1989-91 азты Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæст куы расидт, уæдæй суанг 2008 азы августы хæсты онг се службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ хъæбатырдзинад чи равдыста, уыдонæй  иутæ сты нæ горæты Тагъд æххуысы станцы кусджытæ. Уыдон цы фæнды уæззау рæстæджыты дæр сæ куыст æххæст кодтой цæсгомджынæй æмæ нæмгуыты, хъомысджын снарядты æхстыты æмæ бомбæты бын удуæлдай куыст кодтой нæ адæмы хæрзиуæгæн. Сæхи цард аирвæзын кæныныл бынтондæр  нæ хъуыды кодтой, афтæмæй тындзытой æндæрты цард фервæзын кæнынмæ цыфæнды тыхджын æхстыты рæстæджы дæр. Тагъд æххуысы станцы хъайтар коллектив цал æмæ цал æнамонд цауæн систы æвдисæн, цал адæймаджы байстой мæлæты дзæмбытæй, уыдоны чи фæнымайдзæнис. Адæймаг цахæм стыр зæрдæйы хицау хъуамæ уа, цæмæй ихуарæгау чи кодта, ахæм æхстыты бын фæцæйтындзай тыхст адæймагæн баххуыс кæнынмæ.

2008 азы августы тугуарæн æнæмсæр хæст сæ куысты уæлхъус æрæййæфта нæ горæты Тагъд æххуысы станцы кусджыты – дохтыртæ Пухаты Заирæ, Хаситы Дуся (абон дзæнæттаг) æмæ Цхуырбаты Альдæйы, медицион хотæ æмæ диспетчертæ  Зассеты Эльзæ,  Хачатурова Мананæ, Джиоты Ингæ, Пухаты Залинæ, Тасойты Мая (дзæнæттаг) æмæ диспетчер Тыбылты Эммæйы, шофыртæ Цоциты Витали, Коцты Алан, Цхуырбаты Аветик, Туаты Владимиры (цыппар дæр дзæнæттæгтæ) æмæ Тохъмайты Æхсар.

7-æм августы æрдæгæхсæвмæ æввахс тыхджын æхстытæ æмæ срæмыгъдтытæ куы райдыдтой, уæд уыдонæй иу дæр нæ фæтасыд æмæ иу уысм дæр нæ ахъуыды кодтой сæ куыст ныууадзын æмæ сæхи бамбæхсыныл, фæлæ кæронмæ æххæст кодтой сæ куыст æмæ афтæмæй лæггад кодтой сæ хæстæфхæрд тыхст адæмæн. Абон ацы медицинон уагдоны хъæбатыр кусджытæ æрхæндæгæй  мысынц уыцы удхайраджы бонтæ:

Зассеты Эльзæ, Тагъд æххуысы станцы медицинон хо:

