«Уæззау дзуар» – афтæ схуыдта гуырдзиаг шовинизмы ивгъуыд æнусы дыууынæм азты  фæлтæры раздзæуджытæй сæ иу – Валико Джугъели, Хуссар Ирыстоны фæнык куы фестын кодтой, уæд сæ фæстагæттæн цы боныг фыста, уый. Уыцы боныг йемыдзаг у ирон адæмы тæригъæдæй, гуырдзиаг уды хъæстæ æмæ æнæуынондзинадæй, историон æнæрæстдзинадæй.

Фæлæ, табу Хуыцауæн, махмæ дæр разынд ахæм боныг фыссæг. Æмæ уыцы боныджы фæрцы абон цагъдуæлдай ирон адæмы фæстагæттæ зонынц, сæ райгуырæн зæххыл цы туг-уарæн геноцид уыд, уый тыххæй. Уыцы боныг хæрам æмæ фыдæхæй йемыдзаг нæу, нæдæр дзы æнæуынондзинад ис – уым ис æрмæстдæр Ирыстоны иу фæлтæры æнусон рыст æмæ рæстаг тохы рæстдзинад. Уыцы бонæджы та йæ ныффыссæг схуыдта  «Ссыгъди цард». Æмæ, хъыгагæн, абоны онг махæн нæ къухы уымæй дзыхыакæнинагдæр æрмæг нæма ис дыууынæм азы геноциды тыххæй. Йæ автор та у зынгæ революционер, фыссæг Беджызаты Чермен, кæцыйæн йæ ном ирон дзырд-аивад æмæ ирон адæмы историон мысынады уæлдай зындгонд у йæ иу æмдзæвгæйы мæнæ ахæм сидтæй:

«Дыууынæм аз махæй кæмæй фæуа рохы, уый не ‘хсæн æлгъыст уæд фæлтау!».

Ацы  боныг у, дыууынæм азы геноциды тыххæй фылдæр æмæ хуыздæр базонæн кæм ис, ахæм документалон-аивадон уацмыс. Афтæ схонæн ын ис уый тыххæй, реалон, ома, документалон цаутыл амад кæй у. Уæдæ уыцы реалон цаутæ сæ аив равæрд, сæ бæрзонд æмвæзадыл афыст æмæ мидисмæ гæсгæ æххæстбæрцæй дзуаппдæттæг сты аивадон уацмысы æппæт домæн-тæн дæр.

Йæхæдæг йæхи царды нысан æмæ йыл йæ фыдыбæстæйы раз цы хæс ис, уый бонæджы райдианы аивадон æвзагæй ахæм хуызы ныв кæны:

 «Ныр æртæ мæйы дæргъы зилынц мæ фæдыл меньшевикты хицауады арæнты хъахъхъæнджытæ æмæ дыууæ æхсæвы фæд-фæдыл иу хъæуы, иу хæдзары никуы сбон кодтон мæхиуыл. Æртæ мæйы размæ куыд уыдтæн, æд кæрц, æд маузер, æд англисаг дæсæхстон, æд гилз агъудтæ, афтæ зылдтæн, нымæхсгæ куыстон агъуыстыты æмæ Урстуалты хъæуты æхсæвыгон, бон та-иу, арсау, æд гæрзтæ фынæй кодтон: мусты, цъынаты кæнæ лæгæтты.

Абон фыццаг хатт æруæндыдтæн нæ хæдзармæ, мит тайы, уалдзæг æрцыд æмæ знæгтæ уый бæрц æргомæй нал уæндынц нæ фæстæ зилын. Буар сæнар сæвæрдта, мидæггаг пысултæ мыл бамбыдысты æмæ мæ зæронд фыды мад æмæ фыды фыды хъынцъым ныртæккæ ууыл уыд. Мæгуырæг! Уый не ‘мбарынц, нæ куыстæй бастайæн кæй нæй, нæ тохæй – бафæллайæн».

