Адæймаджы удæн æнæкæрон зынаргъ у фыдæлты уæзæг, царды йæ фыццаг къахдзæфтæ кæуыл акæны, уыцы зæхх. Афтæ зынаргъ у мæ удæн дæр Сатихъары хъæу. Зынаргъ мын у, куыд йæ абон, афтæ йæ ивгъуыд дæр, уымæн æмæ дзы бирæ дисссаджы, историон хабæрттæ ис, адæймаг сæрыстыр кæмæй хъуамæ уа, ахæм хабæрттæ. Уымæ гæсгæ мæ бафæндыд, мæ райгуырæн уæзæджы тыххæй цы фехъуыстон, мæ зæрдыл дзы цы бадардтон, уыдон адæмы рæгъмæ рахæссын.

Фæлæ уал хъуамæ раргом кæнон мæ уды рыст: æрдз нæ алкæмæн дæр балæвар кодта цард æмæ цæрыны бар. Уæдæ нын хаттæй-хатт цы нæ фæфаг кæны, цæмæн фæхæрæм кæрæдзи? Нæ иумæйаг фыдыбæстæйы хæрзæбоныл кусыны бæсты бирæтæ æрмæст хицæут-ты бынæттæм цæмæн фæтырнынц, адæмы хъысмæтæй сын сæхицæн пайда чи вæййы, ахæм хъуыддæгтæ цæмæн фæуæлдæр вæййынц? Адæймагæн йæ рафæлдисаг цы царды бонтæ радта, уыдонæй фылдæр нæ фæцæрдзæн, уырдæм та йемæ ничи ницы ахæсдзæн. Хъæздыг æмæ мæгуырæн иу фæндаг ис уымы бæстæм. Уæдæ ма цы, нæ тохы сæр цæуыл вæййы кæрæдзийы ныхмæ? Хуыздæр нæу, алчи дæр нæ батыхса нæхи, нæ фыдыбæстæйы сомбоныл, архайа йæ мад, йæ фыд, йæ хæдзарвæндаджы ивгъуыдмæ ныккæсыныл, цæмæй нæ фæстагæттæ зонгæ уой сæ фыдæлты рох хабæрттимæ?

Сæдæ азы размæ æппæт хуссарирыстойнаг ирон адæмимæ иумæ мæ мыггаг дæр уæззау геноцид бавзæрстой, ницы аххосджын уыдысты знаджы раз дæр æмæ сæ хъысмæты раз дæр, фæлæ сын истой сæ царды бартæ…

Дыгъуызты мыггаг ныртæккæ кæм цæрынц, уым кæддæр уыдис сырдджын тархъæд. Мыггаджы нæлгоймæгтæ уыцы хъæд ныццагътой æмæ дзы сæхицæн цæрæнбынат сарæзтой. Фæлæ сын уæддæр гуырдзы дзырдтой дыууынæм азы геноциды рæстæджы, мах зæххыл, дам, цæрут. Æмæ кæд гуырдзыйы зæхх уыдис, уæд сын, хъæд куы цагътой, уæд цæмæннæ загътой, нæ хъæд нын ма цæгъдут, зæгъгæ? Кæд уыцы зæххæн йæ хицау гуырдзы уыдысты, уæд дзы куыд æмæ цæмæн бауагътой æрцæрын Дыгъуызты мыггаджы?         

1920 азы Гуырдзыйы меньшевиктæ Ирыстонмæ куы рбалæбурдтой,   ирæтты куы цагътой  æмæ сæ сæ цæрæн бынæттæй куы сырдтой, уæд Дыгъуызты мыггаг  дар бахауд уыцы уаззау уавæры, уыдоны дæр сыстын кодтой, сæ туг, сæ чъиухидæй кæй басастой, уыцы цæрæнбынæттæй. Зынджы хай сæ бакодтой, нæ ауæрстой сывæллæттæ æмæ зæрæдты цæгъдыныл дæр. Сæ бинонты, сæ фæллой хæхты бафснайыны фæстæ мыггаджы нæлгоймæгтæ, куыд сæ бон уыд, афтæ амал кодтой хотыхтæ æмæ фидар лæууыдысты знаджы ныхмæ. Дыгъуызты Иосебы  хабæрттæ æмбисондæн баззадысты комбæсты. Цæвиттон, гвардионтæ йын йæ хæдзар судзынмæ куы бацыдысты, уæд сæм мæгуыр зæронд лæг бахатыд, цæмæй йын йæ цæрæнбонты фыдæбон арты хай ма бакæной. Нæ йæм байхъуыстой. Иосеб смæсты. Уæддæр сæфт æмæ – сæфт, зæгъгæ, ахъуыды кодта зæронд лæг æмæ, судзгæ æхсидавимæ йæ хæдзарыл арт бандзарынмæ чи фæцæй-цыд, уыцы гвардионы ацахста. Зæронд, куыстдзагъд лæгмæ ма кæцæй уыд къамбецы хуызæн лæджы бауромыны хъару, уадзгæ та йæ куыд хъуамæ акодтаид æмæ йыл дæндагæй фæхæ-цыд, нал æй суагъта стæлфын. Уый сæхимæ дæр диссаг фæкаст гуырдзиаг тугцъиртæн, хардзау сæм æркаст æви йæ басудзын сæ сæрмæ нал бахастой, цы бæрæг ис, фæлæ цæуынмæ фесты… Афтæ аирвæзт Иосебы хæдзар æнæ-сыгъдæй.

