Радзырд

Еличкæйæн ие 86 азы фæстейæ баззадысты. Разæй та – нымад бонтæ, кæд ма уыдон дæр сты, уæд. Уæртæ хуыссы йæ сынтæгыл уæлгоммæ æмæ æнхъæлмæ кæсы йæ адзалмæ. Нал у йæ бон йæ куыстæфхæрд уæнгтæ фезмæлын кæнын. Йæ кæддæры æнæзивæг уæнгтæн сæ бон нал у сæхи айсын, æнæбары ма сæхимид цы базмæлынц, уымæй дарддæр. Нал у йæ бон йæ фæстаг зæгъинæгтæ, мæнæ йæ алыварс чи æрбамбырд сты, уыцы кæстæртæ, кæстæры кæстæртæн æмæ уыдоны кæстæртæн зæгъын. Афтæмæй йæ куыд фæнды сæ астæу абадын, семæ аныхас кæнын, сæ царды хабæрттæй сæ афæрсын, уæлдайдæр та дзы дард чи цардысты æмæ рагæй кæй нæ федта, уыдоны. Бирæ йын сты уыдон. Æрмæст йæхæдæг æхсæз хъæбулы мад у. Йæ цардæмбал Исмелимæ бирæ фыдæбæттæ, бирæ зындзинæдтæ бавзæрстой, цæмæй сын рæз хастаиккой, адæмы рæгъы рацыдаиккой. Æмæ сæ кæд стыр ахуыр адæймæгтæ нæ рацыд, уæддæр сты цардыл хæст æмæ уый та ныййарæгæн стыр амонд у.

Исмел йæ бинонты дæс азы размæ ныууагъта æмæ йе ‘цæг дунемæ ацыд. Хъæрмуд, æнгомæй фæцардысты дыууæ цардæмбалы, царды уæззау уаргъ иумæ хæсгæйæ, кæрæдзийы никуы сайдтой. Фæстагмæ йæ Исмел фæсайдта  ныууагъта йын æппæт сæ кæстæрты æмæ фæцыд йе ‘нусон бынатмæ. Æниу, уый аххос дæр цы уыд. Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй цæфтæй сыздæхт. Минæйы схъис та цæрæнбонтæм йæ буары фæхаста. Хæсты фæстæ йæ хъысмæт баиу кодта Еличкæимæ æмæ сæ цард кодтой. Исмел сæ колхозы бирæ азты дæргъы фæкуыста быдыргуыстгæн-джыты бригадирæй, Еличкъæ та – фермæйы хъугдуцæгæй.

Сæ зæнæгæй, кæд сæхицæн цал уыдысты, уалы хицау сæ ничи бацис, уæддæр абирæ сты æмæ сæм Еличкæ уæлейæ, йæ азты бæрзæндæй каст. Йæ зæрдæ сæ рад. Ца-лынмæ йæ бон змæлын уыд, уæдмæ æхгæнын нæ бауагъта, хъæуы цæрæнбонты кæм фæцардысты, уыцы хæдзары дуар. Стæй рарынчын, æруатон æмæ йæ йæ кæстæр фырт ракодта горæтмæ, мæнæ ныр йæ царды фæстаг бонтæ кæм тоны, уырдæм. Цы уыд йæ бон, уый радта йæ кæстæртæн. Йæ уæнгты йын æрдз цы хъару бавæрдта, уый йæхи мидæг нæ басыгъд, радта йæ, цæмæй цардаид æмæ йæ кæстæртæн цардмæ сæ фæндаг арæзтаид. Уымæн сын у зынаргъ æмæ йæм уымæн æрцыдысты, цæмæй ма йын сæрæгас фæлгондз уæддæр феной.

