Газеткæсджыты зонгæ кæнæм, нæ республикæйы ахуырдзау фæсивæдæн сæ фыдыбæстæ Ирыстонмæ цахæм ахаст ис, цахæм аргъ кæнынц сæ Райгуырæн бæстæйы ивгъуыд æмæ абонæн, сæ бæллицты йын цахæм фидæн уынынц. Ацы номыры уал уæ зонгæ кæнæм уыдонæй æртæ ахуырдзауы хъуыдытимæ.

MAX НӔ ФЫДӔЛТЫ АККАГ СТӔМ?

(Гайты Аннӕ. Ахуыргӕнӕг: Болататы Ирмӕ)

Алантӕ – ирон адӕмы фыдӕлтӕ. Тыхджын, хъаруджын ӕмӕ ӕгъдауджын адӕм. Уӕздан, уӕзбын, ӕфсӕрмдзинад кӕмӕ уыд, ахӕм адӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъыгагӕн, ныры рӕстӕджы нӕй гӕнӕн ӕнӕхъуыдыгӕнгӕйæ зӕгъын, мах нӕ фыдӕлты аккаг кӕй стӕм, уый. Ныры дуг тынг хицӕн кӕны ивгъуыд дугтӕй. Ӕрыгон лӕппуты са-фынц нозт ӕмӕ наркотиктӕ, чызджыты – сӕ фадбарц. Ныртӕккӕ нӕ горӕты сарӕх сты аваритӕ, уый тыххӕй ӕмӕ адӕм рулыл сбадынц расыгӕй, арӕх уый фӕстиуӕгӕн ӕрцӕуы уды зиæнттӕ дӕр. Ноджы ма мӕ фӕнды банысан кӕнын уый, нӕ хицауад ӕмӕ фӕсивӕд фаг кæй нæ архайынц, цӕмӕй нӕ истори уа ӕрмӕстдӕр нӕхи! Дӕнцӕг ӕрхӕсдзынӕн не ‘ввахс сыхӕгтӕй – мӕхъӕллӕттӕй. Алыгъуызонæй дæр хъавынц нӕ истори сӕхиуыл æрфыссынмӕ, уадзынц чингуытӕ, аразынц сӕхи хицӕн истори нӕ фыдӕлты цардӕй. Ацы цаутӕ тынг ӕндавынц нӕ адӕмыл ӕмӕ нӕ историйыл. Ирон ӕвзаг цъусгай-цъусгай сӕфтмӕ цӕуы, рох кӕнынц нӕ мадӕлон дзырдтӕ, сӕ бы-наты фӕзынынц æндæр ӕвзагӕй ӕрбайсгӕ дзырдтӕ.

Ивынц ахастытӕ хистӕрты ӕмӕ кӕстӕрты ‘хсӕн дӕр.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг фӕивтой азтӕ адӕмы, сӕ цардыуаг. Ӕз афтӕ нӕ зæгъын ӕмӕ иу адӕймаг дӕр нал баззад, кӕцыйы гӕнӕн нæй схонӕн ӕцӕг ИРОН, фӕлӕ уыдон дӕр тынг цъус сты. Уӕлахизхæссæг ИРОН адӕмы фесӕфтой нозт ӕмӕ наркотиктӕ.

Банысан кӕнын мӕ фӕнды уый, мӕнӕн тынг зын кӕй у ацы цаутӕм кӕсын ӕмӕ алыгъуызон негативон хабӕрттӕм хъусын. Мӕнмӕ гӕсгӕ ацы хабӕрттӕ ӕцӕг иронӕн ӕхсызгон никуы уыдзысты.

Фӕнды мӕ, цӕмӕй нӕ гыццыл Республикӕ размӕ цӕуа ӕмӕ хӕст макуыуал фена!

ИРЫСТОН – АЛӔМӔТЫ БӔСТӔ

(Бестауты Алан. Ахуыргӕнӕг: Болататы Ирмӕ)

ИРЫСТОН – нӕ Райгуырӕн бӕстӕ! Куыд уӕлахиз ӕмӕ куыд хъӕбатыр дӕ!

