Зынгæ грекъаг поэт-кадæггæнæг Гомер фыста, зæгъгæ горæт Трояйыл знæгтæ æрхъула кодтой, фæлæ йæ цæрджытæ 10 азы дæргъы хъазуатонæй тох кодтой семæ, нæ сын куымдтой сæттын. Æмæ ахæм цаутæ бирæ баззадис историйы. Зæгъæм, 17-æм æнусы та венециæгтæ туркæгтимæ тохы рæстæджы сæ гæнах Кандия (ныры Гераклион), кæцы ис Криты сакъадахы, хъахъхъæдтой 21 азы дæргъы. Фæлæ уæддæр Ленинграды блокадæ дзыллæты историйы нымад цæуы иууыл æгъатырдæрыл æмæ ма уыимæ иумæ, нæ бакуымдта знæгтæн басæттын дæр. Блокадæйы рæстæджы астæуккаг нымадæй фæмардис 1,5 миллуан адæймаджы бæрц, кæцыты хсæн уыдысты хæстонтæ, бынæттон æмæ горæтгæрон  районты цæрджытæ. Историйы иунæг горæт дæр уæлахизы тыххæй уыйбæрц  адæм  никуы  фесæфта.

Ленинград блокадæйы бахаудта 8 сентябры 1941 азы æмæ 872 боны дæргъы йæ цæрджытæ удхарæй мардысты, æппынæдзух мæлæтмæ æнхъæлмæ кастысты, фæлæ уæддæр сæ ныфс нæ састис. Уазал, стонгдзинад, сармадзанты æнæрлæугæ рæмыгъдтытæ, алыгъуызон эпидемитæ дзæвгар рæстæджы дæргъы уыдысты се рвылбонон царды. Афтæмæй та сæ куыст нæ æрурæдтой административон, социалон æмæ культурон уагдæттæ, заводты арæзтой æхсæнгæрзтæ, нæмгуытæ æмæ ма æндæр æнæмæнгхъæуæг хæстон дзау-мæттæ, æмæ сæ æвæстиатæй æрвыстой фронтмæ.

Хæсты хæдразмæ ам цардис 3,2 милуан адæймаджы æмæ сæм ноджы баф тыдис 300 мин адæймаджы бæрц лигъдæттæ йæ алыварс районтæй æмæ Прибалти-кæйæ, кæцыты сæ разæй рассæстой немыцаг фашисттæ. Æрхъулайы хæдразмæ ма горæты баззадис 2,5 миллуан адæймаджы. Гитлерæн Ленинград байсын хаста стратегион нысаниуæг, уымæн æмæ ацы горæты уыд 300 фылдæр стыр промышленон куыстуæттæ, стæй ма бирæ алыгъуызон фабрикæтæ æмæ заводтæ, кæцыты куыста 500 минæй фылдæр кусæджы. Уымæй уæлдай ма дзы 130 бæрц та уыд ахуырадон институттæ æмæ конструкторон бю-ротæ, 60 бæрц – уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ 106 та – техникумтæ.

Немыцаг фашистты фæнд уыд горæт зæххы æмвæз скæнын æмæ йын йæ цæрджыты банай кæнын

Иууыл уæззаудæр рæстæджытæ ныллæууыдысты зымæджы фыццаг бонты. Æрмæст 1942 азы январы мæйы горæты фæмард 107 мин адæймаджы бæрц, кæцытæн сæ фылдæр амардысты æххормагæй. Уыдоны хсæн 5 минæй фылдæр уыдысты бынтон æнахъом сывæллæттæ. Горæты нал уыд хъарм дон, нал куыста централон хъармгæнæн системæ дæр, æмæ ма уазалы дæр æргъæвстысты цæрджытæ. Уыдис ахæм рæстæг дæр æмæ сау кæр-дзыны иу боны нормæ иу адæймагæн сарæзтой 125 граммы. Уымæй уæлдай ма зындзинæдтæ æвзæрстой кæрдзын дуканитæм аласыны рæстæджы дæр – автотранспорт иууылдæр уыд фронты æмæ трамвайтæ та нал цыдысты, электроны рухс кæй нал уыд, уый фæстиуæгæн. Уымæ гæсгæ кæрдзын ластой уæрдæттыл къухæй, зымæгон та дзоныгътыл. Ахæм æххормаг рæстæджы арæх лæбурдтой кæрдзынласджытæм, арæх-иу æрцыдис трагикон цаутæ дæр.