Æмæ йæм кæсынц, йæ фарсмæ бадынц афтæмæй. Кæрæдзийы ивынц афтæмæй. Мады фæнды зæгъын цыдæртæ, фæлæ йæ хурхы уадындзтæ нал амонынц, нал дзы райгуырынц ныхæстæ æмæ сæ æвзаг, былтæ нал æрбæстон кæнынц. Растдæр зæгъгæйæ та хатт хицæн ныхæстæ райхъуысы сылгоймагæй, фæлæ иу ныхасæй хъуыдыйад нæ рауайы, хъуыды бамбарынæн фаг нæ разыны. Уый, æвæццæгæн, йæхæдæг дæр æмбары æмæ стыхсы, йæ сæр зына-нæзына банкъусы, буар базмæлы. Йæ фарсмæ бадджытæ йæ бæргæ афæрсынц, цы дæ тыхсын кæны, зæгъгæ,  фæлæ уымæй сылгоймаджы уавæр нæ фæ-хуыздæр вæййы, дзуапп сын, мыййаг, куынæ ратдзæн сæ фарстæн. Æниу дзуапп цы, чи йæ зоны, сæ ныхас ма сын хъусгæ дæр кæны, æви нæ?

Мæнæ йæ хистæр чызг Сæлимæт йæ бынатæй сыстад æмæ æргуыбыр кодта йæ мадмæ, рæстытæ йын кæны йæ хъæццул. Чызджы хъус мады былтæм хæстæг куыд уыд, афтæ йын ацахста, цы ныхæстæ йæ фæндыд зæгъын, уыдонæй иу – «Ботаз».

Сылгоймаг хъуыдытыл фæцис исдуг, «Ботаз» чи у, кæй кой кæны, ахæм æввахс хион куы никæйы зонын?» Ахæм фарстимæ æрбадт йæ бандоныл æмæ йæ хъуыды раргом кодта иннæтæн. Уыдонæй алчидæр, сæ уæхсджытыл хæрдмæ фæхæцгæйæ, дызæрдыггæнæджы каст кодтой кæрæдзимæ æмæ æмбарын кодтой кæрæдзийæн, ахæм хион сæ кæй ничи зоны, æгæрыстæмæй чындзытæ æмæ сиæхсты æрдыгæй дæр.

Сылгоймаджы цымыдис дардыл у. Уымæй фæхайджын кодтой нæлгоймæгты дæр æмæ иууылдæр хъус-хъус систой, чи уыдзæн, зæгъгæ, уыцы Ботаз, кæй кой кæндзæн. Фæлæ уыцы фарстæн, хъыгагæн, дзуапп дæттæг ничи разынд. Чи йын радтаид дзуапп, уый уыдис Еличкæ йæхæдæг æмæ уымæн та йæ бон дзуапп дæттын нал уыдис æмæ уыцы сусæгдзинад йемæ хаста уыцы дунемæ.

Фæлæ нæ! А-дунейы ма ис иу адæймаг, кæцы уыцы сусæгдзинад зоны, кæцы зоны уыцы фарстæн дзуапп. Уый дæн æз. Æрмæстдæр ын æз зонын йæ царды хабæрттæ йæ райгуырдæй мæнæ йæ царды фæстаг бонтæм. Æмæ сæ, зæгъгæ, фыссыс – иу гуырахстджын роман сæ рауаид. Романæй ныфс не ‘вæрын, фæлæ Еличкъæ адæмæй авд дуары цы номыл сæхгæдта æппæт йæ æмбаргæ царды дæргъы, йæхицæн та йæ зæрдæйы йæ хъуыдыты чи цард, йæ цæстытыл-иу кæй фæлгондз ауад, уый уын раргом кæндзы-нæн. Ныххатыр мын кæнæд мæлæг сылгоймаг, уый тыххæй.

Ныр та цæмæй уыцы сусæгдзинад раргом кæнон, уый тыххæй уын Еличкæйы æвзонгадмæ чысыл рудзынг фегом кæндзынæн æмæ бакæсут йæ цардæй мæнæ ацы хæрз чысыл, фæлæ хъыгаг скъуыддзагмæ.