Меньшевиктæ ирон адæмæн фыдмитæ кодтой, цалынмæ сæ сырх æфсад нæ фæсырдтой, уæдмæ.

Фæлæ уыдæттæ фаг нæ фæкастысты гуырдзиаг адæммæ æмæ æнхъæлмæ кастысты ног фадатмæ, цæмæй сæх-хæст кодтаиккой, дыууынæм азы сæ къухы чи нæ бафтыд, уыцы бæллиц – ирон адæмы скуынæг кæнын. Иугæр Советон Цæдис ныппырх, уæд сæ ныфс бацыд, кæй сæ ничиуал бахъыгдардзæн, уымæй. Кодтой алыгъуызон фыдмитæ сатихъайрæгтæн дæр. Адæмы удæгасæй ныгæдтой, алыгъуызон фыдмитæ сын кодтой. Гуырдзыстоны уæды разамынад æмæ лидерты фæнд уыд, цæмæй Кавказы хуссарварс мауал баззадаид иунæг ирон адæймаг дæр. Райдыдтой судзын, дыууынæм азы кæй басыгътой, фæлæ та ногæй чи бацæрдгъуыз, уыцы ирон хъæуты. Сатихъары алыварс басыгътой цалдæр хъæуы: Хелцуа, Коркула, Уæллаг Чере æмæ афтæ дарддæр. Дыууынæм азау та нæуæдзæм азты райдианы дæр ирон адæмы бахъуыд цæгатмæ лидзыны сæр. Хъæуты ма баззадысты æрмæстдæр уæззау рынчынтæ æмæ бынтон зæрæдтæ. Фæлæ уыдонæн дæр нæ фæтæригъæд кодтой гуырдзиаг лæджыфыдхортæ, уыдоны дæр мардтой сæ хуыссæнуæтты.

Дыгъуызты мыггаджы фæсивæд дыууынæм азау сæ сæрмæ худинаг не рхастой нæуæдзæм азты геноциды рæстæджы дæр. Хъæуы фæсивæд сарæзтой хæстон къорд Дыгъуызты Га-рикы разамындæй. Уæд лæппутæ фидарæй бадзырдтой, чи фæтæрса, хæстхъом уæвгæйæ чи фæлидза йæ хъæубæстæй, уымæн фæстæмæ фæндаг нал уыдзæн. Æмæ æххæст дæр скодтой сæ ныхас. Кæд сæм хæцæнгарз ницы уыд, уæддæр сæ къухтæм æмхасæнтæ кæнгæйæ хъахъхъæдтой сæ фыдæлты уæзæг.

Æхсæвæй-бонæй посты лæууыдысты бæрзонд рагъыл. Уырдыгæй сæ цæст дардтой хъæумæ æрæбахизæнтæм. Гуырдзы зыдтой, сатихъайрæгтæ сæ хъæумæ æрбацæуæнтæ куыд хъахъ-хъæнынц, уый, æмæ æргом æрбабырстмæ сæ ныфс нал бахастой. Уый хыгъд-иу сæ къухмæ удæгасæй чи бахауд, уыдоныл нæ ауæрстой фыдудæй марыныл. Тъехты Алихан æмæ Уалыты Федыр æмæ Гуыззыдтаты Таймуразы бахаудтой сæ къухтæм æмæ сæ мæрдтæ дæр никуыуал разындысты. Гарикы æрдхорд æмæ æмтохгæнæг Бестауты Гурам æнæбасæтгæ тох кодта сæ ныхмæ. Гуырдзиаг хъæу Ксуисмæ хæстæг цардис. Иу æхсæвыгон гуырдзиаг абырджытæ æрхъула кодтой хæдзарыл, хъуамæ æнæхъæн бинонты спырх кодтаиккой. Гурам куы бамбæрста, æвыдæй нæ аирвæздзысты, уæд хуыздæрыл банымадта йæхи радтын, цæмæй бинонтæ удæгасæй аирвæзтаиккой. Рахызт сæ размæ. Уыдон æй райдыдтой æхсын. Афтæ хъæбатырæй фæмард Бестауты лæппу, йæ буарыл ын банымадтой фараст нæмыгдзæфы.             

Ирыстоны алчидæр зоны, Ереды трагедийы тыххæй. Ам гуырдзиаг  лæгмартæ, фыдмитæ сын фæкæнгæйæ удæгасæй цы  12 фандаггоны баныгæдтой, уыдонимæ уыдысты Дыгъуызты Иван æмæ Важа дæр.