Тынг бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой нӕ адӕм, карз истори нын ис, фӕлӕ уӕддӕр фидар лӕууӕм . Дыууӕ мин ӕстӕм азӕй фӕстӕмӕ рацыд дыууадӕс азы. Ацы рӕстӕгмӕ Ирыстон чысылгай дидинӕг ӕфтауы, рӕсугъдӕй-рӕсугъддӕр,, тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕны. Горӕтмӕ куы рахизын, уӕд зӕрдӕ райы, куы фенын нӕ горӕт рӕсугъдӕй, сыгъдӕгӕй, куы фенын ме ‘мбӕстаг адӕмы хъӕлдзӕгӕй, уӕд мӕ риу цавӕрдӕр ӕхсызгондзинадӕй байдзаг вӕййы. Ирыстоны тыххӕй куы дзурай, уӕд ӕнӕмӕнг зӕгъдзынӕ нӕ алӕмӕты ӕрдзы тыххӕй дӕр – Ирыстоны ӕрдз у иууыл рӕсугъддӕр, иууыл сыгъдӕгдӕр, адӕймаджы цӕст кӕмӕй не ‘фсӕды! Ирыстоны хӕхтӕ, кӕмттӕ, хъӕдтӕ, хъӕутӕ, стыр бынат ахсынц ирон лӕджы зӕрдӕйы . Ӕз ӕцӕгӕлон бӕстӕйы куы вӕййын, уӕд мын тынг зын вӕййы ирон дзырд куынӕ фæхъусын, нӕ урс цъитиджын хӕхтӕ куы нӕ фæуынын, уӕд.

Фӕнды мӕ Ирыстонӕн раарфӕ кæнон: – Кӕддӕриддӕр уӕлахиз ӕмӕ хъӕбатыр у, мӕ Ирыстон, алӕмӕты бӕстӕ!

MAX НӔ ФЫДӔЛТЫ АККАГ СТӔМ

(Мамиты Дианӕ 10-кълас. Ахуыргӕнӕг: Болататы Ирмӕ)

Рагзаманы рӕстӕджы ирӕттӕ зындгонд уыдысты сӕ хъӕбатырдзинад ӕмӕ сӕ уӕздандзинады руаджы, Нӕ фыдӕлты хуызæн культурӕ ӕмӕ традицитӕ зӕххы цъарыл никӕмӕ уыдис, кӕд уыдис, уӕддӕр – хӕрз цъус. Рӕстӕг куыд цыдис, афтӕ адӕм дӕр ивтой . Нӕ историйы фӕндӕгтыл цы бирӕ трагедитӕ федтам, уыдон тынг ӕндӕвтой нӕ адӕмыл ӕмӕ-иу фылдӕр хатт сӕ царды нысан нал ӕмбӕрстой.

Ныры фӕсивӕдмӕ куы ‘ркӕсӕм, уӕд нын уыдзӕнис худинаг, ахӕм ӕнӕгъдаудзинад кӕй цӕуы нӕ алыварс, уый тыххæй. Уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ алы ирон ӕвзонг адӕй-маг ӕнӕуаг ӕмӕ къулбадӕг у. Ис ахӕмтӕ ӕмӕ сӕ иу бакастӕй дæр зӕрдӕ райы.

Max хъуамӕ тырнӕм уымӕ, цӕмӕй алы адӕймаг дӕр нӕ Иры бӕсты зона, цӕмӕн цӕры ӕмӕ кӕй фӕрцы у удӕгас абоны боны онг.

Фӕнды мӕ зӕгъын: алы бӕстӕйы дӕр ис ахӕм адӕм, кӕцытӕй зӕгъӕн ис ӕмӕ сӕ фыдӕлты аккаг сты. Ис ахӕм адӕм дӕр ӕмӕ канд сӕ фыдӕлты аккаг не сты, фӕлӕ  уыдонӕй бирӕ хуыздӕр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.