Бирæ цæмæйдæрты сты æнгæс дыууынæм азты геноциды рæстæджы бавзаргæ хъизæмæрттæ æмæ цаутæ, æстайæм азты кæрон та нын кæй расидтысты, уыцы геноциды бавзаргæ хъизæмæрттæ æмæ цаутимæ. Ис сæ æрмæстдæр иу стыр хицæндзинад: æстайæм азты кæрон нын гуырдзы геноцид расидынмæ сæ ныфс бахастой, нырма иумиаг, уымæй дæр хъомысджын паддзахады сконды цардыстæм, афтæмæй. Уый та у ууыл дзурæг, гуырдзиаг шовинизмæн йæ къухты баст Кремль йæхæдæг кæй суагъта. Æндæр ын ницы хуызы ис бамбарæн. Куыд хъуамæ бахастаиккой сæ ныфс ахæм æвирхъау цæмæдæр, «уæлейæ» сын ахæм бар куынæ радтаиккой, уæд?..

Фæлæ уыдæттæ иууылдæр баззадысты фæстейæ. Цасфæнды сыл дзурæм, иртасæм сæ, уæддæр махæн, цы фесæфтам, уый ничиуал раздахдзæн. Цы ма нын баззад кæнинаг, уый – нæ фæстагæтты бафæдзæхсæм, цæмæй сыл мах фæлтæры рæдыд макуыуал æрцæуа.

Дыууынæм азты геноциды амæттæгты мысинæгтæ кæсгæйæ, бар æнæбары зæрдыл æрлæууы, æстайæм азты кæ-ронæй фæстæмæ дæр-иу æрвылрайсом кæрæдзиимæ ахæм æнгæс информаци кæй дих кодтам: «Дысон та Тирдзнисы ‘рдыгæй æхстой», «Дысон æнæхъæн æхсæв Никозæй æхстой», «Райсомырдæм Присыл ныккалдтой» æмæ афтæ дарддæр… Дыууынæм азты меньшевикты  размæбырсты нывæстытæм æркæсгæйæ дæр афтæ зыны, цыма гуырдзыйæн сæ хæстон стратегитæ нæуæдзæм азты рай-дианы дæр пайда кодтой дыууынæм азы стратегийæ. Чизоны уый æрмæстдæр нæ географион равæрдыл дзурæг у, фæлæ иу кæнæ иннæ ирон хъæумæ кæд бабырстой, иу цæрæн пунктмæ цас рæстæгæй цас рæстæгмæ нæ фехстой, уыдæттыл лæмбынæг куы ахъуыды кæнæм, уæд сын географион нысаниуæг нал вæййы. Уæд цæстыты раз сыстынц, нæуæдзæм азты райдианы цаутæ дæр æмæ 2004 азы августы хæсты нывтæ дæр… Зæгъæм, дыууынæм азы хæстон цауты тыххæй ирон растадон Джиоты Иларион афтæ фыссы: «Меньшевикты æфсад Цхинвалмæ бырстой æртæ колоннæйæ. Сæ артиллерийы позицитæ æвæрд уы-дысты ахæм хуызы: æхсæз сармадзаны сæвæрдтой Тирдзнисы хъæуы, дыууæ та – Арбойы. Артиллерион æхст ахаста дыууæ сахаты бæрц. Стæй рафсæрста ныхмæ-лæууæджы фистæг æфсад, цыдысты æртæ рæхысцæгæй. Сцырын хæст. Æртæ сахаты фæстæ ныхмæлæууæгæн бантыст Присмæ хæстæг дыууæ раны нæ хъахъ-хъæнынад атонын. Йæ хъавд уыд нæ галиу флангыл æртыхсын, уый та тасдзинад æвзæрын кодта, нæ дæлхæйт-тæ знаджы æрхъулайы куы бахаудаиккой, уымæй.».

Уыцы хæстон цауты фæдыл цы мысинæгтæ баззад, уыдонæй иууыл цымыдисагдæр сты зынгзæрдæ революционер Санахъоты Матейы мысинæгтæ. Уымæн æмæ Матейы хъуыдыкæнынады сæйраг позици знагæй æрмæст хи бахъахъхъæ-нын нæ уыд, уымæн йæ фæндтæ дардыл уыдысты. Матейы хæстон стратегион позици хæстæг лæууы, 2008 азы нæ бынтон скуынæгæй чи фервæзын кодта, уыцы стратегион позицимæ.

