæрджытæ баззадысты райгондæй.

ЦЫМЫДИСОН  РАВДЫСТ

Бирæ алыгъуызон мадзæлттæ уагъд цæуы Стыр Уæлахизыл 73 азы сæххæсты боны цытæн. Иу ахæм мадзал – сывæллæтты нывты равдыст «Здравствуй, дед! Спасибо за Победу», ауагъд æрцыд нæ горæты, Хицауады хæдзары рабадтыты залы фойейы. Равдыст аххæсдзæнис мæйы кæронмæ. Равдысты фенæн ис Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны хъомылгæнинæгты куыстытæн.

Хуызфыссынады аивадзонæг Цхуырбаты Джульеттæ куыд зæгъы, афтæмæй галуаны хъомылгæнинæгтæ сæ нывты равдыстой сæ бузныгдзинад Стыр Фыдыбæстæйы хæсты ветерантæм, кæцытæ сын æрхастой сæрибардзинад. Уыдоны руаджы цæрынц абон рæсугъд арвы бын.

Джульеттæ ма куыд загъта, афтæ-мæй сывæллæтты нывты равдыстытæ тынг арæх вæййынц, фæлæ ацы равдыстæн йæ нысаниуæг æндæр у. Сывæллæттæ сæ нывты алыгъуызон ирд ахорæнты руаджы равдыстой сабырад, бæрæгæй дзы зыны, стыр бæрæгбон кæй у, уый.

Равдыст организаци æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады æххуысæй.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.