Цæрджытæ хæлцыл ивтой алыгъуызон дзаумæттæ, сæйраг валютæйыл сын нымад уыд «кæрдзын», уымæн æмæ æхцайæн кад нал уыд, никæй хъуыд гæххæтты гæбаз. Кæд æмæ Уæрæсейы иннæ къуымты сау кæрдзыны килограммы аргъ уыд иу сом, уæд блокадон Ленинграды та уыд 200-800 сомы бæрц, æмæ уымæй дæр – зын ссарæн. Базары дыууæ килограмм сау кæрдзыныл баивтаис самовар, 5 килограмм кæрдзыны ныхмæ та дын радтаиккой фотоаппарат кæнæ сахат, 100 грамм кæрдзыны ныхмæ та дæ фæуыдаид иу копп папиростæ.

Сырх  Æфсад тынг архайдта æрхъула атоныныл, фæлæ сын ницы æнтыстытæ уыд хъазуатон тохты. Уымæ гæсгæ зымæджы Ладогæйы цадыл сарæзтой фæндаг, кæцыйы рахуыдтой «Дорога жизни». Ацы транспортон магистраль стыр ахъаз фæцис цæрджытæн, мургай сæм хауын райдыдта хæлц æмæ стонгæй къаддæр скъуыдысты. Стæй ма бынæттон цæрджыты райдыдтой эвакуаци кæнын æмæ уымæ гæсгæ ирвæзтысты мæлæтæй. Уымæй уæлдай ма æфсæддонтæ цады бынты ауагътой телефоны хахх æмæ электрорухсы хахх. Ленинградимæ фæзынд бастдзинад, ифтонг æрцыдысты æртаг æмæ электроны рухсæй йæ цæрджытæн хæрзчысыл фенцондæр ис.

18 январы 1943 азы Сырх Æфсад райдыдта размæбырстытæ цæгатварс фронты, фæлæ Ленинграды блокадæ атонынæн ницы фæрæзтой. Сындæггай Ладогæйы цады алыварс сыгъдæг кæнын райдыдтой фашисттæй, фæлæ знæгтæ уæгъд нæ уагътой Ленинграды, æппæт тыхтæ дæр раттой ацы горæт скуынæг кæнынмæ. Январы мæйы райдианы 1944 азы сырхæфсæддонтæ бацæттæ кодтой  æфсæддон операци «Январский гром» зæгъгæ, æмæ фашисттæн радтой стыр ныхкъуырд, кæцыйы фæстиуæгæн знаг фæстæмæ цæуын райдыдта. Бонæй-бонмæ фылдæр территоритæ сæрибар кодтой, куынæг цыдысты фашистты дæлхæйттæ æмæ 27 январы Сырх Æфсад æрхъула атыдта, – байгом Ленинградмæ фæндаг æмæ сæххæст ис миллуангай адæймæгты бæллиц.

Сырх Æфсад знаджы дзæмбытæй стыдта горæт-хъайтары, аппæрста фашистты цалдæр километры æддæмæ æмæ цæрджытæн байгом кодта фæндæгтæ. Кæд æмæ блокадон горæты цæрджытæ хæствæллад æмæ æххормаг уыдысты, бирæтæн дзы сæ бон æдæрсгæ цæуын дæр нал уыд, уæддæр уыцы бон мингай адæймæгтæ фырцинæй ракалдысты уынгтæм. Уыцы изæр Ленинграды сæрмæ арв ныррухс кодтой салюттæ – 324 сармадзаны æмæхст фæкодтой блокадæ атоныны сæраппонд.

Джиоты Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.