Ацы зæрдæхæлар сылгоймагæн куы æрæмысыдтæн 2008-æм азы августы хæсты уæззау бонтæ, уæд тынг фенкъард, нæ йæ фæндыд, бинонтæ уыцы рæстæджы цы фыдбылызты бахаудысты, цы фыдæвзарæнтæ баййæфтой, уыдон ногæй зæрдыл æрлæууын кæнын. Фæлæ рохгæнæн нæй, гуырдзиаг лæгмартæ та радон хатт ирон сабыруарзаг адæмæн цы уæззау бæллæхтæ æмæ хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, уыдонæн дæр.

   Къостайыхъæуы Мамиты бинонты зæнæджы хистæр Сослан цæры æмæ кусы Дзæуджыхъæуы зындгонд ансамбль «Алан»-ы. Куыстæй йын улæфт радтой æмæ рараст йæ райгуырæн хъæу æмæ уарзон бинонты уынынмæ. Стæй дæр гуырдзиæгтæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæст куы райдыдтой, уæд йæ зæрдæ рахсайдта йæ хæдзармæ æрцыд. Кæрæдзийыл фæцинтæ кодтой, йæ уынд сын уыд тынг æхсызгон, фæлæ уæддæр ныййарæджы зæрдæ йæхи къултыл бахоста, ахæм рæстæджы сæм кæй фæзынд, уый тыххæй. Сослан æмæ йæ кæстæр æфсымæр Григори сæхи баввахс кодтой хъахъхъæнæг лæппуты къордмæ æмæ уыдысты ныфс райгуырæн хъæу фыдгулæй бахъахъхъæнынæн. 7-æм августы бинонты хистæр Петр йæ куысты бынатæй куы æрбаздæхт хæдзармæ, уæд ын æрæнцой нал уыд, дыууæрдæм кодта йæ хъæбулты мæтæй. Уыдаид сихормæ æввахс, афтæ гуырдзиæгты æрдыгæй æхстытæ фæтынгдæр сты, сармадзаны нæмгуытæ алырдыгæй хаудысты хъæумæ. Иурæстæджы тыхджын гуыппытæй хъустæ акъуырма сты, цæстытæ тарытæ кодтой, зæхх афтæ тынг базмæлыд æмæ хæдзæртты систæ сæхи бауыгътой. Æхсты тыхджын уылæн йемæ рахаста нæмыджы схъис, сæмбæлд Мамиты кулдуарыл. Уымæй размæ уынæргъгæ æмæ сагъæсгъуызæй цы уæйгуытæ нæлгоймаг кодта дыууæрдæм, уымæн нал райхъуыст йæ хъæлæба – нæмыджы схъис сæмбæлд сæрыл æмæ… Йе ‘мкъай Дзерассæ йæ фæстæ лæууыд æмæ уымæн дæр йæ зæнг бахъыгдард, бæстæ йыл атарытæ ис, дохтыртæ йæм æххуысмæ кæй фæзындысты, уый дæр нæ базыдта. Æвыдæй нæ баззад сæ сыхаг Мамиты Валикъойы хо Тамарæ дæр, уымæн дæр знаджы судзгæ нæмыгæй банцад йæ уарзæгой сабыр зæрдæ. Уымæй дарддæр ма судзын райдыдта сæ цæрæн хæдзар дæр.

Дзерассæ йæ хъæлæсыдзаг хъæр кæны, хъАхъхъæнæг лæппуты къорды бынатмæ, йæ фырт Сосланмæ. Фæдисы хъæр фехъуыста Григори, уый арты æвзæгтæ куы ауыдта, уæд штабæй разгъордта тагъд-тагъд. Федта æмæ бавзæрста ноджы æбуалгъдæр ныв – йæ ныййарæг фыд кулдуары æддаг фарс фæци æдзæммард. Уæдмæ фæдисы уадæй хæдзармæ базгъордта Сослан дæр. Æхстытæ тынгæй тынгдæр кæнынц æмæ нал уыд æддæмæ рахизæн дæр. Куыддæр бæстæ чысыл фæсабыр, афтæ Дзерассæ ракаст уынгмæ, ауыдта Кобесты Нодары æмæ йæм фæдзырдта, цæмæй сын баххуыс кодтаид марды хæдзармæ бахæссынæн. Марды сæр æрæмбæрзта сылгоймаг, мæрддзыгой адæмæй йæ исчи ахæм хуызы куы фена, уæд сæ мачи бауадзыг уа, зæгъгæ. Разынд сæм зæронд фæйнæджытæ æмæ чырын аразынмæ бавнæлдта хистæр фырт Сослан, кæд æй ныййарæг мад урæдта, уæддæр.