***

… Æфсæддон къамисариат. Йæ разы бирæ адæм – алчи фæндараст кæны йæ бæлццоны хæстмæ. Иу æвзонг чызг адæмыл йæ цæст хæсгæйæ, се ‘хсæнты йæхицæн фæндаггæрдгæ дыууæрдæм рацу-бацу кæны. Зындис ыл, зæрдиагæй кæйдæр кæй агуры. Хъæуæй æрхæццæ ис. Æппынфæстагмæ йæ цæст схæцыд, кæй агуырдта, ууыл. Уый  æвзонг лæппу,  сыхаг  хъæуæй уыдис,  иу  скъоламæ  цыдысты   ахуырмæ. Йæ алыварс чи лæууыдысты, чи йæ фæндараст кодтой, уыдонæй бирæты зыдта, фæлæ сæм хæстæг балæууыдаид, уымæ йæ ныфс нæ хаста – мыййаг сæ уарзт куы фергом уа. Уæддæр æввæхсты  йæхи байста. Цæмæй йыл лæппуйы цæст схæца. Æмæ йыл схæцыд. Кæрæдзийы райгæ цæстæнгасæй барæвдыдтой, фæлæ лæппу дæр йæ хиуæттæ, йе ‘мбæлттæй йæхи ас-къуыдтаид, уый йын йæ намыс нæ лæвæрдта. Уæдмæ сæм æрсидтысты машинæты сбадынмæ. Æмæ лæппу февзæрыд чызджы раз.

– Еличкæ, мæн фæндараст кæнынмæ æрбацыдтæ?

– О… – чъызгæйæ загъта чызг.

– Никуы дын раргом кодтон, кæй дæ уарзын…

– Тагъд-иу æрæздæх, Ботаз…

– Æрыздæхдзæн æмæ чындзæхсæв скæндзыстæм.

– Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн. Дæхи хъахъхъæн…

– Еличкæ, тагъд æрыздæхдзы-нæн…

Æмæ фæхицæн сты дыууæ уарзæгой уды.

Еличкæ æнхъæлмæ каст, фæлæ Ботаз нал рыздæхт. Йæ сау фыстæг ссыд тохы быдырæй…

***

Ныр базыдтат, Ботаз чи уыд, уый. Фæлæ кæмдæр мæ намысы раз мæхимæ азым хæссын, дзурынхъом, хъусынхъом чи нал у, уыцы сылгоймагæн йæ сусæг уарзт кæй раргом кодтон. Æнæраргомгæнгæ та йын, уæвгæйæ, нæ уыд. Уыцы лæппу уыд, уарзты æнкъарæнтæ йæ царды кæронмæ кæй номыл фæхаста, уый. Сылгоймаг зыдта, знаджы судзгæ нæмыг ын йæ цард кæй аскъуыдта æмæ йыл а-рухс дунейы йæ цæст кæй никуыуал схæцдзæн, бæрцæй сын цы цалдæр сусæг фембæлды уыдис, уыдон кæй ни-куыуал адарддæр уыдзысты, йæ цард æнæ уый æрвитгæйæ кæй уыдзæнис, фæлæ йæ уæддæр нæ уагъта йæ зæрдæйæ, йæ хъуыдытæй. Йæ фæлгондз уад йæ цæстытыл, цæмæй цæстæй дæр ма рох кодтаид. Æмæ уадз, æндæр амонд ссарæд, уадз, кæстæрты, уыдоны кæстæрты хицау бауæд, уадз, царды зын фæндæгтыл цæуæд – кæддæриддæр йæ хъуыдыты ‘хсæн бынат уыд Ботазæн дæр. Уымæн æмæ се ‘хсæн уыд æцæг, æнæхин, базырджын уарзт.

Хъыгагæн, уыцы уарзтæн хæст йæ базыртæ æрцагъта…

Еличкæ цыд…- йæ æцæг уарзтмæ…

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.