Хæст. Æрмæст йæ койæ дæр уæнгтæ баризынц, адæймаджы зæрдæ бамæгуыр вæййы æмæ æнкъард хъуыдыты адзæгъæл вæййы. Уæвджыйæдæр, цас фыдбылызтæ, фыдбæллæхтæ, хъизæмæрттæ æрхæссы уый рæстагон адæмæн, йæ аххосæй уысммæ æрбайсæфы сæ амондджын цард æмæ фыдæвзарæнты уацары бахауынц. Ахæм уыд 2008-æм азы августы хæст дæр Хуссар Ирыстоны сабыруарзаг æмбæстæгтæн æмæ уыцы хъизæмайраг бонтæ абон дæр зæрдæйæ нæ рох кæнынц. Уый нæ, фæлæ цас фылдæр рæстæг цæуы уыцы æлгъыстаджы рæстæгæй, уыйас уыцы æнтъыснæг бонтæ цæстыты раз ногæй сыстынц æмæ фæхицæн кæнын дæр нал фæкомынц.

Тугуарæн рæстæг дзæвгар уды зиæнттæ, маст æмæ фыдбылызтæ æрхаста Цхинвалы районы Къостайыхъæуы сабыруарзаг æмæ фæллойуарзаг цæрджытæн дæр. Бæргæ нывæзтой сæ рæсугъд æмæ амондджын царды нывтæ сабыр арвы бын, бирæ рæсугъд фæндтæ сæм уыд сомбоны рæсугъд царды сæраппонд, фæлæ сын уыцы бæллиццаг хъуыдытæ æваст фескъуыдта хæст. Августы хæсты размæ дæр хъæуы цæрджытæ зындзинæдтæ æмæ карз мæстытæ куыннæ бавзæрстой лæгхорты æрдыгæй, судзгæ цæссыгтæн кæрон дæр кæм уыд! Фæлæ уæддæр августы хæст æнахуыр тугтæригъæдтæ æрхаста хъæуæн æмæ куыдта, дзынæзта æгасæйдæр. Ныййарæг мадæн йæ судзгæ цæссыгтæ лæдæрстысты йæ рустыл, дзынæзта уарзон æмкъай йе ‘дзард фæдисоныл, æрхуым æмæ æнкъардæй сау хъуыдыты адзæгъæл уарзон чызг йæ фидæны сагсур лæппуйы мæлæтыл. О, куыдтой æмæ дзынæзтой, сæ абон æмæ сомбоны рухс цард кæй фескъуыд, ууыл, æнкъард уыд æгас хъæубæстæ йæ иубæстон адæймæгты сæфтыл, рухсы цъыртт сæм никуыцæй уал каст.

2008-æм азы августы хæсты знаджы нæмыгæй йæ цард кæмæн фескъуыд, уыдон фыццæгтæй уыд Мамиты Петр. Куыстуарзаг æмæ хъæубæсты уарзон адæймаг уыцы райсом атындзыдта йæ хуымзæхх бакусынмæ. Бæргæ зæрдиагæй æрæвнæлдта кусынмæ, фæлæ æхстытæ куы сарæх сты, уæд ратагъд кодта сæхимæ. Бæргæ æрбахæццæ, фæлæ йын хорзы цыд нæ фæци. Чысыл аулæфон, зæгъгæ, загъта йæхицæн æмæ хæдзары цур æрбадт бандоныл. Бирæ нæ аулæфыд, афтæ йын йæ рухс фæндтæ фескъуыдта знаджы судзгæ нæмыг. Афтæ банцад йæ кусынæй цардбæллон æмæ хорз ныййарæджы зæрдæ, нал ын бантыст, цы бирæ рæсуъд фæндтæ æмæ хъуыдытæ йæм уыд, уыдон кæронмæ сæххæст кæнын.