Цымыдисаг уый у, боныджы датæтæ æмæ цауты фæд-фæдылондзинадмæ гæсгæ дæр бæрæг у, уыцы æмтъеры дуджы Чермен фылдæр рæстæг кæй уыд Урстуалты растадонтимæ. Кæд истæуыл тыхстысты, уæддæр хæцæн-гарз æмæ хæстон æрмæджытыл. Æн-дæр ницæуыл. Тæрсгæ сæ ничи кодта, тасдзинад, фæстæмæ алæууыны хъуыды сæ йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæн уыди. Æрмæст тыхстысты æнæхъуаджы рæстæг сафынæй. Йæ боныджы цы хабæрттыл сагъæс кæны, уыцы хабæрттæ æмæ цаутæ нæ уæддæр æмæ уæддæр дызæрдыджы æппарынц: боныфæстагмæ, Крайком цæмæннæ архайдта растадонты ‘хсæн æмбарынгæнæн куыст кæныныл?.. Æмæ стæй уый бæрц рæстæг цæмæн фæстиат кодта, Хуссар Ирыстоны растадонтæн ныфс кæмæй æвæрдтой, уыцы хæстон æххуыс?.. Уымæн æмæ большевикты фæнд уыд Гуырдзыстоны меньшевикон хицауад раппарын æмæ дзы советон хицауад расидын. Уый тыххæй сæ хъуыди æфсон æмæ сын Хуссар Ирыстоны уавæр арæзта сæ къух. Уыдоны фæндыд, цæмæй меньшевикон хицауад Хуссар Ирыстонæй дур дурыл дæр мауал ныууадза, арты хай йæ бакæна æмæ большевиктæн фылдæр æфсон фæуа Гуырдзыстоны хицауад раппарынæн.

Цæмæннæ уыд кæрæдзимбарынад армыдзаг Хуссар Ирыстоны большевикон зондахастыл лæуд растадонты ‘хсæн? Чи сæ змæста, кæмæн уыд пайда уыцы хъуыддаг? Кæдæм каст Крайком, цæмæн лæууыд ахæм позицийыл?

Чермен апрелы 25 бон йæ бонæджы фыста:

«Тынг цæмæй тарстæн, уый баййæфтон. Æдзæттæйæ, бар-æнæбары æрлæууыдыстæм знаджы ныхмæ. Æрлæууыдыстæм, зæгъгæ, уый раст нæу! Мах, большевикты, Ручъы абырджытимæ ницы хъуыддаг ис! Цы сæ фæнды, уый кæнæнт…».

Цы скодта Чермены уый онг, цæмæй йе ‘мтохгæнджыты, йæ къæсæрæйдуармæйы æмбæлтты абырджытæ схона? Чи сын тыдта се ‘хсæн уыцы хæццæдзинад?..

Советон дуджы сырæзтæй фæстæмæ кæнæм Ручъы растады кой, уырдыгæй нæм райдыдта Советон хицауад, зæгъгæ, фæлæ куыд æмæ цы хуы-зы æрцыд, уый тыххæй цы зæгъы, Ирыстоны уæды патриотты раззагдæртæй иу йæхæдæг:

«…Уалынмæ ныхасмæ æрбахæццæ барæг, Къола разынди æмæ мын комкоммæ мæ къухты цæйдæр фыстæг фæсагъта. Кæсын: «Александритæ æрхызтысты фалейæ æмæ дæм си-дынц, адæмы дæр ракæн райсом, расидтыстæм Советон хицауад. Де ‘фсымæр Никъа. Сагъд дурау аззадтæн. Цы у ай, цы хъуыддаг ис Никъайы Советон хицауадмæ? Цæмæннæ мын фехъусын кодта Александр йе ‘рцыды хабар рагагъоммæ? Хъуыдытæ сæры, мигъы сыгтау, абадтысты. Уадидæгæн зæрдæ фæсæххæтт кодта: «Ай цыдæр фыдбылызы провокаци у!».

Алыксандритæ (Дзадтиаты) фалейæ æрхызтысты æмæ большевикон Край-комы советы уæнгтæй (сæ фылдæр – гуырдзиæгтæ) мацы амынддзинæдтæ ‘рхастаиккой, ууыл куыд баууæндæн ис?..

Чермен тынг хорз æмбæрста, меньшевиктимæ куы схæцой, уæд хъуамæ уа ахæм хæст, састы бынаты дзы куын-нæ баззайой. Фæлæ Крайкомы уынаффæтæ æмæ позици та дон æндæр кæйдæр куыройы нукмæ уагътой…

Майы мæйы æхсæзæм бон Чермен йæ боныджы ныффыста:

«Знон изæры ‘рдæм Рукъмæ ныццæуон, зæгъгæ, мæ бæхыл куыд фæцæйбадтæн, афтæ мæм æрхæццæ Лади. – Тагъд, Алыксандр дæм дзуры, зæгъгæ, загъта, – Калакæй дыууæ æм-балы æрбацыд.

Мæ зæрдæ фæсæххæтт кодта. Цы та ‘рцыди?».

