Августы хæсты рæстæджы нæ республикæйы хъæутæ æмæ горæт бахъахъхъæныны хъуыддаджы сæхи хъæбатыр æмæ ныфсджынæй чи равдыстой, Фыдыбæстæ бахъахъхъæныны сæраппонд сæ удтæ чи не ‘вгъау кодтой, уыцы ирон лæппуты ‘хсæн уыдысты нæ горæты Нæузæххонты уынджы хæстхъом цæрджытæ дæр. Сæ иу – Санахъоты Æхсар уыцы уæззау бонты тыххæй æрымысыд:

«Горæтмæ æрбахизæнты уыцы бонты алы ран дæр уæззау æмæ карз тохтæ цыд. Уыцы нымæцы ныгуылæнæрдыгæй дæр. Ам, сæйраджыдæр, знæгты ныхмæ лæууыдысты Нæузæххонты æмæ уымæ æввахс уынгты цæрæг фæсивæд. Æмбæхсинаг нæу, знæгтæ ацы хæстмæ сæхи лæмбынæг кæй цæттæ кодтой. Размæ бырстой стыр æмæ хъомысджын тыхтимæ, сæ ныууромын уыд зын, фæлæ нæ тых уæддæр нæ саст. Ноджы ма нын стыр ныфс уыдис, куы фехъуыстам, зæгъгæ, Уæрæсейы æфсад æххуысмæ æрцæуынц, уæд уый дæр» – зæгъы уый.

Ацы тохты Æхсарæн йæ фарсмæ уыдысты йæ хистæр æфсымæр Радик æмæ йæ фыд Маир дæр. Сæрæгасæй сæ кæй уыдта, уый Æхсарæн лæвæрдта стырдæр цырынгæнæг тыхтæ æмæ иумæ фыдызнаджы ныхмæ лæууыд ноджы ныфсджындæрæй. Хæст хæст у, цыфæнды арæхстджын æмæ хъæбатыр ма уай, уæддæр алыгъуызон нæмгуытæ æмæ снарядтæ махæрдæм уыйбæрц тахтысты æмæ хи бахизын нæ уыд хуымæтæджы хъуыддаг.

Гуырдзиаг фыдгæнæджы нæмыджы уæззау рыст банкъардта Маир æмæ 8-æм августы бахауд рынчындонмæ, бакодтой йын æмбæлон медицинон æххуыс.

Уыцы бонты ма фæцæф сты йе  ‘мбæлттæ Багаты Сергей, Цхуырбаты Вадим, Пæррæстаты Дауыт, уымæй размæ та Зассеты Витали.

Знаджы судзгæ нæмгуытæ уыцы бонты цæрæнбонтæм не’хсæнæй атыдтой, знаджы ныхмæ хъæбатырæй чи лæууыдысты, уыцы хæстонтæ Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты.

Уæрæсейы æфсады æххуысы тыххæй та Æхсар банысан кодта: «Уæрæсейы æфсадæй мах бауырныдта, ацы тугкалæн хæсты нæ адæм, Ирыстон кæй фæуæлахиз уыдзæнис, уый. Бæллыдтæн, уыцы бонтыл дзæбæхæй куы сæмбæлин, фæлæ мæ уæраг фæцæф æмæ бахаудтæн рынчындонмæ –  верттæхæгыл мæ аластой Цæгат Ирыстонмæ. Уым хабар зыдтой, уыдысты цæттæ æмæ уадид æрæвнæлдтой мæныл операци кæнынмæ. Операци хуымæтæджы нæ уыд, фæлæ рауад æнтыстджын æмæ мæ абон æппындæр нæ хъыгдары. Нæ хъуыды кæнын Цæгат Ирыстонмæ мæ чи акодта, уым мыл чи сопераци кодта, фæлæ се ‘ппæтæн дæр зæгъын стыр бузныг.

«Гуырдзиаг адæмы сайæн дзырдтæ, сæ хин митыл раджы сахуыр дæн, фæлæ Гуырдзыстоны уæды президент М.Саакашвили изæры æвдæм августы Гуырдзыстоны телеуынынады куы раныхас кодта, уæд мæ цасдæрбæцæй йæ фæлмæн дзырдтæ бауырныдтой», – зæгъы уæды æфсæддон дæлхайы разамонæг Багаты Альберт. «Бауырныдтой мæ, фæлæ куыд мæхæдæг, афтæ мæ дæлхайы уæнгтæ дæр ницы хатдзæгтæ сарæзтой йæ раныхасæй. Горæтмæ æрбахизæны цалдæр бынаты лæууыдыстæм æмæ иуылдæр баззадыстæм нæ бынæтты.

Разæнгард сæ кодта Фыдыбæстæмæ уарзондзинад

Раст зæгъгæйæ, фæсабыр стæм, фæлæ цыма истæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, уыйау ныхъхъус стæм æмæ сабыргай нæхицæн ныхас кодтам цæуылдæрты. Уæдмæ уыцы иурæстæджы горæтмæ Гуырдзыстоны æрдыгæй тæхын райдыдтой алыгъуызон хæцæнгæрзты снарядтæ æмæ нæмгуытæ. Ахæм æхстытæн дзуапп радтын хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыдис, фæлæ цæмæй знаг зыдтаид, горæт хъахъхъæд кæй цæуы, уы-мæ гæсгæ сын дæттам дзуаппон æхстытæ.  Иу рæстæджы æхстытæ фæкъаддæр сты. Куы азылдтæн, мæ хæстонтæ кæм лæууыдысты, уыцы бынæттыл, куы федтон иууылдæр сты сæрæгас, знаджы нæмыг сæ нæ бахъыгдардта, уæд фыццаг хатт банкъардтон Ирыстон æмæ ирон адæмы уæлахиздзинад. Уыцы уæззау бонты, Нæузæххонты уынджы хæстонтæй йæ хæцæнгарз æппынæдзух йæ къухты кæмæн уыдис, уыдон бирæ сты, алкæмæн дæр сæ хицæн хæстæ уыдис, алчидæр се ‘ххæст кæныныл архайдта æппæт фадæттæй спайда кæнгæйæ, фæлæ хъысмæты фæндонмæ гæсгæ, уæззаудæр уавæры чи бахауд, уыдон уыдысты Хозиты Ботаз, Джиоты Алан, Джиоты Инал, Бестауты Сергей, Джыгкайты Алан, Хъуылымбегты Алыксандр, Цхуырбаты Андрей æмæ бирæ æндæртæ. Не ‘ппæт дæр стыр ныфсхаст  уыдыстæм, Анатоли Баранкевич æмæ æндæр хæстонты ныфсджын архайдтыты руаджы».

ГÆЗЗАТЫ Иван  

 

 

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.