Ныртæккæйы дуджы, цард йæхæдæг куыд уынын кæны, афтæмæй, нæ æрыгон республикæйы хъæуы алы сферæйы дæр бæрзонд квалификациджын специалисттæ. Политикон цæттæдзинад æмæ æмбаргæдзинад иууыл тынгдæр фæсивæдмæ хъуамæ уа, цæмæй кæйдæр сæрмагонд нысæнтты тыххæй ма иппæрд кæной раст фæндагæй.

Ныртæккæ нæ республикæйы цы фæсивæдон организаци архайы «Ног фæлтæр», зæгъгæ, уымæн йæ сæйраг хæстæ сты  фидæны профессионалтæ бацæттæ кæнын, æхсæнады ирондзинад парахат кæнын æмæ ирон фæсивæдæн царды сæ бынæттæ ссарын. «Ног фæлтæр»-ы агъоммæ дæр нæ республикæйы бирæ организацитæ сырæзт. Уый хыгъд-иу сæ фæзынд уыд рæстæгмæ. Сæ нысан сæххæсты фæстæ-иу фæтары сты, науæд та-иу нысанмæ цæугæйæ ныппырх сты.

«Ног фæлтæр»-ы  сæрдар Цхуырбаты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй: «Нæ рæнхъыты, сæйраджыдæр, сты университеты активон студенттæ, спортивон скъолаты хъомылгæнинæгтæ æмæ иумæйаг ахуыргæнæндоны скъолаты хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ.

Цхуырбаты Сергейы куы фарстам, зæгъгæ, «Ног фæлтæр» саразыны фæнд кæмæ æрцыд, уæд загъта: «Дыууæ азы размæ æз æмæ ме ‘нгас зондахастимæ къорд адæймаджы сфæнд кодтам нæ фæсивæды разылæууæг цæлхдуртæ аиуварс кæнын. Фæсивæд сæ проблемæтæ, фыццаджыдæр, хъуамæ скъуыддзаг кæной сæхæдæг. Центры цы активисттæ ис, уыдон нымæц у 50 адæймаджы бæрц, фæлæ абон мах скондмæ ноджы æрбаиу сты скъолаты активты хайадисджытæ дæр.

«Ног фæлтæр»-ы лидер ма куыд дзырдта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны фæсивæд сты курдиатджын, фæлæ зивæггæнаг. Не ‘ууæндынц сæ тыхтыл, фидæнмæ кæсынц пессимистон цæстæнгасæй. Уымæ гæсгæ, дам, «Ног фæлтæр»-ы организаци архайы фæсивæды потенциал райхалынмæ, æвзонг адæмæн сæ бæллицтæ æмæ фæндтæ сæххæст кæнынмæ, кусынмæ сæ сразæнгард кæнын æмæ сын уавæртæ саразынмæ.

Куыд зонæм, афтæмæй фæсивæдон инициативæты центр, йæ разылæууæг хæстæ скъуыддзаг кæныны иунæг нæу. «Ног фæлтæр» æмгуыст кæны Президенты администраци æмæ Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитетимæ. Æргом ахастытæ ма сарæзтой Уæрæсейы Федерацийы фæсивæдон агентадимæ, Цæгат Ирыстон-Аланийы «Ног фæлтæр» æмæ Абхазы фæсивæдимæ дæр. Центрæн бантысгæ хъуыддæгтæй иууыл ахсджиагдæрыл Цхуырбаты Сергей нымайы æмæ сæрыстыр у, ивгъуыд азы кæрон плейнтболæй турнир кæй ауагътой. Спортивон-æфсæддон хъазтытæ «Союз-Аланы», зæгъгæ, ахæм номимæ, уый. Уагъд ма æрцыд «Ног фæлтæр»-ы æххуысæй теннисы турнир, музыкалон фестиваль Джиоты Къостайы æмар-хайдæй, фæсивæдон политикæйы комитетимæ иумæ форум «Алания 16» ауадзын. Фæлæ, иууыл гуырахстджындæр уыд, ихылбырæн фæз саразыны цау Цхинвалы.

Куыд ма зонæм, афтæмæй ацы организацийы минæвæрттæ ивгъуыд къуырийы Мæскуыйаг микрорайоны ныссагътой сæдæмæ ‘ввахс бæрзбæласы талатæ. Акцийы хайад райстой 150 адæймаджы бæрц. Уым ма хайад райстой РХИ-йы Президент æмæ горæты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан. Акцийы хайадисджытæ скъолайы алфæмбылай ныссагътой талатæ. Ласгæ та сæ æркодтой Кæсæг-Балхъарæй.

«Ног фæлтæр»-ы активисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ рабадтыты, уыдон æрвылхатт дæр фæдзурынц рæзгæ фæлтæры монон хъомыладыл. «Ирон фæлтæры хъæздыг культурæ æмæ традицитæм стыр хъусдард аздахын хъæуы. Уыцы æмбарæн куыст  канд ныййарджытæ ма хъуамæ кæниккой  кæстæртимæ, фæлæ фæсивæд дæр. Мах хъуамæ суæм цивилизацигонд, традицион æхсæнад, кæцы хъуамæ размæ цæуа нырыккон дунейы. Уый тыххæй хъæуы концепци, идеологи, цыран уыдзæн национ хиæмбарынады райрæзты нывæст. Ирон æгъдæуттæ æмæ æвзаг бахъахъхъæныны алыварс хъуамæ æрбангом уой нæ фæсивæд. 2008 азы агъоммæ ирон фæсивæды бæллиц уыд хæдбар нымад паддзахад суæвын. Уый нæ къухы бафтыд. Ныр та хъæуы дарддæр хъазуатонæй кусын. Абон не ‘хсæнады национ хиæмбарынады фарст у актуалон, нæй æруадзæн, цæмæй ирон нацийæн фесæфой йæ уидæгтæ, ратæдзæнтæ. Мæнмæ афтæ кæсы,  ацы фæндагыл лæуд сты Цæгат Ирыстон-Аланийы адæм.

Уыдон Уæрæсейы стыр æхсæнады аныгъуылдысты, афтæмæй ирон æвзаг сафы йæхи. Нал дзурынц мадæлон æвзагыл, нæ зонынц се ‘гъдæуттæ, хайджын не сты ирон фарнæй. Ирон адæмы æнусон бынтæ, традицитæ, культурæ æмæ ‘взаг бахъахъхъæныны бындурыл хъуамæ фидар æрцæуа Паддзахадон идеологи», – дзырдта Цхуырбаты Сергей.

Кæронбæттæны ма «Ног фæлтæр»-ы минæвæрттæ сæ хъуыды балхынцъ кодтой: «Мах ирд цауты иувæрсты никуы ахизæм. Цы фæндаг равзæрстам, уымæй никæд фæиппæрд уыдзыстæм. Цард размæ цæуы æмæ центры абоны скондæй ахиздзысты бирæтæ,  чи – сæ кармæ гæсгæ, чи та фæхæст уыдзæн ног нысæнттыл. Фæлæ центры куыст уымæй хъуамæ ма ныннымæг уа, иу активист ива иннæйы æмæ куыст дарддæр цæуа».

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.