– Куыд зонæм, афтæмæй 2008 азы сæрды уавæр уыд тынг æндыгъд, уæлдайдæр та 1-æм августæй фæстæмæ. Тынг æхстыты бын цæфтæ æмæ рынчынтæн æххуысмæ цæугæйæ-иу нæ кусджытæ ахæм уæззау уавæрты бахаудтой æмæ-иу сæхæдæг дæр нал уыдысты сæрæгасæй фæстæмæ сæ куыстмæ æрбазæдхыны æнхъæл.  Фæлæ нæ йæ куыст ныууадзыныл хъуыды дæр никуы ничи акодта. 7-æм августы уыд мæ сменæ æмæ мæ мад Тыбылты Эммæимæ, кæцы тагъд æххуысы станцы кусы диспетчерæй рацыдыстæм нæ куыстмæ. Ам æрбаййæфтам не ‘мкусджыты дæр. Изæры телевизоры Гуырдзыстоны тугмондаг президент Михаил Саакашвили куы раныхас кодта, зæгъгæ, æгæрыстæмæй нын ирæттæ нæ позицитæ куы æхсой, уæддæр, зæгъ, мах иу æхст дæр нæ фæкæндзыс-тæм, уæд ыл бынтон кæд нæ баууæндыдыстæм, уæддæр нæ цыдæр ныфс бацыд.  Фæлитой Саакашвилийы ацы ныхæстæй кæд рацыдаид 2-3 сахаты бæрц æмæ дын уалынмæ фæцыд фыццаг тыхджын срæмыгъд, йæ хæдфæстæ дыккаг, æртыккаг… Мах иууылдæр бамбæрстам хъуыддаг хорз кæй нал у, уый æмæ кæрæдзимæ джихæй кæсгæйæ аззадыстæм. Стыр хæст кæй райдыдта, уый ма нын цы базонын хъуыд. Иннæ хæттыты-иу æхстытæ ахæм тыхджын срæмыгъдтытæй нæ райдыдтой. Уайтагъд фестадыстæм æмæ нæ уагдоны цы чысылдæр хатæн ис, уый рудзгуытыл гобантæ æвæрын райдыдтам. Уæдæй кæцæй зыдтам, хæдтæхджытæй ныл бомбæтæ калдзысты æмæ мах та гобанты руаджы аирвæзын кæнынмæ хъавыдыстæм нæхи дæр æмæ нæм æххуысмæ чи фæзындаид, уыдоны дæр.  8-æм августы 2 сахатмæ æввахс нæм телефонæй тыхстæй æрбадзырдтой, зæгъгæ, тагъд хæццæ кæнут Ахвледианийы уынгмæ, ис, дам, дзы уæззау цæф. Æз æмæ медицинон хо Джиоты Ингæ бабадтыстæм Цоциты Виталийы тагъд æххуысы машинæйыл æмæ араст стæм уырдæм. Ацы фæндагыл мах цы бавзæрстам, ууыл дзурын уæлдай у, æхстытæ афтæ тыхджын уыдысты æмæ хъустæ къуырма кодтой.  Иу дзырдæй, адæймаг сæ йæхиуыл куынæ бавзара, уæд æй уырнгæ дæр нæ бакæндзысты. Витали цыд æнæ рухсытæй, цæмæй нæ ма фæхатыдаиккой, фæлæ иу ахæмы йæ развæндаг суыныны тыххæй иу цъус ссыгъта йæ рухсытæ. Знæгтæ нæ уайтагъд фæхатыдысты æмæ нæ райдыдтой комкоммæ æхсын, фæлæ ныл Хуыцауы фæрцы, нæмгуытæ нæ сæмбæлдысты, æцæг бæласы стыр цæнгтæ нæ машинæйыл æрхаудысты. Мах уæддæр фæстæмæ нæ раздæхтыстæм æмæ цæфы баластам рынчындонмæ. Уырдыгæй нæ фæстæмæ уадзгæ дæр нал кодтой, ома, ахæм æхстыты бын кæдæм цæут, фæлæ мах рацыдыстæм æмæ куыддæрты æрбахæццæ стæм бынатмæ. Фæндагыл федтам, Хицауады хæдзар кæй ссыгъд æмæ пиллон калдта, уый дæр. 9-æм августы нæм лæппутæ æрбацыдысты, мæн æмæ  Тасойты Маяйы сæхи машинæйыл акодтой Октябры уынджы Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордмæ, лæппутæй сæ иуæн йæ къах кæй фæцæф æмæ йын фыццаг æххуыс бакæнын кæй хъуыд, уый тыххæй. Цы нæ бон уыд уый йын баххуыс кодтам æмæ нæ фæстæмæ æрластой. Уæдæй фæстæмæ мæ уырны, алкæмæн дæр йæ амонд йæ ныхыл фыст кæй вæййы, уый, æндæра мах цы фыдæвзарæнтыл рацыдыстæм, уымæй ма сæрæгас куыд стæм абон.

Цхуырбаты Альдæ, дохтыр:

– Хæсты рæстæджы æз уыдтæн Тагъд æххуысы станцы радгæс дохтыр. 7-æм августы нæм изæрырдæм фæдзырдтой Цъунары хъæуæй, зæгъгæ, уæззау уавæры бахаудтам æмæ нын исты баххуыс кæнут. Æз, медицинон хо Джиоты Ингæ æмæ шофыр Цоциты Витали атындзыдтам уырдæм. Уым цыдис хæст æмæ стыр снаряд комкоммæдæр сæмбæлд Мамиты Петяйы сæрыл. Йæ уындæй мæ зæрдæ куыддæр фæцис, йæ сæр ма йæ гуырыл чысыл хæцыд… Петя куы фæцæф, уæд йе ‘мкъайæн йæ туджы æлхъывдад тынг схызт æмæ йын райдыдта гипертион криз. Мах ын баххуыс кодтам æмæ иу чысыл йе ‘муд куы æрцыд, уæд фæстæмæ нæмгуыты бын раздæхтыстæм. Уый фæстæ нæм цæр-джытæ цыдысты бынатмæ æмæ сын уым æххуыс кодтам.