  8-æм августы хæст ноджы фæкарздæр, хотыхджынтæ уынгты дыууæрдæм кæнынц æд хотыхтæ. Мад ноджы тынгдæр бахауд катайы, иу фыдбылыз сыл æрцыд, фæлæ ныр та йæ фырттæн тæрсы. Иурæстæджы æцæгдæр æрбацыдысты сæ къæсæрмæ, Дзерассæ сын лæгъстæ кæны, дзуры сын, цы æнамонддзинады бахаудысты, уый тыххæй. Сæ амондæн, ницы тых сæм бахастой æмæ æнæдзургæйæ аздæхтысты фæстæмæ. 9-æм августы æхстытæ куы фæсабыр сты, уæд лæппутæ сæ мадæн бамбарын кодтой, цæмæй æдасдæры тыххæй сæхи бааууон кæной сæ хæстæджытæм. Фæлæ уым дæр æдас yæ уыд. Фæлæ йæ иууыл бæллæхдæр та  уый уыд æмæ гуырдзиаг хотыхджынты цалдæр къорды радыгай уыцы бынатмæ дæр кæй æрбафсæрстой. Фыццæгтæ сæ нæ бахъыгдардтой æмæ хæдзары чи уыд, уыдон цин кодтой. Æвæццæгæн, хотыхджынтæ сæхинымæр хъуыды кодтой, кæдæм хъуамæ аирвæзой, нæ фæстæ сæм чи æрбацæуа, уыдонæй, зæгъгæ. Æцæгдæр, хъуыддаг рауад афтæ, уымæн æмæ æртыккаг къорды хотыхджынтæ æгъатыр разындысты, нал сæ уагътой уæгъд. Лæппуты къухтæ сбастой, уыдонимæ ма уыд, уымæй размæ сæм мæсæллæй кæнынмæ  чи æрбацыд, уыцы хæстæг – Козаты Сосо дæр. Иугæр къухты куы сбастой, уæд сæ дæлгоммæ схуыссын кодтой, Дзерассæ йæхи нал баурæдта æмæ сыл цыма схъæр кодта, цæмæн фыдудæй марут ницыгæнæг лæппуты, зæгъгæ. Хотыхджынтæй сæ иу бынтон æгъатыр уыд, куы размæ рагæпп кæны, куы сæ цуры алæууы æмæ сæм йæ хæдæхс  дарды къæппæввонгæй. Сæ амондæн, уæдмæ сæ иу рахызт Дзерассæйы цурмæ æмæ йæм дзуры, ды цæгатирыстойнаг дæ, мæнæн дæр мæ мад уырдыгæй у, зæгъгæ. Лæппуты ракодта аивæй, базыдта, сæ фыд уæлæуыл кæй ис, скъахын сын кодта сæ цæхæрадоны ингæн æмæ уал æй уым рæстæгмæ бавæрдтой. Сылгоймæгты та (Дзерассæ, йæ чындз æмæ Бестауты-Тегкаты Ритæ) ракодтой хъæууон администрацийы агъуысты размæ æмæ уым бинаг уæладзыджы иу хатæны æрбынат кодтой. Бирæ нæ фесты уым, афтæ сæ æхсæз адæймагæй фыццаг ныккодтой Аунеуы хъæумæ, стæй – Гурмæ æмæ æппынфæстаг та сæ бынат уыд Тбилисы. Кæй зæгъын æй хъæуы, амынæтæн æнцон никуы вæййы, æгæрыстæмæй дæ куынæ хъыгдарой, уæддæр тасы бын цæрын зын у, чысыл фæстæдæр дыл цы бæллæх сæмбæлдзæн, уый нæ зоныс. Уæддæр хорз æмæ цалдæр боны фæстæ се ‘ппæт дæр ссæрибар сты æмæ сæрæгасæй сæмбæлдысты сæ хæдзæрттыл. Абон дæр ма дис кæнынц, куыд амондджын ирвæзт фæкодтой, ууыл.

                                                                  ХУЫБИАТЫ Никъала 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.