Цардæй чи нæма бафсæст, йæ хæрзиуджытæй æххæстæй чи нæма фæхайджын, афтæмæй фыдгулы маргæйдзаг къухтæ а-дунейæ чи фæхицæн, уыдон уыдысты Мæлдзыгаты Джемал æмæ Томайты Æхсар. Мæлдзыгаты лæппу йе ‘взонджы бонты афтыд Беслæнмæ, уым нывæзта йæ рæсугъд царды бонтæ йæ уарзон æмкъай æмæ хъæбултимæ. Фæлæ цы загъдæуа хæст рауадзæгæн, уый йемæ хæссы маст æмæ фыдбылыз, судзгæ цæссыгтæ. Нæ чысыл райгуырæн къуым æрхъулайы куы бахауд, уæд фæдисæй сидт йæ хъæбултæм æмæ Джемал дæр фæстæ нæ фæлæууыд. Куыддæр фехъуыста Ирыстоны уæззау уавæр, афтæ йæм рараст фæдисы цыдæй. Бæргæ тындзыдта, бæргæ хъавыд знагæн аккаг ныхкъуырд радтынмæ, фæлæ… Кæронмæ йæ уарзон хъæумæ дæр нæ бахæццæ, нæ йын бантыст йæ ныййарджытæ, йæ хиуæттыл, хъæубæстыл дæр бацин кæнын, афтæ йын фыдгулы судзгæ нæмыг баталынг кодта йæ рухс цард. Кæугæ æмæ дзыназгæйæ ныууагъта йæ уарзон ныййарджыты, æмкъай æмæ йæ ныфсы хъæбулты.

Йæ царды фæстаг фæндагыл рараст горæтæй хъæумæ Томайты Æхсар дæр, уым æххæст кодта йе ‘фсæддон хæс, фæлæ йæ зæрдæ æхсайдта йе схъомылгæнæг ныййарджытæ æмæ уар-зон хотæм. Уарзон кæстæр æдзухдæр уыд хъуырдухæнты, цы амалæй сæ фервæзын кæндзæн знагæй, ууыл уыд йæ катай æмæ мæт. О, ратагъд кодта хъæумæ, фæлæ йын нал бантыст йæ хæдзары къæсæрмæ бахизын, уарзон мад æмæ фыдыл, хотыл бацин кæнын. Джемалы цур уымæн дæр фескъуыд йе ‘взонг цард. Нырма хæрз æвзонг лæппу. Æвзонг лæппумæ та царды диссаджы бæллицтæ вæййы, уыдон фыццæгтæй та иу вæййы уарзон чызгимæ  цард сиу кæнын. Фæлæ йын йæ уыцы фæндтæ æмæ амондджын хъуыдытæ знаг ба-тары кодта. Бинонтæ хъæбулы маст нал сфæрæзтой æмæ цыбыр рæстæджы фæстæ, цардæй ахицæн йæ ныййарæг фыд Феликс. Мад Жени æдзухдæр йæ хъæбулыл ставд цæссыг калдта, йæ кæуынмæ рызтысты къæдзæхтæ дæр. Нæ бафæрæзта хъæбулы, йæ зæрдиаджы мастæн æмæ уый дæр атагъд кода йæ хъæбулы фæстæ. Дыууæ хойы дæр бæргæ кæуынæй хордтой сæхи æмæ абоны онг дæр уарзон æфсымæры ном дарынц сæ зæрдыл.

Къостайыхъæу Цъунарæй фыдгулы амæттаг чи баци, уый уыд Мамиты Тамарæ дæр. Хъæубæсты уарзон сылгоймаг, æдзухдæр адджын ныхас кодта йæ амбæлæгыл, алкæимæ дæр цард хæлар æмæ уарзонæй. Уый ахуыргæнæджы куыст фæкодта Карелы районы хъæутæй иуы æмæ йæ арф  зонындзинæдтæ не ‘вгъау кодта рæзгæ фæлтæрæн. Канд скъолайы коллективимæ нæ, фæлæ æгас хъæубæстимæ дæр цард адджын æмæ хæларæй. Фæлæ йын уыцы лæггæдтæ знаг та бафыста æгъатырдзинадæй. Уыцы рæстæджы уый хъæуы уыд æмæ йæ уырнгæ дæр нæ кодта, кæй æхсæн фæкуыста, уыдон ын йе ‘мирон адæмы ныхмæ ахæм æвирхъау хæст расиддзысты. Цæмæй æнхъæл уыд, чысыл фæстæдæр ыл уыдоны къухæй йæ дуне баталынг уыдзæн. Иннæ ахæм хъæубæсты иннæ сылгоймаг Елбачиты-Джиоты Насти уыд. Уый дæр зыдтой æгъдауджын æмæ намысджын сылгоймагæй, алкæмæн дæр йæ цæст уарзта хорздзинад, йæ адджын ныхас æмæ зæрдиаг арфæтæн та кæрон дæр нæ уыд. Бæргæ, царды уыцы раппæлинаг миниуджытæ ноджыдæр куы уæрстаид йæ адджын адæмыл, куы сæ тавтаид йæ рæвдыд ныхас æмæ уарзæгой цæстæнгасæй, фæлæ…Фыдгулы азарæй бацарæфтыд  ирон æгъдауæй æххæст сылгоймаг Настийы зæрдæ дæр.