«Уыцы ‘хсæв (11 июны) æз сарæзтон ахæм план: иу афсæрстæн Гур сисын, Гурæй суанг Сурамы онг Фæскавказы æфсæнвæндаг бацахсын, Куары доны сæрты хизæг æфсæнвæндагон хидтæ спырх кæнын, бахизæнтæ сфидар кæнын æмæ ныхмæлæууæджы Дайраны комы чъылдымæрдыгæй ныццæвын, уый фæстæ Оны районы знаджы фæсчъылдым ныццæвын. Дарддæры размæбырсты тыххæй мæ планыл не сразы сты Дзадтиайы фырт æмæ Гæдиайы фырт. Уый фæстиуæгæн мах фесæфтам, цас нæ хъуыд, знагæй уый бæрц хæцæнгæрзтæ æмæ нæмгуытæ байсыны фадат. 1920 азы 12 июны нæ хъахъхъæнынад баййæфта тыхджын артиллерион æхст цыппар батарейæйæ. Ныхмæлæууæджы хъавд уыд, цæмæй Присы хъæуы нæ фæрсты фæуой æмæ нæ ассæндой Стыр Леуахийы ‘рдæм. Фæлæ махæн нæ бон бацис знаджы размæбырст æруромын æмæ йыл фæстæмæ ахæцын. Уый тынг сызнæт кодта знаджы æмæ арт бандзæрста Присыл. Мах сфидар кодтам Чъех-Саболок-Додот-Тъбеты хъахъхъæнæн хахх. Не штаб æрфидар Дзауы. Сихорафон Дзауы сæрты æрбатахт ныхмæлæууæджы аэроплан æмæ æркалдта бомбæтæ. 14 июны знаг сног кодта йæ размæбырст нæ галиу флангыл, фæстæмæ нын аппæрста нæ æртыккаг ротæйы, басыгъта Къохат, Саболок æмæ æндæр хъæуты. Хъларсы хъæуы меньшевиктæ фесæфтой 36 хæстоны,  фæцæфтæ  сты  бирæйæ.  Изæры-рдæм нæ дæлхæйттæ сæхи айстой Гудис æмæ Църуйы рдæм».

Уыцы хæсты дæр, фæстаг геноцидимæ абаргæйæ, Ирыстоны хъахъхъæнджытæн фадат нæ уыд знаджы ныхмæ æххæст хъомысæй хæцынæн, уымæн æмæ сæ ныхмæлæууæгимæ хæцыны æмрæстæджы хъуыдис бынæттон цæрджыты хъахъхъæныны сæр дæр, уæлдайдæр лигъдæтты. Матейы къорд æмæ иннæ хæстон дæлхæйтты дæр уымæн бахъуыд цæрджыты фæдыл ацæуын, цæмæй сæ бахъахъхъæдтаиккой бурнымæтджынтæй. Сæ цæрæн бынæттæ, сæ фыдæлты уæзгуытæ ныууадзыны сæр кæй бахъуыд, уыцы адæм афтæ бирæ уыдысты æмæ кæмтты дæр нал цыдысты. Лыгъдысты зæрæдтæ æмæ сылгоймæгтæ æд сывæллæттæ.

 Уыцы уæззау бонты бынат уыд ахæм æвирхъау цаутæн дæр, сæрыхъуын барц кæй койæ сбады. Бирæ сылгоймæгтæ, ахæм уæззау хъизæмæрттæн быхсын чи нал фæрæзта, ахæмтæ-иу сæ сывæллæтты ивылд цæугæдонмæ фехстой… Сыдæй, уазалæй сын куыд мæлдзысты, уымæ кæсыны бæсты сын ахæм тæрхон рахæссын æнцондæр уыди. Сæ удисæг сывæллæты-иу цæугæдонмæ нывзылд-той, стæй-иу сæхи дæр сæ фæдыл аппæрстой… Иуæй сæ бон сæ сывæллæтты тæригъæдмæ кæсын нал уыд, иннæмæй та – цæмæй сæ цыфыддæр знæгты къухмæ бахаугæйæ хынджылæггаг ма фæуыдаиккой… Растадонтæн нал уыд нæмыг, къуыригæйтты уыдысты æххормаг. Уæддæр ма сæ фæстаг тыхтæ æмбырд кæнгæйæ архайдтой, цæмæй лигъдæттæ, цас гæнæн ис, уый бæрц къаддæр зиæнттимæ аирвæзтаиккой фæсхохмæ.

«22 июны, – зæгъы йæ мысинæгты Санахъойы фырт,- куыддæр лигъдæттæ æфцæгæн фæфале сты, афтæ æз ссыдтæн Рукъмæ. Мæнмæ ма баззад æдæппæт æртын хæстоны æмæ дыууæ нæмыгзгъалы. Æз аскъуыддзаг кодтон, знагимæ ма фæстаг тох самайын. Гаглойты Тъотъо-йæн бардзырд радтон, цæмæй хъæды æрбынат кæна 12 хæстонимæ. Æз та 18 хæстон æмæ дыууæ нæмыгзгъалимæ æрбынат кодтон куыройы цур. Фæзынд меньшевикты къорд æмæ нын бацайдагъ хæст. Мах фæстæмæ аппæрстам знаджы æртæ размæбырсты. Ныхмæлæууæг сфæнд кодта, цæмæй нæ иувæрсты ахызтаид бæрзæндтыл, фæлæ бахауд Гаглойты Тъотъойы къордыл æмæ, стыр зиæнттæ баййафгæйæ, алæууыд фæстæмæ. Мах фæстæ æхсын райдыдта артиллери. Нæ хуыздæр нæмыгзгъал фехæлд, нæмгуытæ фесты. Мах сфæнд кодтам фæстæмæ алæууын. Æз бардзырд радтон Санахъоты Уасойæн, цæмæй скуынæг кодтаид дыууæ нæмыгзагълы дæр, хæстонтæ та æхстыты бын сæхи иугай айстаиккой æдас ранмæ».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.