«… Алыксандр мæм уадидæгæн хибармæ асидт.

– Цы ма бакæнæм, Чермен, Крайком домы, цæмæй расидæм Советон хицауад æмæ райдайæм революцион хæст!

– Нæй гæнæн, Алыксандр, дæхæдæг æй куы зоныс!».

Чермен дæр æмæ иннæ æндæр ирон революционертæн дæр сæ фылдæр хай æмбæрстой, революцийæн бауромæн, фæстæмæ алæууæн кæй нал уыд, фæлæ сын сæ Райгуырæн бæстæйы хъысмæт ахсджиагдæр уыд. Уыдон зыдтой, Гуырдзыстоны хицауад кæй ис меньшевикты къухы. Меньшевиктæн та сæ нысан уыд Хуссар Ирыстоны Цæгат Кавказæй, большевикон Уæрæсейæ ахицæн кæнын. Уыцы фæнд сæххæст кæнынмæ цæттæ уыдысты гуырдзы сæхæдæг, ифтонг уыдысты æфсадæй дæр æмæ хæцæн æрмæгæй дæр. Фæлæ ахæм фыдæвзарæнмæ цæттæ нæ уыд Хуссар Ирыстон. Хъуыдис æй алыварсонæй йæхи бацæттæ кæнын, цæмæй меньшевикон Гуырдзыстоны агрессийæн ныхкъуырд радтаид. Уый тыххæй Чермен æмæ уый хуызæн патриоттæ æнхъæлмæ кастысты цæгатмæ, се ‘мхъуыдыгæнæг большевикты æххуысмæ. Фæлæ уыдонæн сæйраг Ирыстон æмæ ирон адæмы хъысмæт нæ уыд, сæйраг сын уыд Гуырдзыстоны дæр Советон хицауиуæгад æрывæрын. Фæлæ уый дæр алкæмæн – нæ, Крайкомы активон уæнгтæ, Серго Орджоникидзе æмæ иннæ гуырдзиæгтæн æнæзындгонд нæ уыд, меньшевикон хицауад Хуссар Ирыстоны цæрæг ирæтттæн геноцид аразынмæ кæй хъавы, уый, æмæ куыннæ хъуамæ уыдаиккой разы, се ‘мгуырдзиæгтимæ, кæд сæ политикон нысæнттæ кæрæдзимæ дард лæууыдысты, уæддæр.

Æмæ фæуæлахиз сты уыдон: Ор-джоникидзе æмæ йе ‘мгуырдзиæгтæ… Цы сæ фæндыд, уый бакодтой, бафтыд сæ къухы ирон адæмы ныццæгъдын кæнын дæр æмæ Ирыстоны дыууæ дихы акæнын дæр. Мæнæ сæ «мадзурайы» фæстиуæг Беджызаты Чермены боныджы:

«Сау бонтæ… Туджы зæйты бонтæ…

Сау мæрæй – саудæр арв… хъæуты сыгъдон фæздæгæй…

Сырх сæуæхсидæй – сырхдæр зæхх… сабиты, сылгоймæгты, зæрæдты тугæй…

Уый Гуырдзыстоны тугдзых демократи скодта нæ мæгуыр, гæвзыкк адæмыл йæ фæуæлахизы стыр бæрæгбоны куывд. Уый судзынц хæдзæрттæ; судзынц хъæутæ, сыгъд цæуынц æфхæрд адæмы чъиухиды фæллæйтты муртæ…».

Æмæ… Уыцы «сау бонтæ», уыцы «туджы зæйты бонтæ» историмæ чи бахаста, уыцы курдиатджын фыссæг æмæ зынгзæрдæ патриот Беджызаты Чермены фесæфтой, цы Советон цардарæзты сæрыл тох кодта, уыцы цардарæзты сæрбос Иосеб Джугашвили куы уыд, уыцы рæстæджы. Уыцы «сау бонтæ», уыцы «туджы зæйты бонтæ» бауромын кæй бон уыд, фæлæ сæ бауромыны бæсты чи бацырын кодта, уыдонæй сæ иу Серго Орджоникидзейæн Ирыстоны иууыл сæйрагдæр сахары иууыл сæйрагдæр фæзуаты бирæ азты дæргъы дардыл фæлгæсыд йæ цырт, æндæрæн та – Ной Буачидзейæн йæ ном бирæ, бирæ азты дæргъы хаста Ирыстоны иууыл сæйрагдæр сахары иууыл стырдæр уынг…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.