Цъунары хъæуы йе ‘взонджы бонтæ арвыста Хуыбиаты Вадик-Сослан дæр. Уый уыд номдзыд механизатор Хуыбиаты Яшайы хистæр фырт. Фæстæдæр æрцард Ногхъæуы æмæ растæндæр ам  ссардта йæ мæлæт знаджы къухæй. Рахызт уынгмæ æмæ сцæйцæугæ федта знаджы БТР-ы. Уый йæ фенхъæлдта нæхи уæттæй, йæ цæнгтæ хæрдмæ  сивæзта цингæнгæ æмæ сæм хъæр кæны йæ хъæлæсы дзаг. Знаджы ма æндæр цы хъуыд æмæ йыл уайтагъд хъомысджын техникæ бавзæрста йæ тых. Иннæ ахæм ацы хъæуы цæрæг Джиоты Асланы хъысмæт рауад. Уый æвзонг лæппуйæ хъæуы раздæры колхозы бирæ бафæллой кодта, æдзухдæр уыд куыстыл лæуд æмæ дзы бузныг уыдысты хæдзарады разамонджытæ. Уый фæстæ азты дæр ын æрæнцой нæ уыд. Иугæр пенсийы куы ацыд, уæд æнхъæл уыд, йæ цард сабыр арвы бын æнæмастæй кæй æрвитдзæн йæ бинонтимæ, фæлæ афтæ нæ рауад йæ хъысмæт.

Хæсты азарæй басыгъд мæ хъæу дæр

Гуырдзиаг хотыхджынтæ къаддæр хъизæмæрттæ æмæ мæстытæ нæ бавзарын кодтой хъæуы иннæ цæрджытæн дæр. Уыдон æхсæн уыдысты Джиоты Вадик, Къудухты Шамил, йе ‘мкъай Зарæ æмæ сæ фырт Алан, Хуыбиаты Георги, Мамиты Къоте, Хуыбиаты Митъи æмæ бирæ æндæртæ. Адæймагæн æппæты зынаргъдæр æмæ адджындæр цард у, фæлæ уыимæ иумæ тынг фæхъыг кæны, цæрæнбонты кæуыл фæтухæн кæны æмæ кæй саразы, уыцы цæрæн хæдзары мæгуырдзинадыл  дæр. Ацы ран дæр нæ «хорз» сыхæгтæ фæстæ нæ фæлæууыдысты æмæ зæххы æмвæз скодтой хъæуы цæрæн бынæттæй бирæты. Уыдон та уыдысты Хаситы Матронæ, Мамиты Æхсар, Гæджиты Маир, Бигъуылаты Славик, Магкоты Шалва, Джусойты Ахмæт, Бигъуылаты Ефим, Мамиты Дуду, Лохты Вова, Бигъуылаты Нателæ, Лохты Джамбулат, Лохты Вилен, Хуыбиаты Альберт, Мамиты Валикъо, Тыджыты Гия, Бигъуылаты Мурик, Тегкаты Лев, Мамиты Этери, басыгъдысты  Тедеты Вла-димиры, Бекъойты Ефим, Хуыбиаты Ельзæ, Мамиты Петр æмæ æндæрты бæстыхæйттæ. Сæ тых бавзæрстой, нæ рæзгæ фæлтæрæн дзæвгар азты йæ зонындзинæдтæ цы уарзон скъола хæлар кодта, ууыл дæр æмæ нал сбæззыд дарддæры куыстæн. Фæлæ бузныг Уæрæсейæн, уыдон аудындзинад æмæ комкоммæ æххуысы фæрцы хъæу ногæй слæууыд йæ къахыл, пырх æмæ дæрæн хæдзæртты бæсты ногæй сырæзтысты сæ цæрæн бынæттæ æмæ уый тыххæй бузныг сты сæ саразджытæй. Къаддæр фыдæбон нæ бакодтой аразджытæ хъæуы ног, нырыккон типыл арæзт скъолайыл дæр æмæ дзы ныр нæ рæзгæ фæлтæрæн ис æппæт уавæртæ дæр ахуыр-хъомыладон куыстæн.

Фæлæ уæддæр зæрдæйæ нæ рох кæнынц, гуырдзиаг хотыхджынтæ нæ адæмæн цы фыд-былызтæ æмæ мæстытæ бавзарын кодтой, уыдон.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.