Хачатурова Манана, медицинон хо:

– Тагъд æххуысы станцы бæстыхайæн кæд æдас ныккæнд нæ уыд, уæддæр нæ муртæ – фыццаг рады хостæ æрбамбырд кодтам, немæ айстам телефоны аппарат дæр æмæ ныххызтыстæм ныккæндмæ. Фæлæ уый дæр цæй ныккæнд уыд, цы ма фæуыдаиккам, уымæн ницыуал  зыдтам. 8-æм августы нæм лæппутæ æрбаскъæфтой цæф танкист Гаглойты лæппуйы. Уымæн йæ буар иууылдæр уыд нæмгуытæй хуынчъытæ, мах ын бабастам йæ цæфтæ. Цхуырбаты Альдæ йын рыстуромæн судзинтæ сарæзта æмæ йæ уый фæстæ рын-чындонмæ аластам. Ныккæнды бадгæйæ, уæлийæ нæ кабинеттæй фехъуыстам гуырдзиаг ныхас. Знæгтæй, æвæццæгæн, исчи фæцæф æмæ куы суыдтой  Тагъд æххуысы бæстыхайы, уæд бацыдысты æмæ нын нæ хостæй цыдæртæ, бинтытæ æмæ бæмбæг ахастой, фæлæ нæм бынмæ нæ ныххызтысты. Æхстытæ тынгæй-тынгдæр куы кодтой æмæ ныл къулы сæрстытæ кæлын куы райдыдтой, уæд нæм æрбалыгъдысты станцмæ хæстæг цæрæг лæппутæ Цхуырбаты Таму (Танко) æмæ Туаты Роберт æмæ нæ акодтой республикон архивы ныккæндмæ. Уырдæм нæм ластой цæфты æмæ сын уым кодтам фыццаг медицинон æххуыс. Сæ цæрæнбон бирæ ацы дыууæ лæппуйæн, уыдон куынæ уыдаиккой, уæд абон махæй иу дæр сæрæгас нал уыдиад. Куы алыгъдыстæм архивы ныккæндмæ, уæд нæ уагдоныл сæмбæлдысты стыр снарядтæ æмæ йæ къултæ ныппырх сты. Иу ныхасæй, тагъд æххуысы станцы кусджытæ 1991 азæй 2008 азы августмæ цы тугæйдзаг цаутæн систы æвдисæн, уыдон диссагæн дзуринаг сты.

7- 11-æм августы сæ куысты æнæраивгæйæ баззадысты уæлдæр ранымад дохтыртæ, медицинон хотæ, диспетчер æмæ шофыртæ. Ацы коллективы сылгой-мæгты ныхæстæм гæсгæ, стыр хъæбатырдзинад равдыстой уагдоны шофыртæ Цоциты Витали, Коцты Алан, Цхуырбаты Аветик, Туаты Владимир  æмæ Тохъмайты Æхсар. Уыдон, дам, нæ фæстагмæ цæфтæм цæугæйæ семæ уадзгæ дæр нал кодтой, ома, уæд та ныл комкоммæ сæмбæлдысты снарядтæ, уæд ма, дам, сымах та уæхи цæмæн сафут.  Коцты Алан, Цхуырбаты Аветик, Цоциты Витали æмæ Туаты Владимиры æгъатыр мæлæт не ‘хсæнæй атыдта æнафоны. Фæлæ, дам, сæ мах никуы ферох кæндзыстæм, чизоны ахæм уæззау фæлварæнтыл куы нæ рацыдаиккой, уæд нырма дæр сæрæгас уаиккой, фæлæ ахæм æгъатыр хæсты фæстиуджытæ кæд алкæуылдæр бандæвтой, уæд иуæй-иутыл ноджы тынгдæр. Уыимæ ацы  нæлгоймæгтæ бирæ æнамонд цаутæн систы æвдисæнтæ æмæ зæрдæйæ рыстысты алкæуыл дæр…

Джиоты Екатерина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.