Бирæ цъаммар митæ бакæнын сын бантыст нæ комбæсты адæмы ныхмæ. Сатихъайраг лæппуты хæстон къордмæ фæстагмæ баиу сты сыхаг хъæуты фæсивæд дæр æмæ иумæ тох кодтой цыфыддæр знаджы ныхмæ. Растæндæр ацы къорды хæстонты фæрцы æнæсыгъдæй аирвæзтысты: Сатихъар, Дменис, Снекъ, Наниаур… Къорды хистæр Дыгъуызты Гарик фæмард 1992 азы 23 октябры. Цыдис ыл æрмæстдæр 26 азы. Хæрзцыбырæй аскъуыд йæ цард, фæлæ уыцы цыбыр царды дæр бирæ сты йæ лæггæдтæ йæ хъæубæстæ, йæ комбæсты адæмæн. Уыцы уæззау рæстæджы сæ ныфс, сæ сæрылхæцæг кæмæн уыд, уыцы адæмæн…

Гарик уыд хиуылхæцгæ, бадт зонды хицау. Знаг та сæ цæгъдынмæ кæй æрхъавыд, уый куы бамбæрста, уæдæй фæстæмæ йæ тыхстдзинад никуы равдыста нæ дæр йæ хиуæтты, нæ дæр йæ хæстон æмбæлтты цур. Æрыгон лæппу йæ зæрдыл дардта фыдæлты æмбисонд: тас мæлæтæн æххуыс нæу… Æмæ удуæлдайæ тох кодта мæлæты ныхмæ. Æхсæв æмæ йын бон нæ уыдис, тыхст йæ хъæубæстыл, йæ мыггагыл йæ хæстон æмбæлттыл. Стыр ныфс дзы æвæрдтой адæм, æууæндыдысты йыл.

 Фæнды мæ уайдзæфы ныхæстæ зæгъын, фыццаграды, мæхи мыггаг Дыгъуызтæн, кæй зæгъын æй хъæуы, стæй та æнæхъæн комбæстæн, æмæ, ирон адæмæй чидæриддæр Гарикы цыбыр цард æмæ тохы фæндæгтимæ зонгæ уыдис, æппæт уыцы ирон адæмæн, йæ рухс ном афтæ рохуаты кæй баззад, уый тыххæй. Мæнмæ гæсгæ алы наци, алы мыггаг дæр хъуамæ сæрыстыр уой сæ хъайтартæй. Поэттæ æмæ сыл фысджытæ фæфыссынц зарджытæ, цæмæй сæ нæмттæ цæргæйæ баззайой. Æгæрыстæмæй сæ бахъæуы, хъайтары царды æцæгæй чи нæ вæййы, ахæм хабæрттæ æрымысыны сæр дæр, цæмæй сæ фæлгæндзтæ хъæздыгдæр æмæ мидисджындæр уой. Махæн та Гарик æцæг хъайтар уыдис, йæ фæлгонцмæ йын ницы дæр бафтауын хъæуы, ницы дæр æрымысын, уæд нæ цæмæн ферох йæ рухс фæлгонд, цæмæннæ истæмæй бацархайдтам йæ ном ын сæнусон кæныныл?..

2008 азы Гуырдзыстоны æрдыгæй фæстаг геноцид куы бавзæрстам, уæд дæр та уæззау уавæры бахауд Сатихъар. Нæмгуытæ ихуарæгау калдысты хъæуыл, алыгъуызон снарядты рæмыгъдæй зæхх æнкъуысти. Гуырдзиаг танктæ хъæууынгты дыууæрдæм кодтой фæйнæрдæм æхсгæ. Адæмы та бахъуыд хъæды сæхи бааууон кæныны сæр. Бирæ æнамонддзинæдтæ та бавзæрста хæстарыд хъæу. 8 августы Чысыл Леуахийы былмæ фехстой Дыгъуызты Роин, Дыгъуызты Леониды та посты лæугæйæ хъæумæ ссæуæны  амардтой. Адæм сæ мæрдты бавæрдтаиккой, уый фадат дæр сын нал уыдис. Гуырдзиæгты къухмæ-иу чидæриддæр бахауд, уыдоны фыднад кодтой, нæ сыл ауæрстой марынæй. Ахæм фыднады фæстиуæгæн цардæй ахицæн сты Дыгъуызты Барис, Геннади, Дауыт…

Гуырдзыйы æфсад хъæумæ куы бабырстой, уыцы рæстæджы Жора фидауынгæнæг тыхтимæ Присы сæрмæ посты лæууыд. Уым бахаудтой æрхъулайы, къуырийы бæрц æнæ дон æмæ  нæхæринаг уыдысты. Хуыцау арфæ ракæнæд уырыссаг адæм æмæ æфсадæн, мах бынтон скуынæгæй чи фервæзын кодта! Æмæ нæ цал хатты фервæзын кодтой. Стыр Уæрæсейы фæрцы стæм абон хицау нæ фыдæлты зæххæн.

Мæ фыд 1915 азы гуырд уыд, æртæ хатты йæ бахъуыд гуырдзыйы фыдæхæй йæхи бахизыны сæр. Цымæ иу адæймагæн ахæм фыдæвзарæнтæ æгæр не сты!..                                                                              

ДЫГЪУЫЗТЫ  Луизæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.